Фыдыбæстæйы цытджын хъахъхъæнджытæ, республикæйы Гарзджын тыхты ветерантæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн.

23 февраль у ахæм бæрæгбон, кæцыйы æрбаиу сты æхсардзинад, кад, хæсыл æнувыддзинад, Райгуырæн зæххæн лæггад кæнын. Нæ сæрæй ныллæг кувæм, знаджы ныхмæ цы салдаттæ слæууыдысты æмæ цы æхсардзинад æмæ хъайтардзинад равдыстой, уый раз. Кад кæнæм хæстонты æппæт фæлтæртæн, æхсарджын адæймæгтæн, кæцытæ цæттæ сты кæдфæнды дæр йæ хæдзар, йæ бинонты æмæ Фыдыбæстæйы бахъахъхъæнынмæ слæууынмæ.

Ацы бæрæгбон у хорз фадат, цæмæй бузныджы ныхæстæ зæгъæм, нæ паддзахаддзинад чи бахъахъхъæдта, уыцы хъахъхъæнджытæн. Уыдон абон дæр хъахъхъæнынц бæстæйы, на-цион æргъадты æдасдзинад æмæ нæ адæмы фидæн.

Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын ветерантæн дæр сæ æхсарджын службæйы, хæсыл æнувыддзинады тыххæй. Сæ хæстон сгуыхтдзинæдтæ бæстæйы фидæны фæлтæртæн сты ирд цæвиттон.

Абон махæн æнæрымысгæ нæй, сæрмагонд æфсæддон операцийы цы лæппутæ хайад исынц, уыдон. Уыдон аккагæй дарддæр кæнынц сæ фыдты æмæ дадаты хæстон традицитæ. Хорз цæттæдзинад, уды хъæддыхдзинадимæ уыдон кадимæ æххæст кæнынц се службæ, ныфсхастдзинад, æхсардзинад, хъæбатырдзинад æмæ æнгомдзинад æвдисгæйæ.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ сабырад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Æлборты Алан

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны цытджын цæрджытæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн.

Ацы бæрæгбон ссис хæстон æхсардзинад æмæ патриотизмы символ, æрбангом кодта, Райгуырæн зæххæн æнувыдæй чи лæггад кæны, йæ хæдбардзинад æмæ æдасдзинад ын чи иф-тонг кæны, уыдоны.

Мах сæрыстыр стæм нæ республикæйы хъайтарон историйæ, нæ хæстонты хъæддыхдзинадæй æмæ мысæм, Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ чи фæмард,  уыдоны рухс нæмттæ.

Стыр бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын, абон сæрмагонд æфсæддон операцийы чи ис, уыцы хæстонтæн. Тагъд рæстæджы цы æрыздæхат уæ хæдзæрттæм уæлахизимæ, æнæнизæй!

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмæн мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ æнтыстытæ! Абон раззаг хаххыл чи тох кæны, нæ хæстонтæм чи æнхъæлмæ кæсы, уыдонæн та тагъд рæстæджы сабыр цардмæ раздахыны фæндиæгтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.