Абон ахæм рæстæг æркодта, æмæ æдзух нæ кæстæрты куынæ хъахъхъæнæм, раст фæндагыл сæ куынæ æфтауæм, æмбарæн куыст куынæ кæнæм семæ, уæд сын тас у рæдыд фæндагæй. Уæмæн æмæ рæстæг ахæм у.

Ууыл уыд сæ ныхас Экстремизм æмæ терроризмы ныхмæ къамисы экспертон советы æнæрадон æмбырды хайадисджытæн. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнæг æмæ цæстдарæг ведомствæты, стæй æххæстгæнæг органты разамонджытæ.

Ныхас, сæйрагдæр, цыдис æхсæнадон-полититкон, Уæрæсейы паддзахадон бындур æмæ иудзинад, йæ территорион æнæхъæндзинад фехалыны тыххæй провокацион акцитæ ма ʻруадзыны уæлæмхасæн мадзæлттыл, нæ кæстæрты рæдыд фæндагæй бахизыныл.

Куыд зонæм, афтæмæй исты террористон фыдбылыз куы ‘рцæуы, уæд уымæй арæх спайда кæнынц æдзæсгæмттæ æмæ сæ сæртæ сдарынц алырдыгæй. Æнæуый дæр тарст адæммæ æрвитынц алыхуызон информаци-фейктæ, тæрсын сæ кæнынц, се ‘нкъарæнтыл сын хъазынц. Кæм цыма чидæр халæн æрмæг сæвæрдта, кæм та террористтæ скъола, рæвдауæндон бацахсынмæ хъавынц, кæм зæххыл æппæрст предметты цыдæртæ бавæрдтой æмæ афтæ дарддæр. Мæскуыйы æрæджы цы фыдбæллæх æрцыди, уый фæстæ сын бынтон арт æмæ фæнык нал ис. Уæрæсейы иннæ горæттау, Ирыстоны цæрæг скъоладзаутæ дæр социалон хызты æбæрæг адæмæй исынц фæдзæхстытæ, цæмæй стыр æхцатыл террористон акттæ скæной. Сывæллон куынæ сразы вæййы, уæд та йæ тæрсын кæнынц. Зæгъæм: «Æз дæ зонын кæм цæрыс æмæ дæ ссардзынæн», «Æрмæст дæу нæ фесафдзыстæм, фæлæ дæ хиуæтты дæр», «Тынг фæфæсмон кæндзынæ» æмæ афтæ дарддæр. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм хъусинæгтæ цæуынц Украинæйы регистрацигонд аккаунттæй.

«Ныртæккæйы уавæры, фыдгæнджытæ нын сæ чъизи хъазты нæ сывæллæттæй спайда кæнынмæ кæм хъавынц, уæд мах хъæуы къæрцхъус уæвын. Курæг дæн ныййарджытæй, цæмæй сæ кæстæртимæ профилактикон куыст кæной. Ахсджиаг у, цæмæй ахæм хъусинаг райсгæйæ, æвæстиатæй сæ ныййарджытæн фехъусын кæной. Уыдон та – барадхъахъхъæнæг органтæм. Рæстæгыл райсгæ мадзæлттæ мах бахиздзысты фыдбылызæй», – йæ раныхасы банысан кодта Ахуырад æмæ зонады министр Алыбегты Эллæ.

Æмбырды бакуыстой дарддæры архайды цалдæр планыл, кæцытæ здæхт сты информацион пропагандæйы ныхмæ æмæ æхсæнведомствæйон æмархайд стыхджын кæнынмæ. Æркастысты æмæ хатдзæгтæ скодтой республикæйы цæрæг мигрантты куыст æмæ архайды тыххæй.

                                                             Нæ  уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.