Статистикæ куыд амоны, афтæмæй фæстаг азты адæм арæхдæр мæлынц, уæлдайдæр та æвзонгæй. Раздæр иу æгас горæты къуыри иу зианмæ цæуын бахъуыд, ныр та бон æртæ зианы дæр вæййы. Æмæ хъæбæрзæрдæ кæнын райдыдтам, мардыл кæугæ дæр, хъарæг дæр къаддæр кæнæм. Бирæтæ та сæ марды бынтон æнæцæссыгæй арвитынц. Уæдæ марды уæлхъус раныхасгæнджытæм дæр бирæ хатты хъусæг нал вæййы. Устытæ, лæгтæ къордтæ-къордтæй фæлæууынц æмæ сæ  ныхасæй иннæты дæр хъусын нæ фæуадзынц.  Хатт фыдохы митинджы дзурæг дæр йæ ныхас æгæр ныддаргъ кæны.

Раздæр-иу мæрддзыгой адæм дзырдтой æрмæстдæр  марды тыххæй, мысыдысты йын йæ хъуыддæгтæ. Стæй-иу хæдзармæ здæхгæйæ дзырдтой «судздзæггаг уыд, бирæ цæссыг ахаста». Цæссыг та цæмæн хъæуы марды? Йæ мæрдон фæндаг, дам, ын дзæнæтмæ рухс кæны.

Царды мæлæтæй æгъатырдæр ницы ис, йæ уд ын удхæссæг куы ахæссы, уæд ма уымæй  æвирхъаудæр хъуыддаг цы у? Уæлдайдæр цардæй æрыгонæй куы ахицæн вæййы, йæ ад ын куыннæ банкъары, йæ фæндтæ æмæ зæрдæйы монцтæ æххæст кæнын дæр ын куыннæ бантысы. Зын бауромæн у ахæм æвзонг кæстæрты хъыг, ныййарæджы рис, хо, æфсымæры, хæлары, хорз сыхаджы фæхъуыд. Зæрдæ фæцæйтоны!

Цæссыг у мастæн йæ хос æмæ мардыл фæкæуын, цæссыг ыл фæкалынц хъарæггæнæг устытæ, цæмæй зæрдæйы тыппыртæ цæссыгимæ рацæуой æмæ адæймагæн йæхицæн мацы уа, уый тыххæй. Мардæн раздахæн нал ис, фæлæ удыгæстыл хъуыды кæнын хъæуы. Æцæг ын йæ фæстаг фæндаг, мæрдон фæндаг, цæмæй фæрæсугъддæр кæной, æгъдауыл уа, ууыл бацархайынц хиуæттæ, сыхбæстæ, æрцæуæг адæм.

Дуг æвзæр у, æхцайы азарæй адæм кæрæдзимæ топпы кæсæнæй кæсынц, чи кæцæй цы ратона кæна ууыл архайы. Зæххон нæ, фæлæ нын пайдайы фæндагыл балцы уæлдæфон фæндæгтæ дæр нал фаг кæнынц. Адæм кæрæдзийæн сныхас дæр нал барынц. Уый сæхи аххос нæу. Рæстæджы, царды уавæрты аххос у. Сомæн аргъ кæнын чи нæ зоны, уыдон фæфылдæр сты. Талф-тулфтæй цæрæн нæй, æхцайы цæсты кæсæн нæй. Уыдон сæ цард афтæ  схæццæ кæныц æмæ сæ чи аварийы бахауы, кæуыл та зæрдæйы æмæ сæры магъзы низтæ стых вæййынц. Æмæ мæлынц зæрондæй, æрыгонæй. Риссаг фарстатæ дуджы бирæ ис, фæлæ сын фæразын хъæуы. Мард дæр æгъдауыл хъæуы бавæрын. Кæд мæрдджын бинонтæй æфсæрмы кæныс, æрцыдтæ сæм, уæд уыцы дыууæ сахаты бафæраз, дæхиуыл фæхæц – мардæн хæлар куыд уа, хæрзмæ дыл куыд ауда, афтæ байхъус марды уæлхъус дзурджытæм. Стæй сæ фæдыл мæрдласæн хæдтулæджы онг уæддæр ацу.

Фыдохы митинджы зын дзурæн у, уæлдайдæр та дæ зæрдæ тынг куы рисса, уæд. Дзурджытæ вæййынц æртæ-цыппар æмæ дзы алкæмæн дæр йæ хæс бæрæг вæййы. Сыхы номæй чи дзуры, уый хъуамæ радзура, сыхимæ куыд цардис, цы фæд ныууагъта, уый, афтæ, кæимæ куыста, уый дæр. Мыггаджы минæвары хæс у мыггагæй чи фæхъуыдис, уый се ‘хсæн куыд нымад уыд, уый зæгъын. Стæй сыхбæстæ, æрцæуæг адæмæн, фыдæбонгæнджытæн арфæ ракæнын æмæ марды йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кæнын.

Адонæн бирæ рæстæг нæ хъæуы, бæлвырд ныхæстæ куы кæной, уæд. Мардæн уæлæуыл уый йæ фæстаг бон вæййы, æмæ хорз ныхасы аккаг хъуамæ уа. Уыцы ныхæстæ уый нал фехъусы, фæлæ сæ чи хъусы, уыдонæн та цард базонынæн, хорз æмæ æвзæр кæрæдзийæ хицæн кæнынæн сты ахъаз. Фæлæ иуæй-иу фыдохы митинджы дзурджытæй хатт мард ферох вæййы, сæхи равдисыныл фæархайынц æмæ дардыл ахæцынц. Ирыстоны лыггæнинаг фарстатæ нæ, фæлæ дунейы политикæмæ дæр бавналынц. Адæм сфæлмæцынц, мард сæгад кæнынц сæ дзæгъæл ныхасæй. Уый кæй зæгъын æй хъæуы, раст нæу. Æнæгъдау ми у! Æмæ ахæмтæн радзурыны бар хъуамæ ма дæттиккой. Мæнмæ раст нæ кæсы, хатт мæрддзыгой адæмы  ‘хсæн ма фæстагмæ куы фæагурынц радзурæг, ома, ма чи зæгъдзæн, зæгъгæ, дзуринаг чи уыд, уый йæхи раздæр бавдыстаид.

КЪÆБЫСТЫ Суликъо,

газеткæсæг

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.