Чъехы донхæры доны къанау йæ сырæзтæй фæстæмæ уый йæ лæггады хай кæны Цхинвалы æмæ Знауыры районты æхсæнадон æмæ хисæрмагонд хæдзарадтæн. Донхæры доны фæрцы айтынг сты дыргъдæттæ æмæ сæндæтты фæзуæттæ æмæ уыдон та хорзæрдæм бандæвтой хъæууон хæдзарадты рæзтыл. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ стыр хъусдард здæхт цæуы къанауы арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæм. Цæвиттон, раздæр азты къанауы фæйнæ дыууæ фарс нæ уыд къæйдуртæ, уыцы æнæмæнгхъæуæг фарстмæ æркастысты цалдæр азы размæ æмæ йæ æххæст дæр скодтой – хицæн бынæтты бакодтой ахæм куыстытæ. Уымæй дарддæр ма цæрджыты фос æмæ цæрджытæ сæхæдæг дæр цæмæй æдас уой, уый тыххæй тæссагдæр бынæттæ æмбæрзт æрцыдысты къæйдуртæй.

Ахсджиаг у, сезоны фæстæ кæнæ та рагуалдзæджы къанауы сыгъдæггæнæн куыстытæ бакæнын. Уыцы æнæмæнгхъæуæг хæс сæххæст кæныныл та æрвылаз дæр зæрдиагæй бацархайы паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци»-йы коллектив. Ахæм хæс ахицæн кæнынмæ та уалдзæджы райдианы бавнæлдта куыстуат æмæ сын бантыст дзæвгар куыстытæ сæххæст кæнын. Сæ нысан уыд апрелы æмбисмæ дон рауадзын, фæлæ сын бæрæг аххосæгтæм гæсгæ нæ бантыст. Цæвиттон, уыдонæй фыццагдæр уыд, мæгуырау боныгъæдтæ кæй ахаста, уый. Иугæр боныгъæд хуыздæрæрдæм куы фæивта, уæд та ногæй бавнæлдтой куыстытæм æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Арæзтадон-цалцæггæнæн куыстыты бæрнон адæймаг Джиоты Алик куыд загъта, уымæ гæсгæ сæ куыстыты фылдæр хай сæххæст кодтой. Ныртæккæ фесты Къостайыхъæуы ныгуылæнварс къанау схæрзарæзт кæныныл æмæ дарддæр архайынц бассейны къæйдуртæ ногæй æвæрыныл. Уелиты хъæуы цур та кусджыты иннæ хай архайынц къанауы æвдузæнтæ аразын æмæ цалцæг кæныныл. Уый та уымæн, цæмæй дон æддæмæ æнæхъуаджы ма кæла. Арæзтадон-цалцæггæнæн куыс-тытæ æххæст кæныныл зæрдиагæй кусынц экскаваторыл кусджытæ Плиты Маир æмæ Кокойты Вадим, стæй ма рæнхъон кусджытæ Хъæцмæзты Леонид, Хетæгкаты Андрей, Къæбысты Отар æмæ æндæртæ. Джиойы фырт куыд загъта, уымæ гæсгæ къанауы æппæт куыстытæ фæуыдзысты дыууæ боны æмгъуыдмæ æмæ та уæд дон рацæудзæн йæ раздæры фæдыл.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.