2-æм апрелы, æппæтдунейы аутизмы боны, æхсæнады æргом раздæхы ацы  низæй рынчын адæмы ‘рдæм. 

Аутизм у нуæртты низ, фæстаг азты дзы фылдæр сывæллæттæ фæрынчын вæййынц. Ахæм сабитæ иннæтæй хицæн кæнынц дунемæ кæсынц æндæр цæстæнгасæй. 2-æм апрелы æппæт дунейы æхсæнадон организациты минæвæрттæ саразынц æрвгъуыз гæххæттæй хæдтæхджытæ, ныддымынц æрвгъуыз дымсæгтæ æмæ сæ боны æртæ сахатыл суадзынц арвмæ. Афтæмæй æхсæнады æргом здахынц ацы низæй рынчынты фарстатæм, рынчынæн та ацы акци фадат дæтты хиуыл баууæндынæн, æхсæнадмæ хæстæгдæр уæвынæн.

2-æм апрелы «Спутник Хуссар Ирыстоны»-ы пресс-центры уазджытæ уыдысты сывæллæтты барты фæдыл президенты цур æххæстбарджын Джиоты Аэлитæ, Уæрæсейы Федерацийæ нæ республикæмæ æрхуынд специалист логопед Наталья Бессмертная, Сывæллæтты поликлиникæйы сæргълæууæг Хæныкъаты Ларисæ æмæ дохтыр-невролог Елбачиты Екатеринæ.

Омбудсмен Джиоты Аэлитæ цыбыртæй радзырдта цы у аутизмы низ æмæ цы арæзт цæуы, ацы низæй рынчынтæн сæ уавæр хуыздæр кæнынæн. «Хъыгагæн, ахæм диагнозимæ нæ республикæйы официалонæй регистраци ис авд сывæллоны, фæлæ æз куыд хъуыды кæнын, афтæмæй дзæвгар фылдæр сты. Ахæм сывæллæттæм хъуыд сæрмагонд хъусдард. Ныййарджыты нæ фæфæнды ацы хъуыддаг сæхицæн бауырнын кæнын. Низ та йæхи базонын кæны дыууæ азæй æртæ азмæ. Фæлæ аутизмы симптомтимæ зонгæ чи нæ у, уый зæгъы, зæгъгæ, сывæллæттæ алыгъуызон сты, байрæздзæнис æмæ йæ гаччы сбатдзæн. Низæн та йæ райдианы æнцондæрæй хосгæнæн ис».

Коррекцион кълæсты ахуыргæнæглогопед Наталья Бессмертная та загъта: «Ахæм сывæллæттæм хъæуы сæрмагонд хъусдард здахын. Сабитæ хицæн кæнынц уымæй æмæ сæ цæстæнгас комкоммæ нæ, фæлæ тыгъдадмæ зæдхт вæййы сæ номæй сæм куы дзурай, уæд дзуапп нæ дæттынц, æппынæдзух хъазынц иу хъазæнæй. Хуссар Ирыстоны ахæм рынчын сывæллæттæ иппæрд не сты, ахуыр кæнынц иумæйаг скъолаты æндæр сывæллæттимæ. Фæлæ æнæмæнг семæ хъуамæ кусой психологтæ, неврологтæ, логопедтæ. Скъолайы ахуыргæнæгæн нæй бар ахæм сывæллонæй йæхи аиуварс кæнын. Ахæм низæй рынчын сывæллоныл тынг æндавы ахуыргæнæджы хорз ахаст. Коррекцион кълæсты уыдонимæ цæуы индивидуалон куыст. Уымæн æмæ сæ низ ис хицæн æмæ хицæн стадитыл. Цы программæтæм гæсгæ кусæм, уыдон сты сывæллæтты миддуне райтынг кæнынæн пайдайы хъæзтытæ. Ахæм сывæллæттæн ахсджиаг хъуыддаг ленккæнын, сæрмагонд физикон фæлварæнтæ аразын. Уый тыххæй коррекцион къласы ис адаптацигонд ленккæныны тренер. Йæ куыст иттæг ахсджиаг у сывæллæттæн. Фæлæ уымæй уæлдай ма ис бирæ методтæ, бирæ проекттæ сæ реализаци кæныны нæ фарсмæ лæууы Джиоты Аэлитæ æмæ йын зæгъын стыр бузныг», – дзырдта Наталья Бессмертная.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй цæмæй сывæллæттæ хуыздæр адаптаци кæной æхсæнады, уый тыххæй та аутизмæй рынчын сывæллæттæн бакæнын хъæуы инклюзивон кълæстæ. Уыдон ифтонг хъуамæ æрцæуой сенсорон-динамикон æрмæджытæй. Ахæм сæрмагонд къласы хæс уыдзæн – йе ‘нæниздзинад цудыд кæмæн у, уыцы скъоладзаутæн иннæ ахуырдзауты уæлдай уæлæмхас уроктæ уадзын. Уыцы къурсытæ куы рацæуой, уæд сын ахуыр кæныны фадат радтын хъæуы сæ карæнтимæ ахуырадон процессы иумæ бадынæн. Ацы проектыл бирæ азты куыстой æхсæнадон организаци «Лоскутное одеяло»-йы уæнгтæ. Сæрмагонд ахуырадон процессы руаджы æхсæнады адаптаци кæнын сæ бон ссис цалдæр сывæллонæн, кæцытæн сæрæй сæвæрдтой аутизмы диагноз.

Сывæллæтты поликлиникæйы сæргълæууæг  Хæныкъаты  Ларисæ  пресс-конференцийы загъта, зæгъгæ, мах цæттæ кæй стæм ахæм диагнозимæ сывæллæттæн æххуыс кæнынмæ. «Цæмæй сывæллонæн раст диагноз æвæрд æрцæуа, уый тыххæй арæзт æрцыд медико-социалон къамис, фæлæ, хъыгагæн, ныййарджытæ цæттæ не сты специалистимæ кусынмæ. Курæг дæн аутизмæй рынчын сывæллæтты ныййарджытæй, ма тæрсут махмæ æрбацæуын. Раст амындтыты руаджы æмбæлон методтæ æмæ амындтытæй баххуыс кæнæн ис сабийæн!», – дзырдта сывæллæтты поликлиникæйы сæйраг терапевт.

***

Уыцы бон ма сывæллæтты омбудсмен Джиоты Аэлитæ æмæ коррекцион къласы æмæ логопед-дефектолог Наталья Бессмертная нæ горæты №9 æмæ №6 скъолаты ахуыргæнинæгтæн бафарстой сæрмагонд лекцитæ аутизмæй рынчын сывæллæтты проблемæты тыххæй. Фæнды сæ æхсæнады æргом аутизммæ аздахын. Сывæллæтты та фæдзæхстой, цæмæй хæстæгдæр лæууой ахæм сывæллæттæм, сæхи  ма тигъ кæной рынчын сывæллæттæй, цæмæй сæ сæхимæ æввахс кæной.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.