Знауыры поселочы уагъд æрцыд меценат æмæ æхсæнадон архайæг Къæбысты Зурабы номарæн турнир дзюдойæ. Хайад дзы райстой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны æвзонг богалтæ. Ерыстæ официалонæй байгом кæныны рæстæджы  РХИ-йы дзюдойы федерацийы президент Гæбæраты Инал бузныг загъта ерысты хайадисджытæн. Банысан кодта, зæгъгæ, Къæбысты Зураб бирæ сарæзта, цæмæй республикæйы рæзгæ фæлтæрæн фадат уыдаит спортæй архайынæн.

«Къæбысты Зураб стыр хайбавæрд бахаста Знауыры районы дзюдойы скъолайы сырæзтмæ.  Алы хатт дæр уыд нæ фарсмæ æмæ нын кодта алыварсон æххуыс. Æрæджы уыд йæ райгуырæн бон. Æмæ ацы ерыстæ уадзæм йæ номыл. Йæ хайадисджытæн ахæм ерыстæ фæахъаз вæййынц сæ цæттæдзинад фæхуыздæр кæнынæн», – банысан кодта Гæбæраты Инал.

Æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта РХИ_йы фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Гасситы Сослан. Куыд загъта, афтæмæй Къæбысты Зураб уыд йæ райгуырæн бæстæйы æцæг патриот. Банысан кодта, зæгъгæ, йын æхсызгон у йæ номарæн турниры афтæ бирæ æвзонг спортсментæ хайад кæй исынц, уый.

Къæбысты мыггаджы номæй раныхас кодта Къæбысты Инал. Уый цыбыртæй радзырдта Зурабы цардвæндаг æмæ хæрзаудæн архайды тыххæй. Турнирмæ æрбацыд æмæ æвзонг спортсменты архайдмæ йæ хъус дардта Къæбысты Зурабы цардæмбал Гæбæраты Нана.

Ерыстæ байгом кæныны рæстæджы ма дзюдойы рæсугъддзинад равдыстой Знауыры районы дзюдойы скъолайы хъомылгæнинæгтæ, УФ-йы æмбырдгонд командæйы уæнгтæ Уалыты Сослан æмæ Къæбысты Азæмæт. Уыдон æвзонг спортсментæн ауагътой цыбыр мастер-кълас.

Труниры фæстиуджытæм гæсгæ командон хыгъды фыццаг бынат бацахстой Знауыры районы минæвæрттæ. Дыккаг ссис Михайловскы командæ, æртыккаг та систы беслæнаг дзюдоисттæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.