Гвардийы сержант, 58-æм æфсады æфсæддон службæгæнæг, Хъæбатырдзинады ордены кавалер (йæ амæлæты фæстæ) Бахъаты Андрей Никъалайы фырт дыууæ азы размæ, 2022 азы 5-æм марты хъæбатырæй фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы Запорожьейы фронты.

Цыбыртæй йæ биографийæ

Андрей райгуырд 1986 азы горæт Цхинвалы. Йæ сабибонтæ арвыста æхстыты бын гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы. Йе ‘мцахъхъæнтимæ æппынæдзух хъазыд «хæстытæй». Каст фæцис Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъола. Уый фæстæ ссис ХИПУ-йы автомобилон факультеты студент. Службæ кодта РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады, хъахъхъæныны паддзахадон службæйы. 26-аздзыдæй йæм æрсидтысты УФ-йы Гарзджын тыхтæм æмгъуыдон службæмæ. Куы æрæздæхт, уæд контрактмæ гæсгæ службæ кæнынмæ бацыд 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæмæ. Уый фæстæ раивта Дзæуджыхъæумæ. Службæ кодта хъайтарон фистæг æфсады. Уырдыгæй йæ службæ кæнынмæ арвыстой Цæцæны Республикæйы горæт Шалимæ. Уыд гвардийы взводы командиры хæдивæг.

2022 азы 24-æм февралы сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг сахаттæй фæстæмæ, хъæбатырдзинад æвдисгæйæ йæ хæстон хæстæ æххæст кодта Запорожьейы здæхты 58-æм æфсады гвардион мотоæхсæг полкы сконды. Йæ командирон хæстон машинæйы йемæ уыдысты æмзæххонтæ-ирæттæ. Уыдонимæ Андрей хайад иста иууыл карздæр тохты. Взводæн йæ фыццаг тох уыд Виноградовкайы хъæуы. Ныхмæлæууæджы ныппырх кæнгæйæ, ацыдысты горæт Пологийы ‘рдæм æмæ уый дæр бацахстой. Бахъайы фырт тох кодта хъæбатырæй, йæ профессонализм иу æмæ дыууæ хатты нæ баххуыс кодта йæ хæс­тон æмбæлттæн карз тохты рæстæджы. Æппынæдзух хъахъхъæдта йæ дæлбар салдатты цард, алыхатт дæр цыд сæ разæй.

Трагеди æрцыд 2022 азы 5-æм марты горæт Гуляйполемæ бацæуæнты. Уæд Бахъайы фырты дæлхай знæгтимæ бацыд æнæмсæр тохы, фæлæ уæддæр бабырстой Гуляйполемæ æмæ сæхи æрфидар кодтой горæты центры.  Взвод райста бардзырд фæстæмæ алæууыны æмæ хъæды уаддзаджы хи баауон кæныны тыххæй. Уым  бахаудысты знæгты авиацийы тыхджын æхстыты бын.

Тынг уарзта цард…

Йæ мад Бестауты Фатимæ йæ цæссыгтæ нæ урæдта, афтæмæй мысыд йæ зæрдæхæлар фырты: «Сывæллæттæ ныййарджыты разæй ма хъуамæ мæлой. Андрей тынг уарзта цард, адæмы, алкæимæ дæр ардта иумæйаг æвзаг. Хъæлдзæг лæппу уыд. 23-æм февралы йæм фæдзырдтон бæрæгбоны сæраппонд ын раарфæ кæнынмæ. Уæд ма йын телефоны иу чысыл ауыдтон йæ цæсгом, фæлæ йæ барæй фæхицæн кодта, цæмæй йæ ма базыдтаин кæм ис, уый тыххæй. Загъта мын, æвзæр бастдзинад, дам, дзы ис æмæ ныхас кодтам хъæлæсфысты хъусинæгты фæрцы. Бауырнын мын кодта алцыдæр хорз кæй у, уый. Ис, дам,  нын планон ахуыртæ. 24 февралы та йæм фæдзырдтон, фæлæ мын нал сдзуапп кодта. 1-æм мартæй фæстæмæ дзы кæй ницы бæрæг уыд, уый тыххæй тынг маст кодтам. Загътой мын, зæгъгæ, ис Ростовы госпиталы, фæлæ мады зæрдæ зонаг у æмæ йæ  банкъардтон, мæ хъæбулы хъуыддаг хорз кæй нæу, уый. Уæдмæ нæ корпусы цур æмбырд кæнын райдыдтой сыхæгтæ, хиуæттæ, зонгæтæ. Хъæлдзæг, аудаг æмæ æнувыд адæймаг уыд. Алыхатт дæр фæлвæрдта, æгæрыстæмæй, æнæзонгæ адæймагæн дæр баххуыс кæнынмæ. Андрей уыд  уарзæгой хъæбул, хорз фыд, æмкъай æмæ æфсымæр», – дзырдта мын цæссыгкалгæйæ рыстзæрдæ мад.

Былкъахыр амонд

Цардысты дыууæ амондджын æмкъайы æмæ радысты сæ дыууæ æнахъом хъæбулы цинæй, арæзтой сомбоны рæсугъд плæнттæ. Фæлæ хъысмæт хатт тынг æгъатыр разыны, адæймаг æй нæ фæзоны, разæй йæм цы  бæллæх фенхъæлмæ кæсы, уый. Æвзонг æмкъæйттæн хъæрмуд цардæй рацæрын бантыст æрмæстдæр 12 азы æмæ стæй æрцыд стыр бæллæх, æмæ сæ амондджын цардæй ивгъуыды мысинæгтæй дарддæр ницыуал аззад…

Дыууæ уарзæгой уды  Бахъаты Андрей æмæ Джиоты Алинæйæн сæ ныййарджытæ нæртон чындзæхсæв скодтой 2009 азы. Бирæ арфæтæ сын фæкодтой сæ хиуæттæ, сæ зонгæтæ, зæгъгæ,  æмзæронд баут, фæлæ уыцы арфæтæ иууыл царды биноныг не ‘рцыдысты, сæ амонд разынд былкъахыр. Бахъаты Андрейæн хъысмæт схай кодта æрмæстдæр 35 уалдзæджы рацæрын æмæ йыл стæй йæ дуне  цæрæнбонтæм баталынг.

Царды æбæрæгдзинадæй зындæр ницы ис…

Алинæ зæрдæйæ банкъардта фыдбылыз. 24 февралы базыдта Запорожьейы здæхты карз тохтæ кæй цæуынц, уый тыххæй. Фæдзырдта æфсæддон хаймæ, æмæ йын бамбарын кодтой, зæгъгæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы цæуынц карз тохтæ æмæ сæм бастдзинад нæй. «Андрей 8-æм марты дæр куы нæ фæдзырдта, уæд мæхицæн бынат нал ардтон. Фæдзырдтон йе ‘мслужбæгæнджыты хиуæттæм, УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады тæвд хаххмæ, мæ хъус дардтон сайттæм исты фехъусыны æнхъæл. Æппынæдзух кастæн фæцæфуæвджыты, амынæтты æмæ бабынуæвджыты номхыгъдтæм. Фæлæ дзы Андрейы тыххæй ницы хабар уыд», – Алинæйæн та ногæй йæ зæрдыл æрлæууыдысты, уыцы трагикон бонты цаутæ.

8-æм марты Алинæ бахатыд Андрейы раздæры æмслужбæгæнæг Хъуылымбегты Сосланмæ, цæмæй йын баххуыс кодтаид Андрейы ссарынæн. Уыцы æхсæв Интернеты Сосланы фарсыл федта Андреимæ сын иумæ цы къам ист уыд, уый. «Æхсызгон мын уыд уарзон адæймаджы цæсгом фенын, фæлæ йæ къамы сæрмæ кæугæ смайликтæ куы ауыдтон, уæд хорзау нал фæдæн. Фырадæргæй та йæм ногæй фæдзырдтон  æмæ йæм бахатыдтæн, цæмæй мын фехъусын кæна Андрейы тыххæй исты хабар. Æмæ мын уæд загъта, зæгъгæ, Андрей фæмард… Ахæм фыдохы хабар фехъусгæйæ цы уавæры уыдтæн, ууыл дзурын уæлдай у. Райсомæй фæдзырдтон мæ цардæмбалы æфсымæр Костямæ. Уый уæдмæ ацыд Ростовмæ йе ‘фсымæры агурæг. Æз дæр мæ хиуæттимæ ацыдтæн уырдæм…

Мæхи Андрейы федтон табæты. Мæ хæс у ныр Андрейы ном сæнусон кæнын. Нæ сывæллæттæ алцыдæр хъуамæ зоной сæ хъайтар фыды тыххæй. Давид æй зоны йæ къамтæм гæсгæ, Аннушкæйæн зындæр у, уый тынг мысы йæ фыды æмæ фæкæуы. Андреймæ  стыр плæнттæ уыдис йæ 11-аздзыд чызджы уæлдай уарзт кодта. Нæ лæппу Давид куы райгуырд, уæд æй фæндыд æппынæдзух йæ къухты куы уыдаид, тырныдта йæ уарзондзинад ын æххæстæй радтынмæ. Раст цыма зæрдæйæ æнкъардта, Давиды схъомыл кæнын ын кæй нæ бантысдзæн, уыйау…», – йæ цæстытæ донæй айдзаг сты Алинæйæн.

2024 азы 26-æм январы Андрей Хъырыммæ ацыд радон командировкæйы, уæд йæ фыртыл цыппар мæйы дæр нæма цыд. «Хъырыммæ кæй цыд, уый мын æнæнхъæлæджы нæ уыд, фæлæ йæ ацы хатт  цæмæдæр гæсгæ цæуын нæ фæндыд. Загътон ын, ма ацу, фæлæ мын фидарæй афтæ бакодта, зæгъгæ, лæппуты фыдæнхъæл нæ фæкæндзынæн. 25-æм январы  йæ хъуырæй райста йæ сыгъзæрин рæхыс æмæ мæм æй радта: «Нывæр æй нæ фыртæн, уæд та ма нал æрæздæхтæн. Æз æм схылтæ кодтон, зæгъын ныр цытæ дзурыс, фæлæ та хъазæн ныхæстæ кæнынмæ фæцис», – загъта Алинæ.

Хъырыммæ взвод æрбацыд 28-æм январы. Андрей æрвылизæр дæр дзырдта телефоны йæ бинонтæм видеобастдзинадæй. Фæлæ сæм 20-æм февралæй фæстæмæ стæм хатт райдыдта дзурын, æвзæр интернет, дам, дзы ис… УФ-йы хæстонтæй фыццаг удзиæнтты хабар Алинæ куы фехъуыста, уæд командæкæнынадæй æрдомдта, цæмæй йæм Андрей йæхæдæг фæдзырдтаид. «1-æм марты мæм фæдзырдтой æнæзонгæ номырæй. Андрейы хъæлæс фехъусын мын уыд тынг æхсызгон, фæлæ йыл уæддæр сбустæ кодтон. Уый мын худгæйæ афтæ зæгъы: «Нæ дызæрдыг кодтон, кæй мæ æрцагурдзынæ, ууыл. Куы ницы хабар базыдтаис, уæд, æвæццæгæн, дуне дæр рафæлдæхтаис». Бафарста мæ сывæллæтты æнæниздзинадæй, куыд цæрæм, уыдæтты тыххæй. Æрсабыр мæ кодта æмæ мын баныфсæвæрдта апрелы мæйы хæдзармæ æрцæуынæй, фæлæ… 14-æм марты йын йæ мæрдонбуар æрластам Дзæуджыхъæумæ, æмæ 15-æм марты та – Цхинвалмæ», – загъта Алинæ.

Алыхатт дæр уыд фыццаг рæнхъы

Йæ хæстон æмбæлттæ Гæбæраты Алексей æмæ Чысиаты Алан радзырдтой се ‘мбалы фæстаг тохы тыххæй. 1-2 марты Андрей æмæ йе ‘мслужбæгæнджытæй æртæйæ хъахъхъæдтой Запорожьейы хид. 3 марты райстой бардзырд сæ позицитæ фæивыны тыххæй, æрлæууыдысты горæт Гуляйполейæ 10 километры æддæдæр поселочы. Расидт сын æрцыд хæстон цæттæдзинады командæ. 4-æм мартæй 5-æм мартмæ æхсæвы Андрей æмæ Аланæн сæ бон нæ уыд бафынæй кæнын, кæрæдзийæн дзырдтой сæ дарддæры царды плæнттыл, ныхас кодтой сæ бинонты, сывæллæтты тыххæй. Андрей йын загъта, зæгъгæ, мæ бинонты æрæмысыдтæн, уæлдайдæр та, дам, мæ чызджы.

5 марты райсомæй уæрæсейаг æфсæдтæ  Гуляйполемæ куы бабырстой, уæд Андрей йæхæдæг сбадт наводчикæй æмæ йын кæд йæ дæлбар салдаттæ дзырдтой йæ баивыны тыххæй, уæддæр не сразы ис. Андрей уый размæ службæ кодта 58-æм æфсады 19-æм бригадæйы штатон наводчикæй, БМП-3 скъæрдта 2016 азæй æмæ тынг хорз зыдта хæстон хъуыддæгтæ.

Гæбæраты Алексей БМП-йы бадт Андрейимæ. Тохы рæстæджы Андрей спырх кодта знæгты БМП. Уый тыххæй командæкæнынад базыдта æмæ йæм рацийæ фæдзырдтой, зæгъгæ, куыд сты хабæрттæ. Уый сын хъæлдзæгæй сдзуапп кодта, зæгъгæ, дзы иуы спырх кодтон. УФ-йы Гарзджын тыхтæ Гуляйполейы æмбис куы бацахстой, уæд сын бардзырд радтой хъæды уаддзагмæ фæстæмæ алæууыны тыххæй. Уым хæстон машинæтæ лæууыдысты 40 минуты. Бахъайы фырты БМП-йы фæстæ слæууыд колоннæ æмæ сæ уыцы рæстæджы æнæнхъæлæджы знæгты авиаци комкоммæ æхсын райдыдта. Андрейы машинæйы шофыр-механик уайтагъд фæмард. Йæхицæн та снаряды схъистæ сæмбæлдысты йæ гуыбыныл æмæ йæ къахыл, фæлæ уæддæр йæхæдæг бакодта люк æмæ йе ‘мслужбæгæнджытæн загъта, цæмæй йæ сластаиккой БМП-йæ. Фыццаг медицинон æххуыс ын бакодтой йæ хæстон æмбæлттæ, фæдзырдтой медицинон службæмæ. Раластой йæ СÆО-йы зонæйæ, фæлæ бынат рæстмæ кæй нæ зыдтой, уый аххосæй фесæфтой бирæ рæстæг, цалынмæ æввахсдæр медицинон пункт агуырдтой. Андрей бирæ туг кæй сæфта, уымæ гæсгæ йæ уавæр æвзæрæйæвзæрдæр кодта.

«Андрей уæззау цæфæй дæр йæ мидбылхудт нæ сæфта æмæ, æгæрыстæмæй æркуырдта тамако дæр. Æппынфæстагмæ медиктæ æрбахæццæ сты æмæ Андрейы сæвæрдтой «Камаз»-ыл», – йæ зæрдыл æрлæууыдысты уыцы тæссаг цаутæ Гæбæраты Алексейæн.

Цæфмæ æнхъæлмæ кастысты Пологийы хъæуы, фæлæ поселок Остриковкамæ хæстæг машинæ бахаудта æрхъулайы.  Андрейæн хъуыд дыууæ сахатмæ æнæмæнгхъæуæг меди-цинон æххуыс бакæнын. Сæвæрдтой йæ æфсæддон медицинон «мотолыга»-йыл, цæмæй быдырыл фæцыбырдæр кодтаиккой сæ фæндаг æввахсдæр госпиталмæ.

«Андрей уыд хæларзæрдæ адæймаг, иумиаг æвзаг ардта, куыд  йæ дæлбар салдаттимæ, афтæ командæкæнынадимæ дæр. Уарзтой йæ æмæ йын кад кодтой. Æгæрыстæмæй карз тохты рæстæджы дæр йæ мидбылхудт уыд йæ цæсгомыл. Тох кодта хъæбатырæй, хæцыдыстæм алыгъуызон машинæтыл, фæлæ тырныдтам иумæ уæвыныл», – загъта нын йæ иннæ хæстон æмбал Чысиаты Алан.

Медицинон пунктмæ фæндагыл Алан сабыр кодта йе ‘мбалы, дзырдта йын, зæгъгæ, дæ фырт куы сыстыр уа, уæд æй хъуамæ акæнай кæсаг ахсынмæ. Фæлæ Андрей йæ сæр банкъуыста: «Мæнæн мæ бон нал суыдзæн, фæлæ мæ ныфс ис, ды йæ кæй акæндзынæ, уымæй».

Йе ‘фсæддон хæс æххæст кæныны рæстæджы хъæбатырдзинад æмæ удуæлдайдзинад равдисыны тыххæй Бахъаты Андрей йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд УФ-йы Хъæбатырдзинады орденæй, афтæ ма «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй дæр.

Бахъаты Андрей  у РХИ-йы фыццаг æмбæстаг, кæцы фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы. Уый цæрæнбонтæм адæмы зæрдæты баззайдзæн 35-аздзыдæй йæ диссаджы мидбылхудтимæ. Рухсаг у!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

КОЗАТЫ Павел

ИРЫСТОН – МÆ ЗÆРДÆЙЫ

(Украинæйы сæрамгонд æфсæддон операцийы

фæмардуæвæг Бахъаты Андрейы (Бахъа) мидмонолог

йæ мæлæты размæ)

 

Ма тон ма Гыцци, цæй дæ дзыккутæ,

Уый уæлдай маст у ам мæ рыст удæн.

Цæссыг ма калой уым мæ хъæбултæ

Суыдзæн зæрдæйæ уый хæрз зын сурæн

 

Уым мæ цардæмбал рустæ ма тонæт,

Уый мæнæн хæсдзæн ам дывæр зынтæ.

Размæ уыд мæ бырст ам хъазуатонæй,

Зæгъын фервæзæм залым, сау сынтæй.

 

Хатын хиуæттæ уым кæй рисдзысты

Уæй, кæй фескъуыди ме ‘взонг уды таг.

‘Мгæрттæ удхортæй маст кæй исдзысты

Зонын: знæгтæ æсуыдзысты сугъты цагъд.

 

Уыд мæ архайд ам Иры хæрзæгæн –

Не стыр райгуырæн зæххы хъахъхъæдтон.

Уа нацистытæй ‘нустæм фервæзæн,

Ма уал бавзара ‘лгъаг хæст мах фæдон.

 

Зонын бинонтæ азгай рисдзысты,

Зонын хъæбултæ мæн кæй мысдзысты

Фæлæ райгуырæн, уæй, куыд адджын у!!!

Тох йæ  хæрзæгæн удæн кадджын у!

 

Æмæ уый тыххæй хи куыд бавæрон,

Кæд мæ уарзт æм уыд мадау ‘нæкæрон!

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.