Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй хайад исынц 30-æй фылдæр батальоны, 100-йæ фылдæр ротæйы æмæ 300-йæ фылдæр взводы. Иннæ хæстонты æмрæнхъ фронты раззаг хаххыл хъæбатырæй тох кæнынц фашизмы ныхмæ, нæ тырыса исынц бæрзонд æмæ кад кæнынц Ирыстонæн.

Сæрмагонд æфсæддон операцимæ мобилизацийы рæстæджы æфсымæрон Уæрæсейæн æххуысмæ бархионæй Ирыстонæй фыццаг чи ацыд, уыдонæй сæ иу у отставкæйы афицер, ныртæккæ ирон бархионты батальон «Алани»-йы командир Остъаты Руслан. Руслан мобилизацийы тыххæй куы фехъуыста, уæд уыд отставкæйы афицер. Йæ бон уыдис ма ацæуын,  фæлæ хъуыды дæр нæ акодта, афтæмæй аскъуыддзаг кодта æнæмæнгдæр ацæуын. Адзырдта телефоны йе’фсæддон æмгæрттæм, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ сарæзтой æмбæлон документаци æмæ 25 февралы ацыдысты се ‘фсæддон фæндагыл. «Тынг бирæ ирон фæсивæд цыд уырдæм куыд контрактонтæ, афтæ бархионтæ дæр. Уыдонæй алкæмæ нæ уыдис æмбæлон æмвæзадыл фæлтæрддзинад. Хъуыдис сын къухдариуæг кæнын, цæмæй æвæлтæрдæй ма цагъды кодтаиккой. Уыцы нысанæн сарæзтам бархионты фыццаг къорд «Алани». Кæй зæгъын æй хъæуы, афтæмæй нæ тых дæр уыдис хъомысджындæр æмæ лæппуты цардæн та – æдасдæр», – загъта Руслан.

Уæд батальоны командирæй нысан æрцыд Габеты Ибрагим, йæ фæсномыг «Киев», штабы хистæрæй та Остъаты Руслан, йæ фæсномыг «Скиф». Фæстæдæр, «Скиф» нысан æрцыд батальоны командирæй æмæ ныртæккæ дæр ацы бæрнон бынаты цæсгомджынæй æххæст кæны йæ разылæууæг хæстæ.

Ныййарджыты фæдзæхст – æнтыстытæм фæндагамонæг

Остъайы фырт райгуырд æмæ схъомыл ис Хуссар Ирыстоны, Сохты хъæуы. Астæуккаг ахуырад райста Цхинвалы скъолатæй сæ иуы æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Саратовы уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндоны. Каст æй куы фæцис,  уæд æй арвыстой Кæсæг-Балхъары æфсæддон хæйттæй сæ иумæ службæ кæнынмæ. Ам райста æфсæддон фæлтæрддзинад æмæ йæ цалдæр мæйы фæстæ та арвыстой Цæцæны хæстон архайдтыты хайад райсынмæ. Йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй уым фыцццаг хатт федта æцæг хæст æмæ бамбæрста адæймаджы царды аргъ.

«Уым, адæймаджы цардæн тæссаг хæстон уавæрты куы бахаудтæн, уæд  бамбæрстон, цы у æцæг æфсæддон службæ. Уый нæ уыд хуымæтæджы æфсæддон службæимæ абарæн. Цыд хæст. Хæст кæм ис, уым та, кæддæриддæр, ис тугкалд æмæ удызиæнттæ», – загъта Руслан.

Цæцæны хæстон архайдтыты хайад исгæйæ, Руслан бирæ хæттыты  бахаудис тæссаг уавæрты, фæцис цæфтæ дæр, фæлæ æмбæрста, цы хъуыддаджы бацыд, уымæн йæ вазыгджындзинад æмæ быхста æппæт зындзинæдтæн. Иста фæлтæрддзинад æмæ нысанмæздæхтæй тырныдта Райгуырæн бæстæйы раз йæ хæстæ бæрнонæй æххæст кæнынмæ.

Руслан йæ царды фылдæр хай арвыста акъоппытæ æмæ блиндажты, фæцудыдта йе’нæниздзинад æмæ уымæ гæсгæ ацыд отставкæйы. Йæ дарддæры цардæн скодта ног пълæнттæ дæр. Фæлæ бирæ азты æфсæддон службæйы рæстæджы йæ миддунейы цы бæрндзинад æмæ æфсæддон удыхъæд  сфыхтис, уый йын ныр, сæрбахъуыды рæстæджы, бар нæ радта йæхи бааууон кæнынæн. «Бывших офицеров не бывает», – зæгъгæ, зæгъы æмбисонд æмæ уымæн комкоммæ  æвдисæн у Руслан.

«Æфсæддонæн нæй æмгъуыд. Æфсæддон цæрæнбонтæм у æфсæддон. Афицеры чинмæ схизгæйæ цы фæлтæрддзинад райстон, уый ныр æнæхъуаджы фесафон, хæсты быдыры та нæ фæсивæд æвæлтæрдæй сæ цард дæттой, уый бар куыд хъуамæ радтаин мæхицæн», – сæрмагонд операцимæ йæ ацыды тыххæй банысан кодта Остъайы фырт.

Руслан куыд загъта, афтæмæй йын царды цы æнтыстытæ ис, уыдон сты йæ ныййарджыты хъомылады руаджы. «Сæ зондамындтытæ ирдæй лæууынц мæ зæрдыл, систы мын фидæны æнтыстытæм фæндагамонæг. Арæхдæр дзы æрхъуыды кæнын – цыфæнды уавæрты дæр ма фесаф дæ адæймагдзинад; хъуыддаджы бацæугæйæ æнкъар бæрндзинад; искæйы рыст дæхи рыстау æнкъар. Пайда сæ кæнын хæстон зын уавæрты дæр æмæ никуы фæрæдийын».

Цы хъæубæсты ‘хсæн хъомыл кодта, уыдон дæр дзы сты сæрыстыр. «Йæ мад æмæ йæ фыд Шаликъо æмæ Дуня схъомыл кодтой дыууадæс сывæллоны. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ зындзинæдтæ æвзæрстой уæды рæстæджы бирæсывæллонджын бинонтæ, фæлæ уыдысты куыстуарзаг æмæ сæ куыстхъомдзинады руаджы, фæрæзтой куыд сæ бирæ сывæл-лæтты хъомыл кæнын, афтæ ма лæггад кодтой хиуæттæ æмæ хъæубæстæн дæр. Адæмы зæрдæйы хорзæх ссарын æнцон нæу, фæлæ Дуня æмæ Шаликъо уыцы хорзæхæй уыдысты æххæст. Сæ сывæллæттæй алкæйы дæр бафтыдтой царды раст фæндагы», – зæгъынц Остъаты Мурат æмæ Хуыгаты Наирæ.

Руслан, йæ хотæ æмæ йе ‘фсымæртæ, бинонты ‘хсæнæй кæй рахастой патриотикон хъомылад – райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады æвзартæ, сæйраджыдæр, бинонты ‘хсæн кæй æвзæрыдысты, уымæн æвдисæн у, ныртæккæ сæрмагонд операцийы Русланы æфсымæр Вало, йæ хо Нинæ, йæ хæрæфырттæ Алан æмæ Валерæ дæр хайад кæй исынц. Русланæн ма йæ дыууæ æнахъом фырты Рустам æмæ Астан дæр сæхи ныридæгæн æппарынц хæсты цæхæрмæ.

 

 «Фыды фарн нæ сæфы»

…зæгъы ирон æмбисонд. Йæ бакаст – хæрз сывæллон, йæ цæстæнгас – зондджын, æмбаргæ, хæларзæрдæ, йæ уагахаст – хиуылхæцгæ, фæндвидар. Растдæр ахæм хъуыдытæ сæвзæры адæймаджы сæрымагъзы, Рустам фыццаг хатт сæрмагонд операцимæ куы ацыд, уæд йæ фендæй. «Скиф»-ы хистæр фырт, Рустам, æрдзæй рахаста йæ фыды характер. Æвддæс азы дæр ыл нæма сæххæст ис, афтæмæй сфæнд кодта йæ фыдмæ сæрмагонд операцимæ ацæуын. Кæй зæгъын æй хъæуы, æвзонг кæй уыд, уый тыххæй йын разыйы дзуапп нæ радтой йæ ныййарджытæ, фæлæ йæхæдæг та фидарæй аскъуыддзаг кодта ацæуын, æмæ йын бантыст.

Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй бирæ фæндтæ кодта, цы хуызы афта йæ фыдмæ, ууыл. «Сфæнд кодтон не скъолайы гуманитарон æххуыс æрæмбырд кæнын. Йæ ласыны афон та загътон, мæхæдæг дæр кæй хъуамæ ацæуон. Уæд ацыдтæн фыццаг хатт æмæ сæххæст мæ бæллиц», – радзырдта Рустам.

«Æз æнхъæлдтон, хæсты быдыры тæссагдзинад йæ-хи цæстæй куы фена, уæд æй нал æрфæнддзæнис. Фæлæ хъуыддаг рауад бынтон æндæргъуызон» – загъта Рустамы мад Элонæ. Рустамæн йæ уæнгты ноджы тынгдæр сæхсыст патриотизмы æнкъарæн, бынтон нал ардта æнцойад, фæндыдис æй ноджыдæр æмæ ма уый фæстæ дæр цалдæр хатты ацыд.

«Алы адæймаг дæр йæ царды фæндаг йæхæдæг хъуамæ равзара, рацæуа æппæт цæлхдуртæ, банкъара, цы у хорз, цы у æвзæр. Рустамæн æз бамбарын кодтон, ам, хæсты быдыры, æз йæ фыд кæй нæ дæн, уыдзæнис мын, æрмæстдæр, батальоны салдаттæй сæ иу. Куыд иннæтæн, афтæ Рустамæн дæр хынцыд нæ цæудзæнис нæдæр йæ кар, нæдæр тасы æмвæзад, афтæмæй йын лæвæрд цæудзысты хæслæвæрдтæ. Ахæм фæткыл сразы ис æмæ йæ райстам батальонмæ, рæстæгмæ», – радзырдта «Скиф».

Рустам батальоны уæнг куы ссис, уæд æй базонгæ кодтой хæстоны æнæмæнгхъæуæг зонæнтимæ æмæ йын йæ кармæ гæсгæ радтой фæсномыг «Хъæбул». Иубон хæстон хæслæвæрд æххæст кæныны рæстæджы бахауд знаджы квадракоптеры æхстыты бын. Цардæн тæссаг уавæры Рустам нæ батыхст йæхи бааууон кæныныл, фæлæ семæ цы медхо Каллæгаты Гаянæ уыд, уымæ баппæрста йæхи æмæ йæ йæ буарæй бамбæрзта. Уæд Рустам йæхæдæг фæцæфтæ, райста контузи дæр.

«Хъæбул»-ы уæнгты æрмæстдæр патриотизм æмæ æцæг хæстон лæджы туг кæй фыцы, уый ма бæлвырддæрæй фæбæрæг ис, хæстон зындзинæдтæ йæхи цæстæй феныны фæстæ йæ дарддæры фæндагæн æфсæддон ахуырад куы равзæрста, уæд дæр. Рустамæн ис, кæмæй уа сæрыстыр æмæ кæй хъæбатырдзинæдтыл йæхи бара. Уыдон сты ССР Цæдисы хъайтартæй сæ иу, йæхи хъæуккаг Остъаты Алекси æмæ йæ фыд Остъаты Руслан – «Скиф».

«Мæ фыд мын у, царды æппæт хъуыддæгты дæр дæнцæг кæмæй исон, ахæм иунæг бафæзминаг адæймаг. Æркодта-иу нæ Сохтæм æмæ-иу нын дзырдта куыд адджын ын у ацы зæхх, йæ сабибонтæ дзы куыд амондджынæй æрвыста. Æвзæрын нæм кодта райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад. Мæ фыды тыххæй мæ сæрыстырдзинады æмæ бузныджы ныхæстæ сты æнæкæрон, араздзынæн æппæтдæр, цæмæй йын суон аккаг фырт», – загъта Рустам.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло Рустамæн йæ хъæбатыр удыхъæды тыххæй бакодта сæрмагонд лæвар – йæ къухылдаргæ сахат. Уый фæстæ та йын радтой «Участнику СВО» æмæ «Во Славу Осетии»-йы майдантæ.

 

Бинонты фарн – уæлахизмæ тыхдæттæг

Руслан йæ рæстæджы йæ цард баиу кодта сылгоймаджы æппæт миниуджытæй хайджын æвзонг чызг Козаты Элонæимæ. Амондджын бинонтæн Мады Майрæм балæвар кодта авд сывæллоны– фондз лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. Элонæ куыд загъта, афтæмæй Руслан сæрмагонд æфсæддон операцимæ кæй цыдис, уый йын уыд æнæн-хъæлæджы хабар. Бæргæ ма йын лæгъстæ кодта, цæмæй ма ацыдаид, фæлæ бамбæрста, Руслан йæ хъуыды кæй нал аивдзæнис. Цалдæр мæйы фæстæ йæм ацыд Элонæ йæхæдæг дæр æмæ йæхи цæстæй федта, йе ‘мкъай хæсты уæззау уаргъ куыд хæссы.

 «Мæ бон у фидарæй зæгъын, Руслан йæ астæумагъзы онг æфсæддон удыхъæды хицау кæй у. Царды у æндæрхуызон адæймаг – хæларзæрдæ, фæлмæн, æмæ службæйы та у бынтон æндæр», загъта Элонæ.

Элонæ бамбæрста йæ цардæмбал раст кæй бакодта, уый  æмæ йæхимæ райста, бинонты царды Русланмæ цы хæстæ хаудис, уыдон дæр æмæ сæ æххæст кæны æххæстбæрцæй. «Уадз, йæ зæрдæ йæ бинонтæм мацæмæй æхсайа æмæ цы тæссаг хъуыддагыл лæуд у, уым ын уа æнтыстытæ. Мах та йæм ам æнхъæлмæ кæсæм сæрæгасæй æмæ уæлахизимæ»,– загъта Козиан. Уый ма радзырдта, сæ сывæллæттæ сæ фыды кæй фæмысынц, уый тыххæй дæр.

 

Хæрзаудæн хъуыддæгты мотиваци

Хæст хæст у. Йæ судзгæ æвзæгты аныдзæвд адæймаджы зæрдæйы цæргæ цæрæнбонтæм баззайы дудаг хъæдгæмттæй… Нæ вæййы афтæ æмæ хæсты рæстæджы æрмæстдæр иуæрдыгæй фарс кæла туг, хатт хæст ахæссы йæ расидæджы цард дæр, хайад дзы чи фæисы, уыдонæй алчидæр мæлæты раз вæййы тæссаг зонæйы. Хъыгагæн, дыууæ азы дæргъы Русланы батальон дæр нæ баззад æвыдæй. Бирæтæ дзы баисты знаджы нæмыджы амæттаг. Уыдонæн баззадис бинонтæ, хъæбултæ, æввахс адæм. Нæ легендарон батальоны къухдариуæгад Сергей Меняйлоимæ иумæ аразынц æппæтдæр, цæмæй сын фæрогдæр кæной сæ уавæр. Ацы хъуыддаджы тыххæй «Скиф» загъта йæ хъуыдытæ: «Хъыгагæн, никæйы бон у уыдонæн се сæфт хъæбулты раздахын, фæлæ сæ рохуаты ныууадзын раст нæу. Уымæ гæсгæ мах нæхимæ райстам сæ фарсмæ балæууын æмæ сын сæ зындзинад фæрогдæр кæныны хæс»,– загъта уый. «Скиф» æмæ йæ батальоны службæгæнджытæ æрмæст фæмардуæвæг хæстонты бинонтæн нæ лæггад кæнынц, фæлæ ма æндæртæн дæр. «Не’мбæстæгтæй бирæтæ, уæлдайдæр та Хуссар Ирыстонæй, арæх æрвитынц гуманитарон æххуыс. Хатт ахæм æрвитæггæгтæ райсæм æмæ адæймаджы зæрдæйы нæ адæммæ уарзондзинад схæлбурцъ кæны тыхджындæр. «Нæй дын мæлыны бар! Æрмæстдæр размæ, уæлахизмæ! Æнхъæлмæ дæм кæсынц дæ адæм!» – ахæм хъуыдытæ фæзыныц сæрымагъзы. Уый у нæ адæмы æнувыддзинад. Мах та сын дзуаппæн аразæм, цы нæ фæнды, уымæй æрмæстдæр, æппынкъаддæр», -загъта Руслан.

 

Прогноз хæсты тыххæй

«Сæрмагонд æфсæддон операци дыккаг дунеон хæстæй у тæссагдæр æмæ карздæр. Хицæн кæны æрмæстдæр æппæт Уæрæсейы территорийыл кæй нæ цæуы, фæлæ знаджы территорийыл. Йæ кæрон ын  æз уынын уæд, кæд æмæ ныгуылæн бæстæтæ бамбарой, Уæрæсе æнæбасæтгæ кæй у. Ныфс нæ ис, æввахс рæстæджы кæй фæуæлахиз уыдзæнис рæстдзинад æмæ фидæны, нæ кæстæрты кæй нал бахъæудзæнис фашизмы ныхмæ тох кæнын», – загъта «Скиф».

 

Хорзæхтæ

Остъайы фырты хæстон æнтыстытытыл ис тынг бирæ дзурæн, фæлæ æфсæддон Устав уыдон раргом кæныны бар нæ дæтты. Йæ бæрнон хæстæ бæрзонд æмвæзадыл кæй æххæст кæны уый тыххæй хорзæхджын у бирæ хорзæхтæй. Сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы йæ Хуссар Ирыстоны Президент схорзæхджын кодта «За боевые заслуги» – йы майданæй. Уæрæсейы президент Владимир Путин æмæ Сергей Меняйло та йæ схорзæхджын кодтой «За вклад в развитие атомной науки и техники», «За отвагу», «Защитник земли Русской», «Участнику СВО», «Во Славу Осетии», «Защитник Осетии», «Защитник земли Русской» майдантæ æмæ ордентæй.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.