Хуссарирыстойнаг богалтæ Зассеты Алан æмæ Хъесаты Петр систы гауызы дæсныты ‘хсæн Уæрæсейы Кубокы уæлахиздзаутæ. Ерыстæ уагъд цыдысты Оренбургы. Зассейы фырт хæцыд дивизион «А» (35-40 азы) 88 кг уæзы категорийы. Фыццаг тохы 7:0 хыгъдæй фæуæлахиз Дагъыстаны минæварыл. Æрдæгфиналы рамбылдта Тывайы минæвары – 11:1. Финалы йæ ныхмæлæууæг уыд турниры сæйраг фавориттæй сæ иу Новосибирскы областæй дунейы чемпионаты бронзæйон призер, Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзау Валерий Голубков. Фембæлд рауад æндыгъд, фæлæ та ам дæр Хуссар Ирыстоны минæвар разынд тыхджындæр, рамбылдта 4:1 хыгъдæй æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Афтæмæй йæхицæн лæвар сарæзта йæ райгуырæн бонмæ. 8-æм марты Зассеты Аланыл  сæххæст 39 азы.

Хъесаты Петр хæцыд дивизион «Ф» (61-65 азы). Уый нырма йе ‘уæхсджытыл авæрдта цæцæйнаг спортсмены, финалы та 9:1 хыгъдæй рамбылдта Дагъыстаны минæвары.

2023 азы та Зассеты Алан ссис гауызы дæсныты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзау æмæ дунейы чемпионаты бронзæйон призер. Хъесаты Петр та ивгъуыд аз дыккаг бынат бацахста Уæрæсейы чемпионаты.

Спортсментæ бузныг зæгъынц президент Гаглойты Аланæн, ерыстæм ацæуынæн сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй. Афтæ ма бузныг сты паддзахады сæргълæууæджы æххуысгæнæг Гаглойты Никъола, Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан æмæ Æфснайæн банчы сæрдар Бекъойты Сосланæй.

 

Каратэ

Хуссарирыстойнаг æмбырдгонд командон хыгъды фыццаг бынат бацахста æппæтстилон каратэ æмæ комбатæй Аланийы Кубокы. Уыдонæн бантыст 17 сыгъзæрин, 19 æвзист æмæ 12 бронзæ майданы рамбулын. Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ Хъуылымбегты Мамед, Хаситы Зелим, Бестауты Азæмæт, Уалыты Вахтанг, Уалыты Георги, Лолоты Артур, Коцты Алан æмæ Дзабиты Руслан.

Спортсментæ бузныг зæгъынц Президент Гаглойты Аланæн, афтæ ма президенты админситрацийы сæргълæууæг Мæргъиты Алан, Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Алан, Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Русланæн.

***

Якутскы уагъд æрцыд уæгъдибар хъæбысхæстæй Роман Дмитриевы номарæн дунеон турнир. Ерысты 125 кг уæзы категорийы фыццаг бынат бацахста Уалыты Вильям. Уый финалы 4:3 хыгъдæй рамбылдта Бурятийы минæвар Илья Жибаловы. Турниры хайад райстой дунейы 134 бæстæйы богалтæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.