Знаг та нæ ныццавта, æнхъæл кæцæй нæ уыдыстæм, уырдыгæй. Ныццавта мæнгардæй æнæхæцæнгарз адæмы, сывæллæтты, сылгоймæгты. Знаг хæсты быдыры дæрæн кæй цæуы, уый тыххæй сæ тыхтæ радтой æндæр хуызы тохмæ, æнæаххос адæмы цæгъдынмæ. Ныккалд та туг.

Ирыстонæн дæр та сног сты йæ хъæдгæмттæ, террористты аххосæй бирæ туг кæм фæкалд, уыцы Ирыстонæн, æмæ хъыг кæнынц æнæхъæн Уæрæсеимæ иумæ. Цæгат Ирыстоны бынмæ æруагътой паддзахадон тырысатæ. Ивд æрцыдысты æппæт хиирхæфсæн, культурон æмæ спортивон мадзæлттæ. Æхгæд æрцыдысты базæрттæ, стыр фæлхасадон центртæ. Республикæйы барадхъахъхъæнæг органтæ рахызтысты фæтынгдæргонд куысты фæткмæ. Уынгты зилынц пъæлицæйы радхæссæг къордтæ. Горæтмæ æрбахизæн постыты машинæтæ цæуынц бæстон сгæрст. Урæд æрцыд, каникулты рæстæджы чи хъуамæ куыстаид, уыцы лагерты куыст. Уæлдай хъусдард цæуы электрон æмæ газы тыхдæттæг объекттæм, цæмæй дзы æнахуыр предмет ма фæзына. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фæсидт цæрджытæм:

«Фыдгæнджытæн сæ нысан æрмæст марын нæу, фæлæ фæтæрсын æмæ æхсæнады ныддихтæ кæнын, æнæуынондзинад равзæрын æмæ адæмы паддзахады разамынды ныхмæ скæнын.

Ныртæккæ ахсджиаг у алыхуызон мæнг информацитæм ма хъусын æмæ æрвонг зондæй хъуыды кæнын, цæмæй фыдгæнджытæн сæ фæндтæ сæ къухы ма бафтой. Æууæндут æрмæстдæр официалон гуырæнтыл».

Терроризмы зынгæй чи басыгъд, Беслæны уыцы цæрджытæн сæ дудгæбæттæ сног сты. 24 мартъийы райсомæй пырх скъолайы залы ссыгътой фæмардуæвæг удты номыл мыдадзын цырæгътæ. Уыдон сыгъдысты æхсæв æнафонмæ. Уырдæм æнæрцухæй фæцыдысты адæм æмæ ардтой трагедийы амæттæгты ном. Уырдæм æрбацыдысты Хицауады уæнгтæ дæр æмæ скъолайы, стæй уæлмæрды «Хъыггæнæг бæласы» раз сæвæрдтой дидинджытæ.

Республикæйы амалхъомтæ дæр сæ æгæрон хъыг равдыстой. Уынгты баннертыл сын цы рекламæтæ уыд, уыдон хъыджы ныхæстæй раивтой. Уымæй дарддæр, цæттæ сты, кæм бахъæуа, уым баххуыс кæнынмæ.

Нæй зæгъæн не стыр хъыг хуымæтæг ныхæстæй. Ирыстон цал теракты бавзæрста, цас адæмы фæкодтой зæрдæхæлд фыдгæнджытæ. Ныр цалдæр азы сулæфыдыстæм. Ирыстоны нæ, фæлæ Уæрæсейы горæтты дæр теракты цаутæ нал уыди, фæлæ та знаг райхъал. Æмæ не ‘рлæудзæн, цалынмæ терроризмы, Бандерайы фæдонты уидæгтæ рæбыныл лыг не ‘рцæуой, уæдмæ. Уымæн æмæ æндæр хуызы уæлахиз сæ къухы нæ бафтдзæн. Мах та сæ ныхмæ хъæуы æнгомдæр æрбалæууын. Æмзонд адæм хох фæлдахынц.

Чысыл ма бабыхс дæ зындзинæдтæн, Фыдыбæстæ! Фыдлæг æмæ фыдбон бирæ нæ хæссынц. Уæлахиз уыдзæн немæ!

Нæ  уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.