«Едыс-Цхинвал»-ы магистралон доны реконструкци хаст æрцыд 2024 азæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ. Объекты арæзтад райдайдзæн майы мæйы райдианы. Йæ проектыл ын бакуыстой ивгъуыд азы, арæзтад йæхимæ райста Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал». Арæзт цæудзæн цалдæр азы, хицæн ын æрцæудзæн 600 милуан сомы бæрц.

Проектыл бæстон бакуыста Красноярскы донуадзæн системæты «Водоканал проект»-ы фæлтæрдджын организаци. Сæ минæвæрттæ нæ республикæмæ æрцыдысты Хицауады æрхуындмæ гæсгæ æмæ бынаты федтой доны транспортировкæ æмæ ма бакодтой геодезион куыстытæ дæр. Ныртæккæ Цхинвалмæ Едысæй цы дон цæуы, уымæн суткæйы мидæг йæ дебет у 8-9 мин кубометры. Фæлæ донуадзæн куы сырæза, уæд та суткæйы дæтдзæн 15 мин кубометры дон. «Горæт хъуамæ æнæкъуылымпытæй иса дон. Мах анализ скодтам зæронд системæйæн. Уыйбæрц базæронд ис æмæ дзы цы дон цæуы, уымæн йе ‘мбис сæфы фæндагыл. Хæтæлтæ иууылдæр сты зæронд, хуынчъытæ, æмпъызтытæ. Советон дуджы арæзт æрцыд ацы доны ифтонгад. Гуырдзиаг хъæуты дæр, уыцы ифтонгад уыдис. Ныххуынчъытæ-иу кодтой хæтæлтæ æмæ уырдыгæй донхæр кодтой сæ цæхæрадæттæ. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй донæмбырдгæнæн цъайтæ сыджыты бын фесты. Проектгæнджытæ сныв кодтой ног цъайтæ, уыдон баиу уыдзысты иумæйаг доны системæмæ», – зæгъы «Водоканл»-ы пресс-службæ.

Проект вазыгджын кæй у уымæ гæсгæ  æрцæудзæн арæзт дыууæ этапæй. Фыццаг  уал ауадздзысты доны хæтæлтæ. Æвæргæ та сæ кæндзысты ахæм бынæтты, цæмæй мацы зиан æрхæссой, цы цæрæн пунктыл цæудзысты, уыдоны цæрджытæн. Доны хæтæлтæй дарддæр ма сараздзысты цалдæр егъау донæм-бырдгæнæны, кæцыты цæудзæн 9-10 мин кубометры дон. Уым æвæрд æрцæудзæн донсыгъдæггæнæнтæ. Æппæт ацы куыстытæ хъуамæ фæуой фæззæджы æмбистæм. Фæстæдæр хæххон рельеф бар нал фæдæдты схуылыдз æмæ сцъыфдзаст  вæййы зæхх. Уымæ гæсгæ  куыстытæ адарддæр кæндзысты дыккаг аз, уалдзæджы. Фæлæ æппæт куыстытæ куы фæуой, уæддæр цæмæй донхæтæл æппæт гуырахстæй скуса, уый тыххæй горæты дæр хъæудзæн бæрæг куыстытæ бакæнын. Горæты мидæг бирæ рæтты ис зæронд цъайтæ, уыдон æнæмæнг иууылдæр ивд хъуамæ æрцæуой. Фæстаг цалдæр азы кæд бирæ уынгты доны хæтæлтæ раивтой, уæддæр нырма фылдæр рæтты æдзæллаг уавæры сты.

P.S. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм алы уалдзæджы æрбалæудимæ горæтмæ Едысæй цы дон цæуы, уымæн йæ дебет æрхауы. Сæрдыгон  Едысы донмæ баиу кæнынц Брытъаты æмæ Дзомагъы дæттæ. Фæлæ мит куыд тайы, афтæ уыдон размæнтынц æмæ та сæ сæхгæнынц. Уымæ гæгæ дон нал фæфаг кæны горæты цæгат фарс цæрджытæн. Цалдæр азы размæ ма сырæзт иу проект «Уанат-Цхинвал», фæлæ уый донæй сифтонг кодта æрмæстдæр горæты иу æмбис. Ныр «Едыс-Цхинвал»-ы проект дæр арæзт куы фæуа, уæд дон фаг уыдзæн æгас горæтæн. Æмæ Цхинвалы цæрджытæ бирæ азты цæмæ бæллыдысты, уый сæ къухты бафтдзæнис. Фæлæ уæддæр хъуамæ алчидæр зона, дон хæдзардзинæй куы нæ хардз кæной, уæд  та  нæ фаг кæндзæнис.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.