Нæ адæмы ‘хсæн бирæ уыд æмæ ис кады аккаг адæймæгтæ, кæцытæ сæ хъазуатон куыстæй æмæ сæрбахъуыды рæстæджы дæр сном кæнынц куыд сæхицæн, афтæ сæ радтæг Ирыстонæн дæр. 

Мах, ветеранты совет, нæхимæ райстам хæс, цæмæй ахæм аккаг адæймæгты нæмттæ адæмы рæгъмæ хæссæм. Æрхъуыдыйы аккаг сты нæ Ирыстоны цæрджытæй бирæтæ, кæцытæ сæрбахъуыды рæстæджы дæ фарсмæ æрбалæудзысты. Уыдонæй сæ иу Шавердаты Виктор.

Райгуырд Знауыры районы рæсугъддæр хъæутæй иу – Ходабулийы хъæуы. Йæ ныййарджытæ уыдысты зæхкусджытæ. Уыдон сæ тыхтыл нæ ауæрстой, цæмæй сæ кæстæрты раст фæндагыл бафтыдтаиккой, адæмы рæгъмæ сæ ракодтаиккой, æмæ уыцы хъуыддаг саразын сæ къухты бафтыд.

1966 азы Шавердаты Виктор йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд æм æрсидтысты советон æфсады рæнхъытæм йе ‘мбæстагон хæс бафидынмæ.  Йæ цæсгомджын службæйы тыххæй хорзæхджын æрцыд цалдæр æфсæддон хорзæхæй.

Йæ райгуырæн хъæумæ фæстæмæ куы æрыздæхт, уæд кусын райдыдта Бехъмары совхозы фосдарды фермæйы. Йæ куыстмæ æнувыд ахаст кæй дардта, уый тыххæй  ны-мад æрцыд хуыздæр кусджытæй сæ иуыл.

Фæлæ æвзонг лæппуйæн йæ бæллиц уыд уæлдæр ахуырад райсын æмæ   ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы хъæууон-хæдзарадон институты агрономон факультетмæ. 1975 азы институт æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ æрвыст æрцыд Ставрополмæ. Агрономæй дзы бакуыста иу аз. Викторæн кæд йæ хъуыддæгтæ йæхи фæндиаг цыдысты, уæддæр æхсæв йæ фынты дæр уыдта, йæ фыццаг къахдзæфтæ цы зæххыл акодта, уыцы райгуырæн Ирыстоны. Æмæ 1976 азы æрæздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Кусын райдыдта Бехъмары æмæ Уелиты хъæуты совхозты агрономæй. Ацы бынæтты бакуыста 1988 азмæ. Уый фæстæ та куыста Знауыры районы фосдарды комплексы директорæй. Уыцы иурæстæджы ма куыста Знауыры районы хъæды хæдзарады къабазы инженер-механикæй. Фæстæдæр та куыста Малдайы хъæуы совхозы сæрдарæй. Йæ æвæллайгæ куысты фæрцы йын бантыст фæстæзад совхозæй размæдзыд хæдзарад саразын.

Бирæ бæрнон бынæтты бакуыста Виктор. Снысан-иу æй кодтой, куыст-иу фæстейæ кæм зад, ахæм совхозты. 1991 азы гуырдзиæгтæ ирон адæмы ныхмæ хæст куы расидтысты, уæд партийы Знауыры рай-комы  фыццаг секретарь – гуырдзиаг лæг йæ куыст ныууагъта æмæ сусæгæй алыгъд Гуырдзыстонмæ. Уæд районы адæм æрæмбырд сты, цæмæй районæн равзæрстаиккой, ныфс бавæрæн кæмæй уыд, вазыгджын рæстæджы сын  сæ фарстатæ чи хъуамæ скъуыддзаг кодтаид, ахæм сæргълæууæджы. Ахæм адæймаг та уыд Шавердаты Виктор æмæ æмхъæлæсæй æвзæрст æрцыд Знауыры районы администрацийы сæргълæууæгæй.

Уыцы рæстæджы адæм цæуыл тыхстысты, уый сын амал кодта Виктор, йæ бон куыд уыд, афтæ. Уæззау рæстæджыты  Дзæуæджыхъæуй æрласта 30 тоннæйы ссад æмæ йæ байуæрста хъæуты цæрджытыл. Ласта сын  алыгъуызон хæлцадон продукттæ дæр. Ацы бынаты бакуыста дыууæ азы. Уый фæстæ дæр куыста æндæр æмæ æндæр бынæтты. Афтæ ма  у сыгъзæрин къухты хицау адæймаг. Архайдта цæмæй совхозы техникæ, ифтонггæрзтæ уыдаиккой куыстæввонг, уыдон цалцæг кодта, цæмæй адæм сæ зæххы фадгуытæ куыстаиккой.

2002-2005 азты та куыста РХИ-йы Хъæууон хæдзарады министрæй. Республикæйы хъæуты кæмдæриддæр æгуыст зæххытæ уыд, уыдоны бакусын кодта, байтыдтой сæ мæнæу æмæ алыгъуызон халсæрттæ. Æмæ-иу сæ райстой хъæздыг тыллæг. Йæ хорз куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыд «РХИ-йы Хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг»-ы кадджын ном.

Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы та Виктор йæ къухмæ райста хæцæнгарз æмæ хъæбатырæй тох кодта гуырдзиаг фашизмы ныхмæ. 1991 азы январы мæйы гуырдзиаг тыхæйисджытæ ирон адæмæн тугæйдзаг цыппурс куы сарæзтой, уæд Виктор районы лæппутимæ æрцыд Цхинвалмæ æмæ балæууыд иннæ хæстонты фарсмæ. Постыты лæууыдысты Джиоты Аланы проспекты æмæ æндæр уынгты, цæмæй гуырдзы фæстæмæ мауал æрбаирвæзтаиккой горæтмæ. Уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд «РХИ-йы хæстон архайдтыты ветеран»-ы ном. Хорзæхджын ма у «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй. У куысты ветеран дæр.

Шавердаты Виктор йæ цардæмбал Козаты Замирæимæ схъомыл кодтой хорз кæстæртæ. Æгъдауджын бинонтæ сæ цоты дæр бафтыдтой царды раст фæндагыл æмæ абон иууылдæр сты куысты лæуд. Сæ цард, сæ архайд æндæртæн – цæвиттойнаг. Сæ хъæбулы хъæбул Инал каст фæцис Санкт-Петербургы Æфсæддон медицинон академи æмæ ныр та ахуыр кæны ординатурæйы.  Виктор æмæ Замирæ абон дæр сты лæггадхъом æмæ сæ хъæбултимæ лæггад кæнынц сæ Фыдыбæстæйæн. Сæ архайд у сæ радтæг Ирыстоны хæрзæбонæн.

Шавердаты бинонтæн нæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ.

ГÆБÆРАТЫ Феликс

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.