Цхинвалы 2-æм астæуккаг гвардион скъолайы уагъд æрцыд Æхсардзинады урок – «Хъайтартæй нæ райгуырынц, хъайтартæ свæййынц», зæгъгæ. Урокмæ æрбацыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы батальон «Алани»-йы хæстонтæ – Цхуырбаты Гурам, Тыджыты Александр, Кокойты Рагим æмæ Зæгъойты Рустам. Мадзалы ма хайад райстой Национ бангы сæргълæууæг Джиоты Жаннæ æмæ æндæр уазджытæ.

Æхсардзинады урокы фæлгæтты ахуырдзаутæн фадат уыд хæстонтимæ аныхас кæнынæн. Лæппутæ сæ Райгуырæн бæстæмæ æрцыдысты æрмæстдæр цалдæр бонмæ, фæлæ æндыгъд графикмæ нæ кæсгæйæ, уæддæр рæстæг ссардтой æмæ æхсызгонæй фембæлдысты рæзгæ фæлтæримæ.

Мадзал райдыдта цытджын æгъдауæй стенд байгом кæнынæй. Ууыл конд сты, ацы скъолайæ сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад чи исы, уыцы рауагъдонтæй 46 хæстоны къамтæ. Уымæй дарддæр ма сæ фарсмæ конд  сты сæ дадаты æмæ сæ дадаты фыдты къамтæ дæр, кæцытæ хайад истой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты  æмæ хæстон конфликтты.

Уазджытыл сæмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ уæливых æмæ дзаггарзимæ. Хæстонтæн раарфæ кодта æмæ сæ Ирыстоны зæдтæ æмæ дзуæрт-тæн бафæдзæхста скъолайы ахуыргæнæг Наниты Михаил.

Скъолайы актон залы мадзал байгом кодта ахуырадон уагдоны директор Михаилиди Ольга. «Абон Ныгуылæн бæстæтæ æмæ йе ‘мцæдисонтæ зыгъуыммæ кæнынц истори æмæ махæн иууыл стырдæр хæс у рæстдзинад бахъахъхъæнын æмæ йæ адарддæр кæнын. Махæн ахсджиаг у зонын, нæ фарсмæ кæй цæрынц, ахæм адæймæгтæ, кæцытæ кæдфæнды дæр цæттæ сты баххуыс кæнынмæ. Нæ стратегион партнер Стыр Уæрæсейы æххуысы сæр куы бахъуыд, уæд æвæстиатæй сæ фарсмæ балæууыдысты нæ ирон цæхæрцæст лæппутæ æмæ цæстæвæрæн фесты сæ хъæбатырдзинадæй», – загъта уый.

Уазджытæ æмæ ахуырдзаутæн равдыстой документалон кинонывтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы тыххæй. Байхъуыстой УФ-йы президент Владимир Путин æмæ РХИ-йы Президент Гаглойты Аланы раныхæстæм сæрмагонд æфсæддон операци Уæрæсе цæмæн райдыдта, уый тыххæй.

Æхсардзинады урокы фæлгæтты йæ организатортæ æрæмбырдуæвджыты хъусдард аздæхтой сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг Остъаты Рустамы (йæ фæсномыг Хъæбул) сгуыхтдзинæдтæм. Уый у хæстон архайдтыты иууыл æвзонгдæр хайадисæг, фæлæ йæ кармæ нæ кæсгæйæ, батальон «Аланийы» сконды йæхи равдыста, куыд æцæг хæстон, афтæ. Ныртæккæ уæлдæр ахуырад исы Мæскуыйы. «Хъæбулы» сгуыхтдзинæдтæ æмæ хъайтардзинады тыххæй радзырдтой йе ‘мтохгæнджытæ. «Остъаты Рустам  рæзгæ фæлтæрæн у  цæвиттойнаг. Немæ цыд тохтæм æмæ йæхи равдыста хъæбатыр хæстонæй. Иу хатт развæдсгæрсты ацыдыстæм, знæгтæ нæ фæхаты-дысты æмæ нæ æхсын райдыдтой, фæлæ йын йæ цæсгомыл тасдзинад нæ федтон кæд фæцæф ис, уæддæр», – банысан кодта хæстон Тыджыты Александр.

Уый фæстæ æфсæддон службæгæнджытæ радзырдтой Уæрæсейы интерестæ бахъахъхъæнын сæ хæсыл цæмæн банымадтой, уый тыххæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон Райгуырæн бæстæйы истори кæй зыдтой, Фыдыбæстæ æнахуыр уарзт кæй кæнынц, уымæн ацы хъуыддаджы уыд ахсджиаг нысаниуæг. Загътой, зæгъгæ, абон Украинæйы фашизмы уидæгтæ кæронмæ куынæ стоной, уæд та сомбоны сæ сæртæ сдардзысты. Уæрæсе куынæ рамбула ацы хæсты, уæд Ирыстонæн дæр хорз нæ уыдзæн.

Батальон «Алани»-йы хæстон, 2-æм астæуккаг скъолайы рауагъдон Цхуырбаты Гурам зæрдæбын арфæтæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн ахæм кад сын кæй скодтой, уый тыххæй. «Фронты хаххы алыран дæр фенæн ис ирон тырысайæн, ирон зарæг фехъусынæн. Мæнæн æхсызгон у, уыцы хæстонтæй иу кæй дæн æмæ мын Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны фадат кæй ис, ирон тырысайы бын нацизмы ныхмæ кæй тох кæнын, уый. Нæ командир у йæ радтæг адæмы æцæг патриот. Фронты раззаг хаххы ирæттæ кадимæ æххæст кæнынц сæ хæстон хæс. Сымах, сывæллæттæ, хъомыл кæнут æнæнизæй æмæ аккаг адæймæгтæй. Фронтмæ уын куы фехъусæм уе ‘нтыстыты тыххæй, куыд, зæгъæм, спорты кæнæ æндæр къабæзты, уæд нын вæййы тынг æхсызгон, нæ тыхтæм тыхтæ æрбафты», – загъта Цхуырбаты Гурам.

Мадзалы иууыл чысылдæр хайадисджытæ бакас-тысты хæстонтæм сæ фыстæджытæ. Се ‘хсæн уыд 3-æм къласы ахуырдзау Къодоты Алан. Уый йæ фыстæг арвыста батальон «Алани»-йы командир Остъаты Русланмæ.

Æвзонг патриот йæ фыстæгæн райста дзуапп. «Мах фыстæджытæ бакастыстæм райзæрдæйæ, хъарм нын кæнынц нæ удты. Фыстæджыты хъахъхъæнæм, куыд талисмантæ, афтæ. Хæдзарæй дард уæвгæйæ нын уæлдай ахсджиагдæр у уæ фарсхæцынад. Мах уырны, Алан æмæ иннæ ахуырдзаутæ кæй суыдзысты æцæг патриоттæ æмæ сæ Райгуырæн бæстæ кæй хъахъхъæндзысты махæй хуыздæр. Бузныг зæгъын ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæн дæр сывæллæттæ патриотон хъомылад кæй исынц, уый тыххæй», – банысан кодта батальон «Алани»-йы командир Остъаты Руслан.

Фарсхæцынады æмæ разæнгардгæнæн фыстæджы тыххæй бузныджы нысанæн Къодоты Алан райста зынаргъ лæвар. Квадрокоптер ын радтой батальоны хæс-тонтæ.

Æхсардзинады урок у уникалон формат. Йæ фæлгæтты рæзгæ фæлтæры базонгæ кæнынц салдатты хæстон сгуыхтдзинæдтимæ. Хæстонтæ ахуыргæнинæгтæн радзырдтой не ‘мбæстæгтæ Донбассы куыд хъæбатырæй хæцынц, уый тыххæй дæр. Хъæбатыр хæстонты бафæндыд, цæмæй ахуырдзаутæ архайой спортæй æмæ хъусой хистæртæм, цæмæй сомбоны сæ радтæг Ирыстонæн басгуыхой аккаг фырттæ æмæ чызджытæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.