Хорзæх лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинад хъахъ­хъæныны рæстæджы равдисгæ æхсардзинад æмæ удуæлдайдзинады тыххæй.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта Райгуырæн зæхх хъахъхъæныны хъуыддаджы Гобозты Рустомы стыр лæггæдтæ.

«Ды дæ раппæлинаг адæймаг. Арæнгонд физикон фадæттæм нæ кæсгæйæ, ды дæ алыварс адæмæн лæвар кæныс дæ энергетикæ, æххæст дæ энерги æмæ тыхтæй. Ды махæн дæттыс ныфс æмæ моралон тых. Стыр бузныг дын, мах дæуæй сæрыстыр стæм!», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады Гобозты Рустом бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт инвалидтæм йæ хъусдард æмæ æххуысы тыххæй.

«Стыр кад у, бæстæйы къухдариуæгад дын дæ хъуыддæгтæн аккаг аргъ кæна, æмæ дæ куы хъуыды кæна, уый. Ды алы хатт æнæмæнгхъæуæг æххуыс кæныс алкæмæн дæр. Стыр бузныг дын зæ-гъын!», – загъта уый.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.