Æрвылбон дæр Цхинвалы автостанцæй Знауыры ‘рдæм афæндараст вæййынц автобустæ æмæ сæ лæггады хай æнæзæрдæхудтæй бакæнынц бæлццæттæн. Харебаты Исахъы уынджы ныгуылæнæрдыгæй кæрон. Ацы ран дæргъвæтин азты нæ уыд, мæгуырау боныгъæдты бæлццæттæ кæм балæууыдаиккой, ахæм æрлæууæн бынат æмæ тыхстысты. Уавæр быхынцыд æрцыд æмбæлон органты æрдыгæй æмæ дзы æрæджы сырæзт ахæм мæнгагъуыст. Ныр æмбæстæгтæн бирæ фенцондæр уыдзæн, уыдзысты æдыхстдæр æмæ бузныг зæгъынц йæ бацæттæгæнджытæн.

Хуыбиаты Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.