Мæскуыйы ирæтты æхсæнады уæнг, йæ разæнгарддæр архайджытæй иу ХЪАРАТЫ Марат мын афтæ радзырдта:

– Ивгъуыд азы февралы кæроны мæм æрбадзырдта Эдик æмæ загъта, Авдеевкæйы бынмæ кæй хæцынц, уавæр тынг вазыгджын кæй у, знæгтæ горæтæй æнæбасæтгæ фидар кæй сарæзтой, уый. Загъта: «Уый байсын, басæттын æнцон нæ уыдзæн, фæлæ мах ничи бауромдзæн, абон уа, райсом – нæ къухты уыдзæн… Ууыл дызæрдыг мачи кæнæд… Мæнæ гъеныр фæцæуæм промзонæмæ».

Уыдон уыдысты, Байцаты Эдуардæй фæстаг хатт кæй фехъуыстон, уыцы ныхæстæ. Бирæ нал рацыд, æмæ нæм сыхъуыст йæ мæлæты хабар…

О, афæдзы размæ аскъуыд йæ цард Ирыстоны сахъгуырдтæй иу – Байцаты Ильяйы фырт Эдуардæн (йæ фæсномыг – «Граф»). Авдеевкæ карз тохы фæстæ байстой Уæрæсейы æфсæдтæ, сæ размæбырсæг хæстонты фыццаг рæнхъыты йе ‘мбæлттимæ иудадзыгдæр уыдис Эдуард дæр…

Æцæг хæстон лæг басгуыхт Эдуард. Раздæр азты йе ‘фсæддон хæстæ æххæст кодта Сирийы, Ливийы, Африкæйы Централон Республикæйы, сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд ветеранты сæрмагонд командæйы рæнхъыты æрлæууыд. Уыдис ротæйы командæгæнæджы хæдивæг. Командæгæнæг (йæ фæсномыг – «Морпех»), Уæрæсейы Хъæбатыр, дыууæ хатты равдыста Эдуарды Уæрæсейы Хъæбатыры ном райсынмæ (фæстаг хатт – мæлæты фæстæ).

Æнæ зæгъæн нæй уый тыххæй дæр, æмæ 2004 азы Эдуард уыдис хъазахъхъаг атаманы æфсæддон хайы, уæд ын саккаг кодтой хъазахъхъаг афицеры цин дæр – есаул, уый у Уæрæсейы Гæрзифтонг Тыхты майоры цины æмбæрц.

Эдуардæн радтой бæрзонд паддзахадон хæрзиуджытæ – майдан «Æхсардзинады тыххæй», орден «Лæгдзинад», майдан «Хæстон быцæуты архайыны тыххæй» æмæ майдан «Ирыстоны Намысæн» (йæ мæлæты фæстæ).

Ивгъуыд сабаты уыдис Байцаты Эдуарды афæдзы кæнд. Æрбацыдысты йæм канд хиуæттæ, хæстæджытæ, æмхъæуккæгтæ нæ, фæлæ зонгæтæ, хæлæрттæ, йæ кæддæры æмкъласонтæ, хæстон æмбæлттæ, Æппæтуæрæсеон æхсæнадон организаци «Хъазахъхъæгты цæдис»-ы минæвæрттæ. Хæрнæджы фынджы мыггаджы номæй Байцаты Игорь зæрдиаг арфæ ракодта æрцæуæг адæмæн се ‘ппæтæн дæр, ракуырдта сын Стыр Хуыцауæй, цæмæй сæхи хæдзæртты хорздзинæдтæ цæуа, сæ кæстæртæ амондимæ цæрой сабыр арвы бын.

Фæстæдæр мах ракуырдтам Игорæй се ‘рвады тыххæй радзурын – удыхъæдæй цавæр адæймаг уыдис Эдуард, адæмимæ цæргæйæ, цавæр фæзминаг миниуджытæй хайджын уыд, йæ хæстæджытæ, зонгæтæ, хæлæрттæ йын тынгдæр цæмæ гæсгæ уæлдай стыр кад кодтой.

– Эдик – мах æй афтæ хуыдтам – мæнæй дзæвгар кæстæр уыдис. Кæрæдзимæ ам хæстæг цардыстæм. Æмæ суанг бинонты хъуыддаг дæр нæма бакодта, афтæмæй йæ уыдтон, куыд æгъдауылхæст лæппу уыдис, бахъуыды заман йе ‘ххуысы хай радтынмæ куыд никуы зивæг кодта канд йæхиуæттæн, мыггагæн нæ, фæлæ сыхбæстæн, зонгæтæн, хæлæрттæн дæр… Фæлмæнзæрдæ, раст, æнæсайд адæймаг…

Уæлдай дисы мæ бафтыдта, хæсты быдырæй мæм йе сгуыхтдзинæдты хабæрттæ хъуысын куы райдыдтой, уæд. Ахæм фæлмæнзæрдæ уæвгæйæ, къæдзæхы хуызæн фидар удыхъæд равдисдзæн, хæсты быдыры йын уыцы миниуæг афтæ ирдæй рабæрæг уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: алы адæймагæн йæ уды мидис, йæ хъару зын фæлварæнты рабæрæг вæййы.

Цы бакæнæм, адзалæн мадзал нæй,    рухс дзæнæты бадæд Эдик, йæ æвæджиауы сгуыхтдзинæдтæ рох никуы уыдзысты.

Дзæбæх бинонтæ йын баззад – йæ цардæмбал Нанули, дыууæ хъæбулы – чызджытæ София æмæ Мария. Уырны нæ: уыдон сæ хъæбатыр фыды ном бæрзонд хæс­дзысты, йæ кад ын дæлæмæ не ‘руадздзысты, – радзырдта Игорь.

Цалдæр ныхасы зæгъын ракуырдтам Цæгат Ирыстоны Парламенты депутат, Адæмон фронты уæнг, æхсæнад «Русь»-ы сæрдар Андрей Поповæй дæр:

– Эдикы хъуыды кæнын мæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ, ахуыр дæр кодтам иу ран – Дзæуджыхъæуы 22-æм астæуккаг скъолайы. Ныр кæм хæцыди, уырдæм цалдæр хатты аластам гуманитарон æххуыс ме ‘мкусджытимæ. Фæстаг хатт æй агуырдтон йе ‘фсæддон хайы, фæлæ уым нæ уыд, йæ фæллад уадзынмæ, дам, ацыд. Уый фæстæ йæ никуыуал федтон.

Ацы азы 23 февралы агъоммæ та байгом кодтам 22-æм скъолайы номарæн къæй, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ чи фæмард, скъолайы уыцы цыппар рауагъдонæн, семæ сты Байцаты Эдуард («Граф»), Мамиаты Олег («Мамай») æмæ ма ноджы дыууæ лæппуйы…

Интернеты бирæ æрмæг ис, сæрмагонд æфсæддон операцийы цы бирæ ирон фæсивæд архайы, уыдоныл. Се ‘хсар, сæ лæгдзинадыл фыссынц Уæрæсейы алы адæмыхæттыты минæвæрттæ. Ам, Ирыстоны, махæй алчи кувы æмæ куры Хуыцауæй, Уастырджийæ, зæдтæ æмæ дауджытæй, цæмæй хъахъхъæной нæ сахъгуырдты æмæ ныл дзæбæхæй, сæрæгасæй сæмбæлой…

Ацы æмдзæвгæ Эдуарды номыл ныффыста йæ хæстон æмбæлттæй иу, уырыссаг лæппу. Æмæ растыл банымадтам, нæ уацхъуыдыйы кæронбæтттæны æмдзæвгæйæ иу цалдæр рæнхъы раттын æнæ тæлмацæй. Махмæ гæсгæ, ирдæй æвдисынц, лæппутæ Эдуардмæ цы зæрдæ дардтой, куыд стыр аргъ ын кодтой, уый.

Всегда была улыбка на лице,

И не давал он слабого в обиду,

Людского было много в том бойце,

Он был стальным внутри, веселым с виду.

Но штурм его последний был вчера

В посадках близ Авдеевских околиц,

Со счетом «двести» его кончилась игра,

Но сделал штурм победным доброволец.

 

ХÆМЫЦАТЫ Морис,

Газет «Рæстдзинад»

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.