Семæ не сразы сты иннæтæ

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдуагæвæрды фæдыл парламентон комитетæн уыд рабадт. Уагъта йæ комитеты сæрдар Диакъонты Амиран.

Политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы сæрдар Бибылты Ацæмæз фæндон бахаста, цæмæй боны фæткы цы цыппар фарст уыд, уыдонæй дыууæ пункты аргъæвой радон рабадтмæ.

Депутаттæ уынаффæ кодтой «Æвзæрстыты барты сæйраг гарантитæ æмæ референдумы республикæйы цæрджыты хайад райсыны барты тыххæй» æмæ «Парламенты депутатты æвзарыны тыххæй» Конституцион закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыныл.

Закъоны проекты нысан у депутатон мандатты дисбаланс аиуварс кæнын. Закъонмæ гæсгæ, кæд политикон парти æвзæрстыты рæстæджы 7 проценты хъæлæстæ райса, уæд-иу бацыд Парламентмæ, фæлæ иуæй-иу депутатты фæнды 7 проценты бæсты снысан кæнын 3 процентон барьер, ома, дам, уæд закъон дæр æмæ æвзæрстытæ дæр уыдзысты демократон.

Ацы фæндоныл разы уыд Диакъонты Амиран дæр. Куыд банысан кодта, афтæмæй закъоны текстмæ бахæссын хъæуы 7 проценты барьер 3 процентæй баивыны тыххæй барасткæнинаг.

«Ивындзинæдтæ бахæссын хъæуы «РХИ-йы политикон партиты тыххæй» закъонмæ дæр, цыран нысан æрцыд 7 проценты барьер. Уымæн æмæ 7 проценты бæрзонд «къæсæр» у æмæ политикон партитæй бирæтæ нæ ахизынц йæ сæрты, рацух вæййынц республикæйы царды хайадистæй», – банысан кодта Диакъонты Амиран.

Депутат Санахъоты Давид дæр разы у закъонмæ ацы барасткæнинаг бахæссыныл.

«Кæд æмæ закъонмæ гæсгæ, 500 адæймагæн политикон парти  саразыны  бар ис, уæд сын цæмæннæ хъуамæ уа сæхи мандаттæ Парламенты», – банысан кодта депутат.

Национ политикæ, культурæ, дин æмæ дзыллон информацийы фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тадтаты Алан ацы фæндон растыл нæ банымадта.

Банысан кодта, зæгъгæ, политикон парти «Иууон Ирыстон» ацы фæндоны фарс нæ рахæцдзæн, уымæн æмæ йын техникон æгъдауæй нæй банымайæн.

«Гæнæн ис, адæймаг райса æртæ проценты дæр, æмæ цыппар проценты хъæлæстæ дæр, фæлæ уыцы партийæн мандаттæ нæ уыдзæн, уымæн æмæ сын банымайæн нæй», – загъта Тадтайы фырт æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Парламенты куыст нолмæ ма æппарут,  мандатты ма хайгай кæнут.

Дарддæр фарстыл уынаффæ  кæндзысты Президиумы радон рабадты.

Æмбырды дыккаг фарста уыдис «Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентмæ депутаттæ æвзарыны тыххæй» Конституцион закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй закъоны проектыл.

Проект уынаффæмæ  рахаста  Санахъоты Давид.

Закъоны проекты нысан у Централон æвзарæн къамисы басгæрсты фæткмæ ивындзинæдтæ æмæ барасткæнинæгтæ бахæссын, политикон партитæ æмæ кандидаттæ цы бæрæггæнæнтæ бавдисынц, уыдоны бæстондæр  бæлвырд кæныны тыххæй.

Санахъоты Давиды хъуыдымæ гæсгæ, 2019 азы æвзæрстыты рæстæджы политикон партитæ æмæ кандидаттæн се ‘взарыны бартæ бирæ хæттыты æрцыдысты хæлд, Централон æвзарæн къамис сын къухфыстыты тыххæй цы сыфты хызæгтæ радта, уыдон актуалон кæй нæ уыдысты, уый аххосæй. Уый фæстиуæгæн бирæ кандидаттæ регистраци не ‘рцыдысты, уымæн æмæ-иу сын регистрацийæн нæ фаг кодта цавæрдæр документ.

Закъоны проекты нысан у æвзæрстыты хайад исыны тыххæй политикон партитæн æмæ депутаттæм кандидаттæн æмбæлон уавæртæ саразын. Закъоны проект бæрнджын кæны Централон æвзарæн къамисы, цæмæй сæм кандидаттæ æмæ политикон партитæ цы документтæ бадæттынц, уыдон исты цух куы разыной, уæд сæ сраст кæной банысангонд æмгъуыды фæлгæтты.

Профилон комитеты радон рабадты Закъоны проектыл уынаффæ кæндзысты.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.