3-æм февралы 32 азы сæххæст уыдаид фистæг æфсады Рæнхъон хæстон, Хъæбатырдзинады ордены кавалер (йæ амæлæты фæстæ) Мæрзæганты Олег Алымбеджы фырты райгуырдыл (йæ фæсномыг «Æлдар»). Уый хъæбатырæй фæмард йе ‘фсæддон хæс æххæст кæныны рæстæджы сæрмагонд æфсæддон операцийы Запорожьейы фронты 2023 азы 14-æм марты.

Фидæны хæстон райгуырд Алагиры районы Уæллаг Фыййагдоны поселочы. Каст фæцис бынæттон астæуккаг скъола. Чысылæй фæстæмæ йе ‘мкарæнтæй хицæн кодта зæрдæхæлардзинадæй, алыхатт дæр цæттæ уыд фæкæсынхъуаг адæймагмæ йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнынмæ. Кад кодта хистæр фæлтæрæн. Уарзта футбол, волейбол, уыд ерысты бирæ хатты уæлахиздзау.

Æмгъуыдон службæ рацыд Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады мидæггагон æфсæдты. Йæ хорз службæйы тыххæй йæ бирæ хæттыты схорзæхджын кодта командæкæнынад. Йе ‘мбæстагон хæс бафидыны фæстæ тынг хорз нысæнттыл каст фæцис Цæгат Кавказы арæзтадон техникум. Цæсгомджынæй фæллой кодта алыгъуызон фадгуыты. Кад ын кодтой йæ коллегæтæ.

Сæрмагонд æфсæддон операци райдианы фæстæ дыууæ мæйы дæргъы йæ хæстон хæстæ æххæст кодта бархион батальон «Алани»-йы. Алыхатт дæр уыд фыццаг рæнхъыты. Уым базонгæ Хуссар Ирыстонæй йæ хæстон æмбал Багаты Аланимæ (йæ фæсномыг «Бага») æмæ тынг схæлар сты. Тох кодтой фæрсæй-фæрстæм, иумæ цыдысты развæдсгарæн операцитæм. Иу бон Алан йæ хъуырæй райста «Сыгъдæг Георги»-йы медалонимæ рæхыс æмæ йæ балæвар кодта йе ‘мбалæн, афтæмæй йын тырныдта йæ цард бахъахъхъæнынмæ. Æмæ йæхæдæг та уыцы бон нал æрбаздæхт тохы быдырæй…

«Æлдар» тынг фæмаст кодта йæ хæстон  æмбалы амæлæтыл. Уæд æй цæмæй зыдта, афæдз дæр нæ рацæудзæн, афтæмæй йæхицæн  дæр йе ‘взонг цард иу карз тохы рæстæджы кæй аскъуыйдзæн æмæ йын Алан цы рæхыс балæвар кодта, уый мысынæн кæй баззайдзæн йæ хистæр æфсымæр Феликсæн …

Рæнхъон Мæрзæганты Олег 2022 азы июлы йæ къух æрфыста контрактыл æмæ слæууыд Дзæуджыхъæуккаг хъайтарон фистæг æфсады рæнхъыты гранатæхсæн взводы хистæр наводчикы бынаты.

«Æлдар» хъæбатырæй фæмард 2023 азы 14-æм марты цæрæн пункт Малые Щербакийы цур развæдсгарæн архайдтыты рæстæджы. Йæ хæстон æмбалы хъахъхъæнгæйæ, æмæ æхстытæ йæхимæ расайгæйæ, фæмард знаджы танкы æхстыты фæстиуæгæн. Цыдис ыл æрмæстдæр 31 азы…

Йæ амæлæтыл ын фæрыстысты æнæхъæн комбæсты адæм. Йæ ном сæнусон кæныны тыххæй Уæллаг Фыййагдоны цы корпусы цард, уый къулыл бакодтой мемориалон фæйнæг. Афтæ ма йæ номыл мемориалон фæйнæг цытджын æгъдауæй байгом æрцыд поселочы скъолайы дæр.

Бархион Багаты Алан райгуырд 1986 азы 12 июны. Фæмард 2022 азы 27 майы сæрмагонд æфсæддон операцийы Запорожьейы областы Пологовскийы районы. Хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй (йæ амæлæты фæстæ), УФ-йы хъахъхъæнынады министрады  «За боевые заслуги» æмæ «За боевое содружество»-йы майдантæй.

Йе ‘мслужбæгæнæг Икъаты Георги куыд банысан кодта, афтæмæй Алан уыд æцæг хъайтар. Ирон лæджы кад бæрзонд систа хæсты быдыры. «Мах службæ кодтам иу батальоны. Уый алыхатт дæр цыд разæй, йæхи никуы бамбæхста. Уыд зæрдæхæлар адæймаг. Алан æххуыс кодта æрмæст йе ‘мслужбæгæнджытæн нæ, фæлæ ма-иу карз тохты рæстæджы баззад фронты раззаг хæххыты иннæ хæстонтæн æххуыс кæнгæйæ», – загъта уый.

Дыууæ хæстоны ирон лæджы ном бæрзонд сисгæйæ, фæмард сты нацизмы ныхмæ тох кæнгæйæ, фæлæ сын сæ хъуыддаг дарддæр кæнынц иннæ ирон хъæбатыр хæстонтæ. Уырны нæ, уыдон уæлахизимæ кæй æрæздæхдзысты сæ Райгуырæн Ирыстонмæ, уый.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.