Америкæйаг биолабораторитæ Украинæйы территорийыл бирæ азты дæргъы цы архайынц, уый фæдыл фарон 22 марты арæзт æрцыд уæрæсейаг парламентон къамис. Йе сконды уыдысты 14 депутаты æмæ 14 сенаторы. Сæ куысты хатдзæгты фæдыл æрæджы сарæзтой доклад æмæ йæ  бавдыстой сæ коллегæтæм.

Парламентаритæ сбæлвырд кодтой, Украинæйы территорийыл кæй уыдис 50 биолаборатори æмæ уыдонæн сæ фылдæр хай нырма дæр уым кæй кусынц. Уыцы объектты уагътой иртасæн куыстытæ æмæ эксперименттæ кодтой украинæйаг æмбæстæгтыл. Афтæмæй цыбыр рæстæгмæ Украинæ фестад тæссаг низтæ парахатгæныны эпицентр. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, Украинæ бахаудта æфсæддон-биологон оккупацимæ.

Объекттæн сæ куратор сты Пентагон æмæ уый та у сты биолабораториты æфсæддон нысаны. Украинæйы территорийыл уыйбæрц америкæйаг æфсæддон объекттæ кæй ис, уый хорзæн нæу – фидæны æнæмæнг тæссаг уыдзысты уæрæсейаг гарзджын тыхтæн. Ӕнæуый та æгас дунейы Пентагонæн ис 400 лабораторийæ фылдæр. уыдон «æнтыстджынæй» парахат кæнынц алыгъуызон эпидемитæ æмæ афтæмæй стыр зиæнттæ хæссынцй æнæхъæн регионтæн æмæ бæстæтæн. Эпидемиты фæрцы АИШ-æн йæ бон у регионты цæрджыты нымæц къаддæр кæнын, адæмы схæццæ кæнын, мæгуыры къахыл сæ ныллæууын кæнын.

«Историйæ куыд зонæм, афтæмæй-иу раджы кæддæр АИШ-ы территорийы бынæттон цæрджытæн лæвар кодтой хæдуз низтæй хъæстæ хъæццултæ. Абоны бон Пентагоны лабораторитæ дæр сты, раздæры хъæццултау, мæлæтхæссæг. Уыйбæрц рæстæг рацыд, фæлæ хурныгуылæйнаг бæстæтæн сæ политикæ нæ фæивта», – зæгъы УФ-ы Паддзахадон думæйы сæрдары хæдивæг Ирина Яровая.

Ацы биолабораторитæ сæ архайд зынгæ фæактивондæр кодтой 2005 азы, Виктор Ющенкойы президентæй равзарыны фæстæ. Уыцы аз Украинæйы Ӕнæниздзинады министрад æмæ Пентагон бафыстой бадзырд æмæ йæфæстиуæгæн Украинæйы территори фактон æгъдауæй ссис полигон – удæгас адæймæгтыл алыгъуызон патогентæ æвзарæн лабраториты тымбыл кодтой генетикон материалтæ дæр. Цæмæй сæ фыдмиты хабæрттæ къаддæр хъуысой æддæмæ, уый тыххæй сæ экспериментты амæттæгтæ уыдысты æфсæддонтæл. Украинæйы нырыккон фашистон режимты хуымæтæг адæмæн ницы бартæ вæййы, нæдæр дзурыны бар. Аадæймыджы цардæн ам аргъ нæй, æмæ уымæн у фæсарæйнаг спецслужбæтæн æнцон кусын. Сæхимæ сын ахæм равналæнтæ нæ уыдаид – æхсæнад сæ ныхмæ растадаид.

Уæрæсейы радиацион, химикон æмæ биологон æдасдзинады гарзджын тыхты сæргълæууæг Игорь Кириллов куыд хъусын кæны, афтæмæй азы дæргъы сæ къухтæм бафтыдис 2 мин документæй фылдæр æмæ сын анализ сарæзтой. Уыцы æрмæджыты ирдæй зыны, лабораторитæ кæй сты æфсæддон-биологон проекттæ, АИШ-æн та сæ бизнес. Зæгъæм, кæцыдæр регионы хæдзарон фосы мыггаг куы сыскъуынай исты низ апарахат кæныны фæстиуæгæн, уæд сын уый фæстæ дæхæдæг уæй кæндзынæ фыдызгъæл æмæ æндæр хæлцадон продукттæ.

АИШ æмæ Украинæ сæ архайдæй халынц æппæтадæмон гуманитарон нормæты барад æмæ биологон æхсæнгарзæй ма спайда кæныны ИНО-йы Конвенцийы бындурон уагæвæрд. Фæлæ гегемон-паддзахад ахæм цæмæдæрты кæд каст, бирæ азты дæргъы сахуыр сты фыдракæндтæ аразын бæрндзинад ма ахæсгæйæ. Ныры доклад æрвыст æрцæудзæнис бæстæйы къухдариуæгадмæ, Хицауадмæ, Генералон прокуратурæмæ, Слестгæнæн комитетмæ æмæ æппæтдунеон организацитæм.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.