Ныртæккæ нæ базары бынæттон дыргътæ æмæ халсæртты  зынгæ хай уæй кæнынц, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн  æххуысы фондæй чи спайда кодта, ахæм арендатортæ. Абон уал уæ базонгæ кæндзыстæм уыдонæй цалдæримæ.

 

Бынæттон картоф

Уалыты Таймураз æмæ Мамытаты Зелим хатырон кредиты руаджы сæ тыхтæ бафæлвæрдтой картоф куысткæнынады. Уыдон Цхинвалы районы Рехийы хъæды бын сæрибар зæххы æртæ азы размæ байтыдтой картоф. Фæстаг дыууын азы ацы зæххы уым ницыуал тыд уыд. Иу хатт Таймураз сфæнд кодта уым йæхицæн зымæгмæ картоф байтауын. Къухæй ницы сфæрæзтаид æмæ уæд трактор баххуырста. Тракторист ма дис дæр кодта, зæхх куыд æнцон кусæн у, зæгъгæ. Таймураз кæд йæ чысылæй уарзта зæххы куыст, уæддæр иунæгæй æртæ гектары картоф байтауынмæ,  йæ ныфс нæ хаста. Æмæ иу бон йæ катай раргом кодта йæ хорз æмбал Мамытаты Зелимæн. Техникæ сæ къухы кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ Зелим зивæг кодта уыцы куыстытæм. Фæлæ йын Таймураз загъта, зæгъгæ, абон бирæтæ катай кæнынц, куыст сын кæй нæй, фæлæ, дам, дæ кусын куы фæнда, уæд дын æнæмæнг разындзæнис куыст. Мах дæр, зæгъ, бафæлварæм Хицауады æххуысы программæйæ спайда кæнын.

Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгад райтынг кæнынæн цы гæххæттытæ хъæуы, уыдон бацæттæ кодтой, сарæзтой бизнес-план æмæ йæ конкурсмæ бадæдтой. Æвджидарты фонд хорзыл банымадта дыууæ лæппуйы бизнес-план æмæ сын банг рахицæн кодта 500 мин сомы. Уыцы æхцайæ балхæдтой трактор, бынæттон картофы мыккаг æмæ уæхскуæзæй бавнæлдтой кусынмæ. Кæрæдзийæн ныфсытæ æвæрдтой, байтауæм, кæд зæгъ, уæй кæныны фаг нæ уой, уæддæр тыллæг нæхицæн баззайдзæн. Экологон æгъдауæй сыгъдæг продукт та алкæй дæр хъæуы.

Уалдзæджы бирæ рæстæг æвзæр боныгъæдтæ ахаста, уый аххосæй картоф садзынæй цъус фæфæстиат сты лæппутæ. Маст кодтой,  оххай картоф садзыны æмгъуыдмæ бонтæ куынæ  фæхуыздæр  уой. Куыддæр фæбонтæ ис, афтæ бавнæлдтой куыстмæ. Хæххон бæрзонд рæтты уазалдæр кæй у, уымæ гæсгæ-иу картоф дæр фæстæдæр скъахынц. Дыууæ куыстуарзаг лæппумæ фæкастысты сæ бинонтæ. Сабат, хуыцаубон та-иу сæ уæййæгтæ базармæ аластой. Кæд фыццаг аз бакодтой ацы куыст, уæддæр хъæздыг тыллæг райстой. Дыккаг аз сын фенцондæр, уымæн æмæ сæм фæзынд фæлтæрддзинад. Æртыккаг аз дæр картоф ныссагътой, фæлæ сын 2023 аз хорз тыллæг нал æрзад. Ацы аз хъавынц æндæр халсæрттæ байтауын.

«Хъæутæн ныууадзæн нæй. Уым цард куы æндидза, куы уа дыргъ, халсар æмæ фосдарыны фадат, уæд пайда у хъæууон зæхкусæгæн æмæ горæты цæрджытæн дæр. Нæ хъæутæ кæй æдзæрæг кæнынц, уый мын тынг зын у: диссаг мæм уый кæсы æмæ хъæутæй æнцон цæрæн кæм у, уырдыгæй дæр сæхи кæй æппарынц горæтмæ. Цы ис горæты дæр æнæ кусгæйæ?! Науæд хъæутæ куы раафтид уой, уæд уый сæфты хъуыддаг у. Хæлц, бæркад хъæутæй цæуы æмæ æнцонтæй уадзæн нæй фыдæлты уæзгуытæн. Адæймаг фердæхынæн куы уа, уæд йæхи æркæнгæ хойраг æмæ халсартæй дæр фæцæрдзæнис. Ирыстоны алы хъæуы дæр ис ахæм фадæттæ», – загъта мын Таймураз.

Мæ зæрдæмæ тынг фæцыд ацы куыстуарзаг лæппуйы хъуыды. Æцæгæйдæр хорз уаид, цы фадæттæ нын ис абон, уыдонæй куы пайда кæнид алчидæр. Нæ горæты цæрджытæй, æвæццæгæн, стæм разындзæнис хъæуы фыдыуæзæг кæмæн нæй æмæ сæ бынтон рохуаты ныууадзæм, уый раст нæу. Кæд уæйы фаг нæ, уæддæр дæ улæфтбонты бацу æмæ дзы бакус дæхицæн зымæгваг. Цæмæй ма æлхæнай алыгъуызон химикаттæй хъомылгонд халсæрттæ.

 

Фосдарды хæдзарады

Уыцы программæйæ спайда кодта не ‘мбæстаг, Цхинвалы районы Къохаты хъæуы цæрæг Куымæридтаты Валери дæр. Цалынмæ фермерон куыстмæ нæ бавнæлдта, уæдмæ куыста Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды.  Мидхъуыддæгты органтæй пенсийы ацыд майоры цины.

Валерийы чи зоны, уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй уымæн йæ бон нæу иуран бадын, рæстæг дзæгъæлы сафын. Хъæуы хъомыл кодта æмæ бирæ уарзта фосдарды куыст. Фæндыд æй пенсийы ацæугæ ацы куыстытæм æрæвналын, фæлæ æхцайы фæрæзтæ хъуыд. Уалынмæ фехъуыста, зæгъгæ, ахæм адæмæн æххуыс кæны Хицауад æмæ бавнæлдта йæ фермæйæн бындур æвæрынмæ.

«Хуссар Ирыстоны фосдарды куыст уадиссаг ничиуал кæны, хъæуты дæр уадиссаг цæрджытæ нал ис. Фосдард кæнынæн мæ райгуырæн хъæу Къохат иттæг хорз у. Фæлæ цалынмæ фосдарды куыстмæ æрæвналай, уæдмæ хъуамæ дæхи бафæрсай, уарзыс ацы куыст æви нæ. Бирæтæ фос скæнынц, æмæ сæм æмбæлон хъусдард кæй нæ вæййы, уый фыдæй сæ уадиссаг пайда нæ райсынц. Æз мæхицæн фидарæй загътон, æрдæгыл кæй нæ ныууадздзæн мæ хъуыддаг. Стæй хæс æхца дæр аздахын хъуыд. Мæ фермерон хæдзарадæн уал балхæдтон лыстæгкъах фос. Ленингоры районы балхæдтон фыстæ æмæ сæгътæ. Ме  ‘хцайы фылдæр æмбис ацыд скъæт аразыныл. Адих сæ кодтон æмæ  иу хайæ та цалдæр стуры балхæдтон», – зæгъы Куымæридтаты Валери.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй йæм ныртæккæ цы фос ис, уыдон иууылдæр сты бынæттон фосы мыккагæй. Нæ климатон уавæрыл, дам, алы хатт искæцæй æрласгæ фос не ‘рцахуыр вæййы æмæ фермертæ бирæ хатт æнæфтиаг фæвæййынц.

Куымæридтайы фырт йæ фосæй уæймæ аласы горæтмæ дæр, фæлæ йæ хатт фос базармæ ласыны сæр дæр нæ бахъæуы. Уымæн æмæ йæм æлхæнджытæ бынатмæ дæр æрбацæуынц. «Фыстæй хуыздæр та сæгътæ уæй кæнынц. Родтæ чи агуры, ахæмтæ дæр бирæ ис. Æрласæггаг фыдызгъæлæй бынæттон хуыздæр у. Фермер урсаджы продукттæ нырма нæ уадзы, уымæн æмæ уый тыххæй хъæуы кусæг æххуырсын. Йæ авналæнтæ та уыйбæрц нæма сты. Ис æм æрмæстдæр иу фыййау, кæцыйæн æххуыс кæны йæхæдæг дæр. Зæгъы, зæгъгæ, мæ бинонты нæ тыхсын кæнын, уымæн æмæ йæм лæппу кæд арæх æрбауайы æххуыс кæнынмæ, уæддæр ахуыр кæны, архайы спортæй дæр, ис ын æнтыстытæ æмæ йæ уыдонæй фæиппæрд кæнын нæ фæнды.

Æнæ кусгæйæ хæдзар дарæн нæй

Фермер ма зæгъы, зæгъгæ, фосдард чи кæны, уый хорз хъуамæ зона ветеринары дæсныйад дæр. «Ветеринарийы сусæгдзинæдтæ куы нæ зонай, уæд хуыздæр у ацы хъуыддагмæ æввахсдæр ма балæууын. Фосæн сæхи низтæ ис. Афæдзы алы афон дæр сын бахъæуы вакцинæтæ саразын. Хостæ та сын æрхæссын Цæгат Ирыстонæй. Мæхæдæг цы нæ зонын, уымæй та бафæрсын ацы куыст чи кæны, ахæм фермерты, стæй ветеринарты дæр».

Мах бацымыдис кодтам, техникæйæ куыд пайда кæны, зымæгмæ фосæн холлæгтæ кæм æрцæттæ кæны, уыдæттæй.

Уый тыххæй та Куымæридтаты Валери  загъта: «Мæнæн нырма мæ уавæртæ уыйбæрц не сты, цæмæй техникæ æлхæнон. Мæ фыдæлтæ-иу куыд архайдтой, æз дæр афтæ фыдæбон кæнын. Холлаг æрцæттæ кæнын æмæ сæ уый фæстæ æххуырст машинæйыл æрласын бынатмæ.

Хицауады æххуысæй иу хатт спайда кодта æмæ дыккаг хатт нал хъавы уыцы хъуыддагмæ аздæхын. Æрмæст цалдæр аз домы, цæмæй йын сæххæст кæной йæ бæллиц. Йæ фермæйæ 500 метры æддæдæр цæуы электрохахх æмæ йæ фæнды, цæмæй йын уырдыгæй йæ фермæмæ рауадзой рухс. Ныр цалдæр азы хицауадмæ хаты ацы куырдиатимæ, фæлæ йæм хъусдард нæй.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.