Æрæвнæлдтой Синагуры фæндаджы арæзтады 2-аг этапмæ. Ацы фæндаджы сырæзтæй бирæ фæхуыздæр уыдзысты бынæттон цæрджыты уавæртæ. Афтæ ма йын ис стратегион нысаниуæг дæр, уымæ гæсгæ йæ арæзтадмæ стыр хъусдард здæхт цæуы куыд республикæйы разамынады афтæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй дæр. Арæзт дæр цæуы 2021-2023 азтæн Инвестицион программæйы фæлгæтты.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады дæлбар организаци «Югосет Строй Инвест»-ы (раздæры Дорэкспострой) куыд зæгъынц, афтæмæй «Эрцъо-Синагуры фæндаджы дæргъ у 20 километры бæрц. Ныртæккæ фæндагаразджытæ сыгъдæг кæнынц фæндаггæрæттæ алыгъуызон бырон æмæ къутæртæй. Фæндаг хæххон бæрзонд бынæтты цæуы, дыууæ машинæ дзы кæрæдзийы фæрсты хъуамæ сæрибарæй  хизой, уый тыххæй йæ ауæрæхдæр кодтам æхсæз метры бæрц. Фæндагыл арæзт æрцæудзæн дыууæ хиды. Уыдонæй иу уыдзæнис чысылдæр, стырдæр та капиталонæй цалцæг æрцæудзæн», – зæгъы «Югосет Строй Инвест»-ы генералон директоры хæдивæг Коцты Сослан.

Кæм хъæуы, уыцы рæтты ныппардзысты доны хæтæлтæ. Фæндаджы иувæрсты та арæзт æрцæудзæнис донцæуæн къанаутæ. Проблемон бынæтты арæзт æрцæудзысты лæсæнуромæн бетонон къултæ. Ныртæккæ фæндаджы арæзтадыл фылдæр кусы техникæ. Кусæгдых нырма уадиссаг нæ хъæуы. Куы бахъæуа, уæд кусджытæ исдзысты бынæттон цæрджытæй. Уыдон дих æрцæудзысты бригадæтыл æмæ сæ алчидæр æххæст кæндзæнис, йæ разы цы хæстæ уа, уыдон. Практикæ куыд уынын кæны, афтæмæй æрхонгæ кусджытæ æвзæрдæр фæкусынц бынæттон цæрджытæй. Сæ дарын дæр куыстуатæн зынаргъдæр лæууы. Фыццаджыдæр, сæ сифтонг кæнын фæхъæуы цæрæнуатæй, стæй сæ бынатмæ æмæ фæстæмæ фæхъæуы ласын. Бынæттонтæ зонынц фæндаджы уавæр, стæй йæ сæхицæн кæй аразынц, уымæ гæсгæ зæрдиагæй фæархайынц æмæ сæ куыст гъæдджындæр вæййы. Фæндаг арæзт æрцæудзæн 4-æм категоримæ гæсгæ.

Синагурæгты ныфс ис, фæндаг азы кæронмæ арæзт кæй æрцæудзæнис æмæ сæ республикæйы центримæ кæй сбæтдзæн нырыккон автомобилон фæндаг.

Ацы бонты ма «Югосет Строй Инвест» бавнæлдтой Транскавказы автомагистралы хуссарирыстойнаг фарс фæндаджы капиталон цалцæгмæ дæр.

Уый размæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан Дзауы районмæ йæ инспекцион азылды рæстæджы бахæс кодта ацы организацийæн, цæмæй æмбæлон уагмæ æркæной Цхинвалæй Ручъы тъунелмæ фæндаг. Æмæ ныр республикон нысаниуæджы фæндаг æнæхъæнæй цалцæг æрцæудзæн. Дзомагъы хъæуæй тъунелы онг та фæндагыл ногæй сæвæрдзысты параппеттæ.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.