Къуайсайы уагъд æрцыд турнир стъолы теннисæй. Уый тыххæй хъусын кæны Дзауы районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Алик. Ерысты хайад райстой Дзауы районы скъолаты ахуырдзаутæ. Лæппуты ‘хсæн фыццаг бынат бацахста Хуыгаты Артур, дыккаг ссис Теблойты Аслан, æртыккаг бынат та адих кодтой Хуыгаты Сæрмæт æмæ Хъуылымбегты Алан. Се ‘ртæ дæр сты Къуайсайы скъолайы минæвæрттæ.

Чызджыты ‘хсæн фæуæлахиз къуайсайаг Хъæцмæзты Беллæ, дыккаг бынатыл ацыд Дзауы скъола-интернаты ахуырдзау Цхуырбаты Кристинæ, æртыккаг бынат та адих кодтой Цхуырбаты Миланæ æмæ Цхуырбаты Альбинæ. Уыдон дæр ахуыр кæнынц Дзауы скъола-интернаты.

 

Армрестлинг

Горæт Орелы уагъд æрцыд фæсивæд æмæ æрыгæтты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат армрестлингæй. Фæсивæды ‘хсæн 80 кг уæзы категорийы аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Хæбæлаты Арсенæн. Уый йæ ныхмæлæуджытыл иууылдæр фæуæлахиз рахиз æмæ галиу къухæй дæр æмæ иумæйагæй сисгæйæ, бацахста фыццаг бынат.

Чызджыты ‘хсæн 65 кг уæзы категорийы ма дыууæ къухæй дæр рамбылдта Дзигойты Стеллæ æмæ ссис сыгъзæрин майданы хицау.

Æрыгæтты ‘хсæн та, 65 кг уæзы категорийы архайгæйæ, рахиз къухæй фæуæлахиз Гæбæраты Дмитри. Уый ма галиу къухæй та ссис дыккаг. Очкотæ банымайгæйæ, ссис дыккаг.

Хæбæлаты Арсены бацæттæ кодта Гасситы Сослан. Дзигойты Стеллæ æмæ Гæбæраты Дмитрийы тренер та у Джиоты Валери.

Хуриты Батрадз

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.