Хуссар Ирыстоны сывæллæтты омбудсмен Цхуырбаты Татьянæ, Уæрæсейы Федерацийæ специалисттæ логопед Александр Крысов æмæ адаптацигонд ленккæныны тренер Андрей Кузнецов уыдысты «Спутник Хуссар Ирыстоны» уазджытæ.

Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæ радзырдта, цы у аутизмы низ æмæ цы арæзт цæуы, цæмæй ацы низæй рынчынтæн сæ уавæр хуыздæр кæна.

«2-æм апрелы нысан цæуы аутизмæй рынчынты æппæтдунеон бон. Хъыгагæн, ахæм диагнозимæ рынчын сывæллæттæ нæ республикæйы дзæвгар ис. Ахæм сывæллæттæм хъæуы сæрмагонд хъусдард здахын. Сабитæ хицæн кæнынц уымæй æмæ сæ цæстæнгас дунемæ у æндæр. Аутизмæй рынчын бирæ гениалон адæймæгтæ зонæм. Зæгъæм, Эйнштейн, Леонардо да Винчи. Хуссар Ирыстоны ахæм рынчын сывæллæттæ иппæрд не сты, иумæ ахуыр кæнынц иумæйаг скъолаты æндæр сывæллæттимæ. Фæлæ сæрибар рæстæг семæ хъуамæ кусой психологтæ æмæ ныййарджытæ. Ахуыргæнæгæн та бар нæй ахæм сывæллонæй хи аиуварс кæнын. Сывæллоны уагахастыл уайтагъд бандавы ахуыргæнæджы хорз ахаст», – дзырдта Цхуырбаты Татьяна.

Александр Крысов загъта: «Хъыгагæн, уæ республикæйы ахæм диагнозимæ сывæллæттæ ис 450 бæрц. Коррекцион кълæсты уыдонимæ цæуы индивидуалон куыст. Сæ программæйы ис сывæллæтты райтынг кæнынæн пайда хъæзтытæ. Ацы низæй рынчын сывæллæттæн ахсджиаг у, цæмæй сын уа фадат сæхиуыл кусынæн. Проекттæ реализаци кæныны нæ фарсмæ лæууы Цхуырбаты Татьянæ. Махмæ ис ног идейæтæ, уыдон фæхæццæ кæндзыстæм Хицауадмæ, кæд нæ фарсмæ балæууой, уæд мах дæр æвдисдзыстæм фæстиуджытæ».

Андрей Кузнецов аутизмæй рынчын сывæллæттимæ архайы адаптацион ленккæнынæй. Уый тыххæй спортивон комплекс «Олимп»-ы ис уавæртæ. Уый та куыд дзырдта, афтæмæй, ленккæныны руаджы сывæллæттæ хуыздæр адаптаци кæнынц æхсæнады, контактмæ хуыздæр цæуынц.

УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.