Ерцъо-Синагуры фæндаджы  арæзтад дæр хауы Инвестицион программæйы фæлгæтты цы ахсджиаг объекттæ арæзт цæуынц, уыдонмæ. Ацы фæндаджы арæзтæй бирæ фæхуыздæр уыдзысты бынæттон цæрджыты уавæртæ. Афтæ  ма йын ис стратегион нысаниуæг дæр. Арæзтад дих æрцыд æртæ этапыл. Иумæйагæй йын хицæн æрцыд 560 милуан сомы. Йæ дæргъ у 20 километры. Куыстытæ кæронмæ хъуамæ бахæццæ уой 2024 азы. Арæзтадыл кусы «Дорэкспострой». Куыстытæ райдыдтой августы мæйы. Куыддæр уазæлттæ райдайой, афтæ бауромдзысты сæ техникæ æмæ та ног аз апрель-майы адарддæр кæндзысты сæ куыстытæ.

Фæндагыл ныртæккæ калынц хуыр. Уыцы иу рæстæг аразынц донлæдæрсæн коммуникацитæ дæр. Фæндагон змæлды æдасдзинад ифтонг кæныны нысанæн   йæ  былтыл æвæрд цæудзысты æфсæн-бетонон конструкцитæ. Фæндаджы фæтæн раздæр цыппар метр йедтæмæ нæ уыд, фæлæ йæ ног проектмæ гæсгæ ауæрæхдæр кодтой æмæ уыдзæн 6 метры бæрц.

Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Елдзарты Константин куыд зæгъы, афтæмæй республикон паддзахадон куыстуат «Дорэкспострой»-йы кусджытæм ис стыр фæлтæрддзинад фæндæгты арæзтады. Уымæ гæсгæ сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынц профессионалонæй æмæ гъæдджынæй. Банысан ма кодта, зæгъгæ, ацы объекты ныртæккæ кусы техникæйы 20 иуæджы æмæ 60 адæймаджы бæрц. Уыдон сæйраджыдæр сты бынæттон цæрджытæ, кæцытæ уый размæ куыстой Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтадыл.

Елдзарты Константин ма куыд загъта, афтæмæй Синагуры фæндагыл арæзт æрцæудзæн дыууæ хиды. Уыдонæй иу уыдзæнис чысылдæр, кæцы Синагуры бæтдзæн æндæр хъæутимæ. Иннæ хид арæзт æрцыд 2017 азы, фæлæ йæ цалцæг бахъæудзæн капиталонæй. Ацы хид лæггад кæны хъæуты цæрджытæн æмæ арæнхъахъхъæнджытæн дæр.

«Фæндаг хъæды астæу кæй цæуы, уый тыххæй дзы бирæ рæтты сæвæрын хъæуы донлæдæрсæн хæтæлтæ, кæмдæрты та бетонæй къултæ дæр. Асфальт не ‘рцæудзæн, нымад уыдзæн 5-æм категорийы фæндагыл. Фæлæ арæзт куы фæуа, уæд дзы æвæрд æрцæудзысты фæндагон нысæнттæ. Кусджытæй райгонд дæн, амонын сын ницы хъæуы. Бирæтæ дзы цалдæр дæсныйады куыстмæ дæр рæхсынц», – зæгъы Елдзары фырт.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.