Фосы нымæц фылдæр кæнын æмæ сын сæ продуктивондзинад рæзын кæныныл фосдарæг фæтыхсы, афæдзы алы рæстæджы дæр. Цæмæй хизой зад сæрвæтты, зымæгон рæстæджы та æрвитой хъарм æмæ æфсæст зымæгиуат. Фæлæ уæддæр уыцы æнтыстытæ уаиккой къаддæр, ветеринарийы кусджыты æдзухон аудындзинад куынæ æнкъариккой, се нæниздзинадыл  куынæ тыхсиккой, уæд.

Уыцы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг хæс æмбарынц Цхинвалы районы ветеринарон службæйы кусджытæ дæр æмæ хъæууон цæрджыты фосы æнæниздзинады тыххæй райсынц æмбæлон мадзæлттæ. Дзæвгар сты, хъæуты цæрджытæй фос чи дары, уыдон æмæ афæдзы алы афон дæр тыхсынц сæ нымæц æмæ продуктивондзинад рæзын кæныныл дæр. Фосмæ дæр æмхиц сты алыхуызон хæцгæ низтæ æмæсæ хицæутты бахъæуы ветеринарийы кусджытæм бахатын, цæмæй сын рæстæгыл схос кæной æмæ хызт уой тæссагдзинадæй. Районы сæйраг ветдохтыр Дудайты Леонид куыд радзырдта, афтæмæй стурты  тæссаг низтæй сæ иу у фасциолез, ома саси. Стуртæ уымæй фæрынчын вæййынц, цъыфдзаст бынæтты куы фæхизынц, уæд æмæ йын тынг бахъыгдары йæ игæр. Цæмæй рынчын стуртæ уыцы низæй хызт уой, уый тыххæй сын хъæуы хос кæнын уалдзæг æмæ фæззæджы. Ацы низ æй схос кæнынæн бирæ хостæ ис æмæ уыдонæй сæ иу у албен. Стурæн хос дарын хъæуы йæ уæзмæ гæсгæ, афтæ æмæ йын астæуккаг нымадæй радтын фæхъæуы 3-4 таблеткæйы уыцы иурæстæджы. Стур заинаг куы уа, уæд ын хос лæвæрд цæуы 7 мæйы фæстæ, афтæ куынæ бакæна йæ хицау, уæд род амæлдзæн йæ хуылфы..

Тæссаг у африкæйаг емынæ дæр, уымæй та рынчын кæнынц хуытæ. Уымæ гæсгæ хъæууон цæрæджы хæс у, цæмæй æппæт фæткойтæ дæр хъахъхъæд цæуой. Уæд низ нæ фæзыны, куы фæзына, уæд та дзы хызт уыдзысты. Цæвиттон, амæйразмæ Махис, Бихъар, Къохаты цæрджыты хуытæ фæрынчын сты ацы низæй. Бæрæг куыд у, афтæмæй низ цы бынаты фæзына, уым хуытæ дарæн нæй 3 азы æмгъуыдмæ, уымæн æмæ уæдмæ ацы низ нæ фесæфы. Фæлæ ацы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг амынд иуæй-иу цæрджытæ ницæмæ фæдарынц æмæ архайынц ногæй хуыдард райтынг кæныныл. Цæвиттон, районы цæрæг Цоциты Андройæн уыд 60 хуыйы, кæд æй бафæдзæхстæуыд, уæддæр та балхæдта иу нæл хуы. Уайтагъд низ апарахат æмæ йæ хуытæ иууылдæр фæцагъды сты.

Хъуамæ зæгъон милицийы фадыгон инспекцийы кусджытæн, цæмæй  сæ хуыты хуыдонæй æддæмæ мауал уадзой æмæ низ скуынæг уа,- зæгъы Дудайы фырт.

Дарддæр Дудайы фырт раппæлыд йæ кусджытæй дæр, сæ куыстыл иузæрдион кæй сты, уый тыххæй. Иууыл фердæхтджындæр та у Биазырты Валодя, У æнæзивæг, цыфæнды бынатмæ йæ арвит, уæддæр нæ базивæг кæны æмæ фосы хицæуттæм фæдары йе ‘ххуысы къух.

                                                     ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.