Президент Гаглойты Алан «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майданæй схорзæхджын кодта Азат Нуртышевы 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийы рæстæджы равдисгæ æхсардзинад æмæ хъайтардзинады тыххæй.

Президент раарфæ кодта Азат Нуртышевæн æмæ йын Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмæ йæ адæмы номæй бузныг загъта æхсардзинады тыххæй.

«Æхсызгон мын у Цхинвалмæ де ‘рцыд, æмæ махæн дæр 15 азы фæстæ фадат ис дæуæн бузныг зæгъын де сгуыхтдзинады тыххæй æмæ йæ уæлдæр паддзахадон хорзæхæй банысан кæнын», – загъта Гаглойты Алан.

Уый Азат Нуртышевы фæхуыдта республикæмæ ацы аз августы мæйы Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымайыныл 15 азы сæххæсты бон нысан кæнынмæ.

Азат Нуртышев æрымысыд, Хуссар Ирыстоны  хæстон архайдтытæм йе ‘мбæлттимæ æрвыст куы æрцыд, уыцы бон.

«Тактикон къорды батальоны сконды мах фæдисмæ гæсгæ рацыдыстæм Хуссар Ирыстонмæ 7-æм августæй 8-æм августмæ æхсæвы Алагиры хъæуæй, цыран махæн уыд ахуыртæ. Æрцыдыстæм Зары фæндагыл, Цхинвалмæ не ‘рхæццæ стæм, афтæ бахаудыстæм æрхъулайы», – загъта уый.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.