17 апрелы Хицауады æмбырды министрты кабинет аскъуыддзаг кодтой Цхинвалы районы Присы хъæуы цæрæг Сиукъаты Игорæн материалон æххуыс бакæнын, 3 апрелы тыхдымгæйы рæстæджы йæ исад кæй бахъыгдард, уый тыххæй.

СÆВÆРДТОЙ ЙЫЛ ЙÆ РАЗДÆРЫ НОМ

Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Уалыты Муртаз уынаффæмæ рахаста фарст Ленингоры районы Æмдзæрины хъæуæн  йæ раздæры ном – Цъинагар раздахын.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Æмдзæрины хъæуæн йæ ном раивын хъæуы йæ историон ном Цъинагарæй, уымæн æмæ рагæй фæстæмæ дæр Цъинагар хуынд.

«Цъинагары хъæуы ном Æмдзæринмæ раивтой 2011 азы 28 апрелы Хицауады уынаффæмæ гæсгæ. 20-æм æнусы  20-æм азты Гаглойты Рутен цы схематикон картæ сарæзта, уым Цъинагары хуссар-скæсæн хай (сых)  хуынд Коммунæ. Уæдæй фæстæмæ ацы сых хуыдтой Коммунайы сых. Уыцы рæстæджы Советон хицауад куыста хъæууонхæдзарадон кондады коллективизацийыл. Цъинагары хъæуы иу сыхы сарæзтой коллективон хъæууонхæдзарадон артель æмæ йæ схуыдтой «Коммунæйы сых». Артель ссис фидæны колхозы бындур. «Коммуна», ома, «æхсæнадон» раивтой   «æмдзæринмæ» æмæ хъæуы ном дæр афтæ схуыдтой», – бамбарын кодта Уалыты Муртаз æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Хицауад йæ уыцы уынаффæйæ  фехæлдта  республикæйы административон-территориалон рæзты закъон, хъæуы цæрджытæн æмбырд кæй нæ  ауагъта æмæ сын сæ фæндон кæй нæ бахынцыдта, уый тыххæй.

«Кæмæдæр афтæ кæсы, цыма «цъинагар» гуырдзиаг дзырд у, фæлæ уый раст хъуыды нæу, уымæн æмæ арæзт у «цин»-æй, «ар» та – арын, ома,  «цин ссарын» кæнæ «амонд ссарын», – бамбарын кодта Уалыйы фырт æмæ бахахх кодта, зæгъгæ, цæрджыты фылдæр хай у хъæуыл раздæры ном –  Цъинагар сæвæрыны æвварс.

ХИЦАУАДЫ УÆНГТÆ СРАЗЫ СТЫ ЗАКЪОНЫ ПРОЕКТЫЛ

Финансты министр Тадтаты Дзамболат уынаффæмæ рахаста «Паддзахадон бюджеты тыххæй»  закъоны проект. Куыд банысан кодта, афтæмæй паддзахадон бюджеты æфтиæгтæ фарон уыдысты 9,1 миллиард сомы, хæрдзтæ та – 9,2 миллиарды. Хыгъдон рæстæджы паддзахадон бюджет æххæст кæныны фæстиуджытæм гæсгæ, сæвзæрд дефицит 126 милуан сомы.

Министры ныхæстæм гæсгæ, паддзахадон бюджеты хъалонты æмæ æнæ паддзахадон организацитæй хъалонты æддейæ æфтиæгтæ 2023 азы уыдысты 1,7 миллиард сомы. Паддзахадон бюджеты иумæйаг гуырахсты ацы суммæ у 18,8 проценты.

ÆНÆМÆНГХЪÆУÆГ ПЕНСИОН ФÆДЗÆХСТЫ ЗАКЪОНМÆ ИВЫНДЗИНÆДТÆ

Фæллой æмæ социалон хъахъхъæдады министр Гаглойты Олег министрты кабинеты размæ уынаффæмæ рахаста «Æнæмæнгхъæуæг пенсион фæдзæхсты закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект. Куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы æмбæстæгтæн бар уыдзæн барвæндонæй æнæмæнгхъæуæг пенсион фæдзæхстады барадон ахастытæ саразын.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, «æмбæстæгтæй бирæты фæнды барвæндонæй æнæмæнгхъæуæг пенсион фæдзæхстад райсын. Уыдонæй нæм æрбалæвæрдтой куырдиæттæ дæр, уæлдайдæр, Уæрæсейы Федерацийы территорийыл чи цæры æмæ  кусы, уыдон.

«Республикæйы æмбæстæгтæн фæдзæхстадон стаж уыдзæн, барвæндонæй Социалон фондмæ фæдзæхстон ахыгъдтæ куы аразой, æрмæстдæр уæд.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.