Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы официалон балц Сирийаг Арабаг Республикæмæ бацæттæ кæныны фæлгæтты РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр 22 июлы фембæлд Сирийаг Арабаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Валид Муаллемимæ.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой бирæ фарстатыл, кæцытæ хауынц дыу-уæварсон ахастыты райрæзтмæ, æмгуыстады перспективон здæхтытæм, афтæ ма регионы ситуацимæ.

Валид Муаллем раарфæ кодта Медойты Димитрæн æмæ банысан кодта, Сири кæй у суверенон æмæ демократон паддзахад, фидар традицитæ æмæ рагон культурæимæ, цыран уазджыты исынц æхсызгонæй.

Муаллем бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийæн, сирийаг адæмæн кæй æххуыс кæны дунеон терроризмы тыхты ныхмæ тох кæныны хъуыддаджы. Министр ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайын кæй у Сирийаг къухдариуæгады ахъуыдыгонд акт æмæ Сирийаг Арабаг Республикæйы Хицауад, æхсæнадæмон бастдзинæдтæ уæрæхдæр кæнгæйæ, цæттæ кæй у Республикæ Хуссар Ирыстонимæ йæ ахастытæ саразын кæрæдзийæн аргъ кæнын æмæ æмбарады принциптыл.

Медойты Димитр Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады номæй бузныджы ныхæстæ загъта Сирийаг Арабаг Республикæйы къухдариуæгадæн РХИ-йы паддзахадон хæдбардзинад банымайыны фæдыл йæ ахсджиаг æмæ бæрнджын уынаффæйы тыххæй æмæ йæ цæст бауарзта  сирийаг адæмæн тагъд рæстæджы сабырад æмæ стабилондзинад сæ къухты цы бафта. Уыимæ иумæ банысан кодта, Хуссар Ирыстоны адæм кæй хæцынц дунейон терроризмы ныхмæ Сирийы адæмы рæстаг тохы, афтæ ма уыцы здæхты Уæрæсейы Федерацийы æмæ закъонон сирийаг хицауады иумæйаг архайдтыты фарс.

Фембæлды рæстæджы уæлдай хъусдард здæхт уыд тагъд рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы официалон балцмæ Сирийаг Арабаг Республикæмæ.

Медойты Димитр ма Валид Муаллемы фæхуыдта Хуссар Ирыстонмæ. Уый æхсызгонæй сразы ис.

Фембæлды кæрон Медойты Димитр æмæ Валид Муаллем сæ къухтæ æрфысстой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Сирийаг Арабаг Республикæйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны тыххæй Сразыдзинадыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.