18-æм февралы ног сæвзæргæ политикон парти «Ирыстоны ног фæлтæр» уазæгдон «Ирыстон»-ы ауагъта бындурæвæрæн съезд. Залы æрæмбырд 100 делегаты бæрц. Хайад дзы истой Юстицийы министрады минæвæрттæ дæр.

Йæ куысты райдианы съезд сфидар кодта боны фæтк. Делегатты иумæйаг хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн равзæрстой съезды сæрдар, президиум, нымæрдар, мандатон æмæ нымайæн къамисы уæнгты. Партийы лидерæй та сси Плиты Константин.

Уый йæ раныхасы банысан кодта, кæй хъавы йæ партийы уæнгтимæ  иумæ ирд æмæ нысанмæздæхт политикон архайд кæнын. Хуссар Ирыстоны алы цæрæгмæ дæр хицæн хъусдард здахгæйæ, æппынæдзух кæй архайдзысты, цæмæй сын скъуыддзаг кæной сæ социалон проблемæтæ. «Ирыстоны ног фæлтæр»-ы лидер ма дзырдта, йæ фарсмæ чи лæууы, уыдон æнæгуырысхойæ кæй сты, стыр разæнгард кæмæ ис æмæ бæрнон уынаффæтæ райсынхъом чи у, ахæм адæймæгтæ. «Политикон партитæй нæ адæмы хæрзиуæгыл чи архайы, уыдон æмбал стæм мах дæр. Стыр бынæттæ бацахсынмæ нæ тырнæм, ахæмты адæм сæхæдæг тагъд базонынц æмæ бамбарынц. Республикæйы хъысмæтыл, адæмы абоны æмæ фидæныл баст хъуыддæгтыл кæй кусдзыстæм, æххуысхъуаг адæмæн æххуыс кæй кæндзыстæм, уыцы хæс исæм нæхимæ. «Ирыстоны ног фæлтæр» нæхи уымæн схуыдтам æмæ не ‘хсæн ис бирæ æвзæнгтæ, иууылдæр стæм, егъау хæстæ скъуыддзаг кæнын йæ бон кæмæн у, ахæмтæ. Кæд æмæ регистраци æрцæуа нæ политикон парти, уæд нæ сæйраг хæсыл нымайдзыстæм Фыдыбæстæйæн ныфсджын æдасдзинад ифтонг кæнын, национ иудзинад хъахъхъæнын, экономикæйы рæзт, æмбæстæгты фæрныгад, инновацион идейæтæ биноныг кæнын æмæ уæхскуæзæй кусын. Алы районты дæр агурдзыстæм хъаруджын фæсивæд, нысанмæздæхт æмæ æргом адæм, кæмæй ис депутатон мандаты аккаг чи у, ныфсбавæрæн рæстдзинад æмæ бæстæйы æнтыстджын рæзты хъуыддаджы», – дзырдта йæ доклады «Ирыстоны ног фæлтæр»-ы лидер Плиты Константин. Уæлдай æхсызгон уыдис, съездмæ хуынд уазджытæ æмæ журналисттæн парти «Ирыстоны ног фæлтæр»-ы бындурæвæрæн съезды оратортæ фылдæр иронау кæй дзырдтой.

Юстицийы министрад аргъ скæндзæн съезды куыстæн, æмбæлон документты пакет сæм куы бахæссой «Ирыстоны ног фæлтæр»-ы уæнгтæ, уæд. Кæд æмæ ницы рæдыдтытæ æмæ цухдзинæдтæ ссарой уым партийы уставы, уæд регистраци æрцæудзысты æмæ дарддæр акæндзысты сæ куыст.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.