Сæрмæтæн йæ царды фæндаг райдианы ницæмæй хицæн   кодта йæ кары лæппутæй. Райгуырд Санкт-Петербурджы. Ам бацыд скъоламæ дæр. Фæлæ уый фæстæ йæ ныййарджытæ цæрынмæ рацыдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ цалдæр азы скъолайы уым фæцахуыр кодта. Ахуыр кодта нæ горæты 9-æм скъолайы дæр. Йе ‘мбæстагон хæс бафыста РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады. Ахуыр дæр кодта нæхи паддзахадон университеты. Уæрæсейы 4-æм æфсæддон базæмæ кусынмæ бацыд 2018 азы. Бæрндзинад йæхимæ райсынæй чи нæ тæрсы, ахæм æфсæддон у Джиоты Сæрмæт æмæ йæ хистæр командагæнджытæ уарзынц.

Дыууæ азы размæ, сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд йе ‘мбæлттæй бирæтæ сæ куыстытыл сæ къух систой. Фæтарстысты зындзинæдтæ æмæ фыдæбæттæй. Сæрмæт йæ мадæн иунæг у, мад æмæ йын хиуæттæ лæгъстæ кодтой, ома, фехал дæ контракт, ма ацу хæстмæ, æнæ æфсæддон куыстæй дæр фæцæрдзынæ, зæгъгæ. Фæлæ Сæрмæтæн йæ ныхас уыд «Адæмы цæст уынаг у, куыд мæ ардаут æгад хъуыддагыл?». Йæ ныййарæг мад куы бамбæрста, æнæ ацæугæ йын нæй йæ фыртæн, уæд æй цадæггай цæттæ райдыдта. Хъарм дарæсæй суанг хосты онг алцыдæр самал кодта йæ фыртæн æмæ йæ Дунесфæлдисæг æмæ дзуæрттæн бафæдзæхста.

Донецкмæ куы ныххæццæ сты 4-æм æфсæддон базæйы хæстонтæ, уæд сæ уайтагъд раззаг рæнхъыты слæууын кодтой. Фæлтæрддзинад дæр сæм  куыннæ уыд, фæлæ фыццаг бонты фронты раззагон хаххыл цы хæццæдзинад уыд, уый бирæ лæппуты зæрдæты тасдзинад бауагъта. Сусæггаг нæу бирæтæ ралыгъдысты фронтæй. Фæлæ дзы баззад уым дæр, йæ сæрмæ  æгад чи не схаста, ахæмтæ. Уыдоны ‘хсæн Сæрмæт дæр. Ныртæккæ уыцы лæппутæ сты  Запорожьейы здæхты. 2022 азы акоппытæ къахгæйæ Джиоты Сæрмæтæн тынг срыстис йæ астæуыстæг, уымæ гæсгæ дзæвгар фæхуыссыд госпиталы. Йæ рыстытæ куы æрнымæг сты, уæд та уайтагъд ацыд фронтмæ. Йæ бинонттæ йæм хатыдысты, ома, рынчын дæ æмæ уал дæхицæн схос кæн. Йæ мад дæр уæззау операци сарæзта æмæ йæм фæкæсын хъуыд. Фæлæ Сæрмæт бахатыд йæ хæстæджытæм:

«Фæкæсут мын мæ мадмæ. Ныртæккæ ахæм дуг у æмæ йæ къах, къух æмæ йæ сæр бынаты кæмæн сты, уый, æнæмæнг, хъуамæ уа хæсты. Уæрæсейы Федерацийы дæр мах сæр гъеныр хъæуы. Бæргæ нæ хæцыны сæр куы нæ хъæуид, фæлæ махмæ дæр Гуырдзыстон знаджы цæстæй кæсы, сомбон нæм ничиуал фæкæсдзæнис».

Ахæм  ныхæстимæ фæстæмæ зæрдæхсайгæйæ ацыд, йæ хæстон æмбæлттæ кæм уыдысты, уырдæм.

Джиоты Сæрмæты бафарстон зæгъын нæ фæсмон кæныс, йæ рæстæджы æфсæддон професси кæй равзæрста, ууыл. Дзæвгар фæхъуыды кодта æмæ стæй афтæ загъта: «Хъуыды кæнын чи зоны, уыцы адæймагмæ, æнæмæнг, сæвзæры фарст, мæ царды нысан цы у а-дунейыл. Хъуамæ дын уа нысан, кæннод æхсæнадæй арфæйаг никуы уыдзынæ. Ирон адæммæ кæдфæндыдæр фидар æвæрд уыд иу хъуыддаг – хъуамæ дыл æмгæртты зæрдæ ма бахуда. Уым ис æгъдау дæр æмæ фарн дæр. Ам, знаджы ныхмæ лæууыны ма, аргъ цæуы ныфсхастæн дæр. Хæсты хъæздыгдзинад æмæ хæзнатæн æппындæр ницыуал нысаниуæг ис. Æнæгуырысхойæ уын зæгъын, зæрдæйы парахатдзинад, уæздандзинад æмæ адæймагдзинадæй хуыздæр Дунескæнæг ницы радта лæгæн. Ирон фæрнджын  лæджы ном хæссын куы зонай, уæд дæхи амондджын хон»

Джиоты Сæрмæт у бирæ хорзæхты хицау. Суанг ма хъахъхъæнынады министрады куы куыста, уæддæр ын уыд хорзæхтæ. Фæлæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын иууыл зынаргъдæр сты, дыууæ азы хæсты уæвгæйæ цы хорзæхтæ райста, уыдон – Донецкы адæмон республикæйы медаль «Воининтернационалист», «Жуковы орден» æмæ «За боевые заслуги» медаль.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.