29-æм ноябры ИНО-йы Генералон Ассамблейæ райста резолюци ахæм сидтимæ, цæмæй Израиль ссæрибар кæна оккупацигонд Голаны бæрзæндтæ. Документы тыххæй схъæлæс кодтой 91  бæстæйы, уыцы нымæцы Уæрæсе, Бразили, Инди, Китай, Саудоваг Арави. Аст паддзахады, уыцы нымæцы АИШ æмæ Стырбритани рацыдысты йæ ныхмæ, ноджы ма 62 бæстæйы сæхиуыл фæхæцыдысты.

Резолюцийы æмавтортæй ралæууыдысты Алжир, Венесуэла, Египет, Иордани, Ирак, Катар, Корейаг Адæмон Демократон Республикæ, Кубæ, Кувейт, Ливан, Мавритани, Иугонд Арабаг Эмираттæ, Сири, Тунис. Документ конд у аст пунктæй.

Уыдонæй фыццаг у ахæм хъусынгæнинаг, зæгъгæ, Израиль абоны онг дæр нæ сæххæст кодта 1981 азы ИНО-йы Æдасдзинады Советы 497-æм резолюци, кæцы бæстæйæ домы, цæмæй аива закъон Голаны бæрзæндтыл израилаг юрисдикцийы тыххæй. Уымæй дарддæр ма, резолюцийы ис домæн, «цæмæй Израиль ацæуа æппæт оккупацигонд сирийаг Голантæй 1967 азы 4-æм июны уавæры  хаххмæ гæсгæ, Æдасдзинады Советы æмбæлон резолюцитæ сæххæст кæнгæйæ».

Афтæ ма резолюцийы ис бацамынд, зæгъгæ, «сирийаг Голаны дарддæры оккупаци фактон æгъдауæй у ныхдур регионы раст æмæ фидар сабырдзинад къухты бафтын кæнынæн». Уымæй дарддæр ма ИНО-йы Генералон Ассамблейæ сиды Израилмæ сирийаг æмæ ливайнаг здæхтыты бадзырдтæ сног кæнынмæ, афтæ ма курæг у ИНО-йы генералон секретарæй, цæмæй Генералон Ассамблейæйы 79-æм сессимæ æрбавдиса ацы резолюции сæххæст кæныны тыххæй доклад.

АИШ у дунейы иунæг бæстæ, кæцы банымадта Голаны бæрзæндтыл Израилы суверенитет

2019 азы 25-æм марты АИШ-ы экс-президент Дональд Трамп Голаны бæрзæндты официалонæй банымадта Израилы хайыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ рæстæг æрцыд ахæм къахдзæф саразынæн.

Дунейы бæстæты хъысмæт скъуыддзаггæнæгыл сæхи радæй нымайынц АИШ. Искæцы бæстæйы сæргълæууæг куынæ сразы вæййы сæ домæнтимæ, уæд ын йæ ныхмæ растын кæнынц йе ‘мцæдисонты дæр æмæ афтæмæй сызмæнтынц бæстæйы адæмы цард. Иугонд Штаттæ дунейы цал бæстæйы адæмы цард схæццæ кодтой, уыдонæй алкæйы кой нæ кæндзыстæм. Айдагъ Сири æмæ Палестинæйы ныхмæ АИШ цы  аразы, уыдон дæр фагæй фылдæр сты.

Сирийæн Уæрæсе куынæ баххуыс кодтаид террористон къордты скуынæг кæны-нæн æмæ Иугонд Штатты ныхмæ фæлæууыны, уæд абон йæ хъысмæт бæллиццаг нæ уыдаид. Уымæн æмæ АИШ-ы тынг фæндыд Сирийы президент Башар Асады раппарын æмæ афтæмæй бæстæйы адæмы цард зындон фестын кæнын, фæлæ сæ фæндæй ницы рауад. Уæрæсе æфсымæрон бæстæмæ æххуысмæ кæй фæзынд, уымæ гæсгæ.

 

Голаны бæрзæндты историйæ

Голаны бæрзæндтæ сты бæрзонд уæлвæз бынаты цыппар паддзахады – Израиль, Сири, Ливан æмæ Иорданийы арæнтыл. Ацы бæрзæндтыл чи къухдариуæгад кæна, уымæн ацы бæстæты зынгæ территорийыл контроль кæнынæн фадат уыдзæн. Голантæ æнусты дæргъы уыдысты хъаугъайы бæрзæндтæ æмæ цыдысты иу паддзахады къухтæй иннæмæ. Цалынмæ 1944 азы Сири хæдбардзинад нæ расидтис, уæдмæ бæрзæндтæ уыдысты Франц æмæ Стырбританийы. Уый фæстæ систы Сирийы территори. Бæрзæндтæн ис стратегион нысаниуæг.

Уым равæрд уыд сирийаг артиллери æмæ бæстæйы хъахъхъæдта Израилы агрессийæ. 1967 азы æхсæзбонон хæсты рæстæджы израилаг дæлхæйттæ фæстæмæ аппæрстой сирийаг æфсæдты æмæ соккупаци кодтой бæрзæндты. Оккупацийы фæстæ Израиль фæсырдта сирийаг цæрджыты.

Провинцийы центр Эль-Кунейтрайы афтæ тынг ныппырх кодтой æмæ ИНО-йы генералон секретары сæрмагонд минæвар Горан Гюссины бахъуыд фехъусын кæнын, зæгъгæ, горæты ныппырх кæныны бæрндзинад хæссынц израилаг салдаттæ. Лигъдæтты хъуыддæгты фæдыл ИНО-йы комитет та фехъусын кодта, зæгъгæ, цалынмæ нæ ацыдысты, уæдмæ израилæгтæ бульдозер æмæ динамиты руаджы зæххимæ сæмвæз кодтой горæты.

1974 азы Израиль формалонæй Сирийæн раздæхта Голаны бæрзæндты, фæлæ та сæ 1981 азы Израиль ногæй бацахста. Баззадысты дзы цалдæр мин сирийаджы. Голаны бæрзæндтæ экономикон æгъдауæй хæрзвадат район у. Уым ис Израилы минералон дæтты 50 проценты,  нуазыны доны 30%, афтæ ма  сæндæтты зынгæ хай дæр уым уадзынц, уыцы нымæцы экспортон сæнты 40 проценты, 30-50 проценты онг дыргъты æмæ халсарты хицæн хуызтæ уым рæзынц. Æрвылаз дæр регионмæ бацæуы 2 милуан туристы. Цæугæдæттæ бæстæйы донæй нæ ифтонг кæнынц. Израилы куыд нысан кæнынц, уымæ гæсгæ, Голаны бæрзæндты Сирийæн радтын баст уаид Кинереты донæмбырдгæнæн бассейны 70 проценты фесафынимæ, уымæн æмæ уæд Израилы æрцæудзæн экологон катастрофæ æмæ доны дефицит.

Номхуындæй, Голаны бæрзæндты тыххæй Израиль æмæ Сири абоны онг дæр сты хæсты уавæры. Израилаг оккупацийы рæстæджы ацы территорийæ ацыдысты 100 мин пысылмонæй фылдæр, æмæ ма дзы чи баззад, уыдон та нæ разы кæнынц Израилы æмбæстагдзинад райсыныл. Æмбæстагон хæсты рæстæджы Дамаск фесæфта скæсæйнаг Голанты, растадонтæ пысылмæттæ бынат кæй бацахстой, уымæ гæсгæ. Фæлæ Уæрæсейы руаджы Сирийæн йæ бон ссис бæрзæндты скæсæйнаг хайыл контроль фæстæмæ раздахын. Растдæр, уымæн банымадта æвæстиатæй Трамп Израилы суверенитет бæрзæндтыл.

 

АИШ-æн уый фыццаг прецедент нæу

«52 азы фæстæ Иугонд Штаттæн æрбалæууыд рæстæг Голаны бæрзæндты æххæстæй Израилы суверенитет банымайыны тыххæй, кæцытæн ис стратегион нысаниуæг, афтæ ма йын ис Паддзахад Израилы æдасдзинад æмæ регионы стабилондзинады ахсджиагдзинад», – дзырдæуыд йæ уынаффæйы  Америкæйы раздæры президентæн. Уымæй бынтондæр «айрох», дунеон банымадмæ гæсгæ Голаны бæрзæндтæ Сирийы территори кæй сты, уый. Уымæ гæсгæ Бæрзæндты Израилы территорийы хайыл АИШ-ы иуварсон банымадæн иумиагæй ницы нысан ис дунеон барадон нормæты.

Трампы администрацийæн ахæм быцæуты арæзт Израилы пайдайæн фыццаг прецедент нæу. 2018 азы Урс хæдзар Иерусалимы банымадта Израилы столицæйыл æмæ йæ минæварад Тель-Авивæй рахаста Иерусалиммæ, ома, Тель-Авив цы скæсæйнаг хай байста кæддæр Палестинæйæ, уырдæм. Трампы уыцы æнæраст къахдзæф дунейы бирæ бæстæтæм расайын кодта æнæразыдзинад.

Афтæмæй, ИНО-йы резолюци кæд ахсджиаг политикон сигнал у, уæддæр  регионы ницы реалон ивындзинæдтæм æркæндзæн. Æввахс Хурскæсæны сабырдзинад æмæ стабилондзинад къухы бафтын кæнынæн æнæмæнгхъæуæг у политикон уынаффæ райсын, кæцы бындуриуæг кæндзæн æппæт цымыдисгæнæг фæрсты ‘хсæн компромисстыл. Фæлæ ахæм уынаффæ райсыныл та АИШ не сразы уыдзысты. Америкæйы Иугонд Штатты аххосæй абон сектор Газы цы æвирхъау цаутæ цæуынц, уыдон диссагæн дзуринаг сты, фæлæ диссагыл дис ничиуал кæны…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.