Бæллицаг у, ацы дунемæ рацæугæйæ адæймаг йæхицæн зæрдæмæдзæугæ ном куы скæны, хиуæттæ, зонгæтæ, хъæубæстæ йын æмбæлон аргъ куы фæкæнынц. Ахæм адæймаг йæхицæй буц хъуамæ уа, фæлæ Лолоты Васили (Барис) ахæм никуы уыд, æмæ уымæй æвдыста йæ уæздандзинад. Уыд иугъæдон, рæстуд фæлмæнзæрдæ æмæ хæлар адæймаг. Æнæуынон ын уыдысты фæлитойтæ, йе ‘ууæнкдзинад чи сæфта, ирон æгъдау дæлдзиныггæнджытæ, къозбау митæ. Йæ удыхъæды ахастмæ гæсгæ Лолойы фыртæн уыцы æууæлтæ æцæгæлон уыдысты æмæ сын йæ мидзæрдæйы бынат никуы радта, æндæвта сыл, йæ рæстудæй йæ бон куыд цыд, уымæй.

Лолоты Дианозы фырт Васили райгуырд 1954 азы Цхинвалы районы Годжиты хъæуы. Ксуисы астæуккаг скъола фæуыны фæстæ дыууæ азы бæрц акуыста Дменисы колхозы. Зæрдæргъæвд лæппу тырныдта уæлдæр ахуырдзинад райсынмæ æмæ йын уый фадат дæр фæци, бацыд  Дзæуджыхъæуы Хæххон инс­ти­тутмæ æмæ каст фæци агрономон факультет 1978 азы. Раст уыцы аз кусын райдыдта Ксуисы колхозы сæйраг агрономæй. Уыцы аз æм æрсидтæуыд æфсадмæ æмæ службæ кодта горæт Хабаровскы. Æфсадæй æрыздæхгæйæ æрдæг афæдзы бæрц акуыста Уанаты совхозы, стæй йæ районы къухдариуæгад ракодта райкомы фæскомцæдисы хайадмæ инструкторæй. Уыд хайады сæргълæууæг дæр. Куыста ма æндæр бæрнон бынæтты.

Фæстæдæр, Советон Цæдисы фехæлдæй та кусын райдыдта Беслæны æвдæм скъолайы ахуыргæнæгæй, стæй та Дменисы астæуккаг скъолайы директорæй.

Лолойы фырт æдзух архайдта, цæмæй ахуыры процесс цыдаид æмбæлон æмвæзадыл, аккаг аргъ ын уыд педколлективы æхсæн.

2010 азæй  раконд æрцыд Цхинвалы районы ахуырады гæсæй æмæ дзы æнæзæрдæхудтæй фæкуыста 2021 азмæ, стæй та методистæй йæ амæлæты бонмæ. Ам дæр йæхицæн скодта хорз ном.

Фæзæгъынц, хъæбултæн ныййарджыты раз цы хæстæ вæййы, уыдон бафидын уæззау хæс у, фæлæ Василийæн цасдæрбæрцæй бантыст. Мады фæзианы фæстæ, фыд Дианоз дзæвгар рæстæджы рынчынтæ ахаста, æруатон  æмæ йæм йæ фырт каст, чызгау ын лæггад кодта.

Лолойы фырт, республикæйы Ветеранты советы уæнг уæвгæйæ,  архайдта, цæмæй ветеранты цардуагон фарстатæ скъуыддзаг цыдаиккой,  се ‘нæниздзинад кæмæн фæцудыдта, уыцы ветерантæ сæхицæн хос кодтаиккой, куыд бынæттон, афтæ Цæгат Ирыстоны санаториты.

Васили уарзта шашкæтæй хъазын, республикæйы ацы хуызы спорты арæх ахста призон бынæттæ, уыдис фыццаг категорийы тренер, цайдагъ кодта рæзгæ фæсивæды шашкæтæй хъазыныл, уагъта се ‘хсæн ерыстæ куыд горæты, афтæ районты дæр.

Нæ царды афтæ рауайы æмæ искæйы цардыл тыхсгæйæ, хатт айрох кæнæм нæхи цард. Хъысмæтæн йæ цæст нæ бауарзта, цæмæй ацы зæрдæхæлар адæймагæн йæ табæты фарсмæ, хъыгзæрдæйæ лæугæйæ, йæ хотæй дарддæр, йæ фæстаг фæндагыл араст кодтаиккой йæ цардæмбал, йæ хъæбултæ. Хуыцау ын уыдон нæ бахай кодта æмæ афтæмæй фæцæуæг йе ‘нусон бынатмæ. Рухсаг у Васили, мæрдты цы хуыздæр ис, уый дæ хай.

Республикæйы Ветеранты советы номæй
КОЗАТЫ Павел

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.