Æвзонгæй техникæмæ æмхиц уыдтæн, мæхи йæм тынг æппæрстон æмæ цалынмæ астæуккаг скъола каст фæдæн, уæдмæ хорз базыдтон машинæ скъæрын, тракторæй хуым кæнын. Иу уалдзыгон бон мын колхозы раззагондæр механизатор Къусраты Амиран афтæ зæгъы, зæгъгæ, мын горæтмæ æнæацæугæ нæй. Дæуыл æууæндын æмæ дын кæд рæстæг уа, уæд хуым кæндзынæн хъæуы сæрмæ фæзы, сихормæ æввахс æрбацу æмæ ма дзы цы аззайа, уый бахуым кæн.  Æз бацин кодтон æмæ йын, кæй зæгъын æй хъæуы, загътон мæ разыйы ныхас, стæй мын цы рæстæгмæ загъта, уæдмæ балæууыдтæн йæ уæлхъус. Уый ацыд, æз та бабадтæн тракторыл æмæ райдыдтон хуым кæнын. Хуымкæнинаг зæххы алыварс тракторыл æд гутон цалдæр зылды куы æркодтон, уæд  трактор ныллæууыд. Размæ нал цæуы, фæлæ йæ цæлхытæ фæлмæн мæры мæнгзылд кæнынц. Бамбæрстон гутон цæуылдæр кæй схæцыд æмæ трактор фæурæдтон. Æрхызтæн, гутонмæ бацыдтæн хæстæгдæр, кæсын æмæ иу ран гутоны бын, йæ арф метрмæ æввахс кæмæн у, ахæм уæрм. Лæмбынæгдæр æм ныккастæн, цас мæ бон уыдис, уыййас фæлмæн сыджытыл ахæцыдтæн фæйнæрдæм æмæ рахатыдтон, гутон дурæй арæзт цавæрдæр чырыныл кæй схæцыд, уый. Æз фæдисау дæн. Трактор ахуыссын кодтон æмæ ратындзыдтон хъæуырдæм. Цæрджытæй кæуылдæрты амбæлдтæн æмæ сын рахабар кодтон ме ссарæггаджы тыххæй. Уыдонмæ иухуызон хъуыды нæ разынд. Иутæ, цы федтон æмæ сын цы радзырдтон, уымæн ницы нысаниуæг радтой, æндæртæ та мын мæ цымыдис фæтыхджындæр кодтой æмæ ратагъд кодтон горæтмæ.

Мæ фæндаг акодтон Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институтмæ. Ам амбæлдтæн уæд æвзонг археолог Дзадтиаты Русланыл. Æппæт дæр ын радзырдтон, куыд уыд, афтæ. Цæмæйдæрты ма мæ фæрсгæ дæр акодта, стæй «Уа-зик» машинæйы сæвæрдта кусæнгæрзтæ, сбадын кодта мæн дæр йæ фарсмæ æмæ ацыдыстæм бынатмæ. Кæйдæрты дзы æййафгæ дæр бакодтам. Æххæстæй йæ разынын кодтам æмæ разынд марды чырын. Уый арæзт уыд дурæй. Йæ сæр ацъæл.

Йæ хуылфы цыдæртæ кæй уыд, уый ма зынд гæзæмæ æмæ нын уæд Руслан радзырдта, зæгъгæ, ныридæгæн бæрæг у æмæ дзы зиан æвæрд кæй æрцыдис фондзсæдæ азы размæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвæццæгæн, уыдис мæгуыр адæймаг æмæ йын йемæ ницы зынаргъ дзаумæттæ, мигæнæнтæ æмæ хъæздыгдзинæдтæ нывæрдтой. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы æрбацæудзыстæм, æрбакæндзыстæм техникæ, сисдзыстæм æмæ йæ аласдзыстæм горæты музеймæ.  Афтæ дæр бакодта. Къорд азты уыцы дурæй арæзт марды чырын лæууыд раздæры музеймæ бахизæны рахиз фарсæрдыгæй. Ног музей куы сырæзт æрцыдис, уæд æвæрд æрцыдис ног  Национ музейы кæрты.

Уац цæттæ кæнгæйæ амбæлдтæн историон зонæдты доктор Дзадтиаты Рус-ланимæ. Кæд мын мæхи нал базыдта, уæддæр иумæ æрымысыдыстæм чырыны хъуыддаг, куыд æй скъахтой æмæ йæ куыд æрластой горæтмæ, уыцы цаутæ. Бацамыдта ма мын ныртæккæ чырын ног музейы æвæрд цыран ис, уыцы бынат дæр.

Уæд бацыдтæн Национ музеймæ дæр. Йæ кусджытæ мын загътой, зæгъгæ, директор кусæгон балцы ис Мæскуыйы. Семæ куы аныхас кодтон, уæд мын бар радтой, цæмæй сисон марды чырыны къам. Уый фæстæ та бацымыдис кодтон чырын музейы регистраци куыд æмæ кæд æрцыд, уымæ. Æмæ уæд тынг фæдис кодтон. Марды чырын музеймæ кæцæй, кæд æмæ куыд æрбахаудта, уыцы факттæ уыдысты бынтон æндæргъуызон. Фыст у æндæр хъæуыл, æндæр рæстæджы. Чи йæ ссардта, уыцы бынаты та фыст ис гуырдзиаг мыггаг. Ууыл тынг нал бадис кодтон, уымæн æмæ гуырдзиæгтæ фы-дæлтæй фæстæмæ нæ адæмæн цъус ахæм æмæ ма ноджы æндæр хин митæ нæ арæзтой,  сахуыр сыл стæм æмæ сын ныр стыр нысаниуæг нал дæттæм. Фæлæ хъæуы хъуыддаг рараст кæнын. Хорз уаид, æмæ музейы экспонат йæхи бынат куы ссарит нæ музейы æмæ йыл фыст куы æрцæуиккой йæ раст зонæнтæ.

Гæззаты Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.