4 мартӕй 11 мартмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕрцыд дыууӕ фыдракæнды ӕмӕ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы. Хъыгагӕн дзы иу адӕймаг фӕмард.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци дыууæ къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 273 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 16 шофыры разындысты нозтджынтӕ кӕнӕ та уыдысты наркотикты ӕндӕвдады бын.

5 марты милицийы наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны фӕдыл управленийы кусджытӕ баурӕдтой 37-аздзыд горӕттаг цӕрӕджы, кӕцы спайда кодта психоактивон препарат «Лирика»-йӕ. Тӕрхондон фӕткхалӕджы фӕивар кодта 70 мин сомы.

6 марты горӕт Цхинвалы 8-ӕм Июны уынгыл 51-аздзыд цӕрӕг ӕнӕран бынаты фӕндагыл иннӕ фарсмӕ хизгӕйӕ бахаудта рог автомашинӕйы бын ӕмӕ фӕмард.

7 марты фӕндагон инспектортӕ ОМОН-ы кусджытимӕ иумӕ баурӕдтой 27-аздзыд горӕттаг цӕрӕджы, кӕцы хӕлдта ӕхсӕнадон фӕтк. Басгӕрсты рӕстӕджы фӕткхалӕджы дзыппы ссардтой 11 пакеты, дымгӕ кӕй нӕ кӕнынц, ахӕм тамако «снюс». Фӕткхалӕджы тӕрхондон фӕивар кӕндзӕн.

9 марты райсомӕй Цхинвалы районы Арцеуы хъӕуы 54-аздзыд цӕрӕг милицимӕ бахъаст кодта, зӕгъгӕ мын мӕ автомашинӕ «ВАЗ-2110» адавтой базарадон центр «Солнечный» кӕртӕй ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр ссардтой Мӕскуыйы уынгыл ӕндӕр автомашинӕйы фӕдыл бастӕй, кӕцыйы шофыр разынд нӕ горӕты 51-аздзыд цӕрӕг. Хъастгӕнӕг куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй йӕ автомашинӕйы шофыры бадӕны бын уыдис 200 мин сомы ӕмӕ фесӕфтысты. Фӕстӕдӕр ӕхцатӕ разындысты ӕмӕ хъастгӕнджытӕ дӕр бафидыдтой.

10 марты оперативон информацийы фӕдыл милицийы кусджытӕ баурӕдтой автомашинӕ «Lexus GX-460», кӕцыйы шофыр разынд нӕ горӕты 40-аздзыд цӕрӕг. Бадтис ма дзы горӕттаг 40-аздзыд бӕлццон. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй ацы автомашинӕйӕ уӕлдӕфы фехстой ӕхсӕнгарзӕй. Басгӕрсты рӕстӕджы бӕлццонмӕ ссардтой пистолет «Glock-17» ӕмӕ йын ӕй байстой. Шофыр ӕмӕ йӕ бӕлццон разындысты нозтджынтӕ.

Цхинвалы районы милицийы управленийы кусджытӕ баурӕдтой 41-аздзыд горӕттаг цӕрӕджы марихуанайӕ спайда кӕныны тыххӕй. Уымӕй уӕлдай ма урӕд ӕрцыдысты горӕттаг 36-аздзыд ӕмӕ Къостайыхъӕуккаг 27-аздзыд цӕрджытӕ наркотиктӕй спайда кӕныны тыххӕй, фӕлӕ медицинон басгӕрстмӕ нӕ бакуымдтой ӕмӕ сӕ тӕрхондон фӕивар кодта.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.