Æрæджы республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фæндон бахаста, цæмæй Спорты æмæ физикон культурæйы министрад æмæ Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитетæй иугонд организаци саразой. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, амынд комитет суыдзæн министрады дæлбар. Фæстæдæр, ахæм ивддзинæдтæ æрцæудзæн Экономикон рæзты министрады æмæ Туризмы комитеты дæр.

Спорты министрадæн разамынд дæтты зындгонд тренер Гæззаты Юри, Фæсивæды комитетæн та – Джусойты Руслан. Фæлæ дзы иу ведомство арæзт куы æрцæуа, уæд дзы уыдзæн кадрты ивддзинæдтæ дæр.

 

НОГ  МИКРОРАЙОН – ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ

Æрæджы, Цæгат Ирыстоны хъуыддаджы балцы уæвгæйæ, Уæрæсейы арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Ирек Файзуллин фембæлд республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ. Ныхасы архайджытæ се ʻргом аздæхтой Цæгат Ирыстоны арæзтадон æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады къабæзты дарддæры нывыладмæ, ахсджиаг объектты дарддæры рæзтмæ.

«Цæгат Ирыстон бацæттæ кодта коммуналон инфраструктурæйы рацарæзты регионалон программæ. Уый фæрцы фыццаг къæпхæныл ивд æрцæудзысты коммуналон хæтæлты 31 километры. Ахæм фæткы бындурыл куыст цæудзæн æппæт къабазы инфраструктурон объектты рацарæзтыл дæр. Уыимæ, уыцы хъуыддаджы республикæйæн æххуыс уыдзæн федералон фондты фæрæзтæй дæр», – загъта федералон чиновник.

Ныхасы архайджытæ сæрмагонд æргом аздæхтой, республикæ нысанмæарæзт федералон программæтæ æмæ фыццаградон национ проектты уагæвæрдтæ æххæст кæныныл куыд кусы, уымæ. Сæйрагдæр, ныхас цыд ног микрорайоны арæзтадыл. Горæтæй Джызæлы ʻхсæн 261 гектарыл фыццагдæр райдайдзæн инженерон, социалон æмæ фæндагон инфраструктурæйы арæзтад. Уый фæстæ бавналдзысты бирæуæладзыгон бæстыхæйтты арæзтадмæ. Джызæл та æрбаиу уыдзæн горæтмæ.

Ног микрорайоны арæзтад къухы бафтыд федералон проект «Сейсмика»-йы дæлпрограммæ «Формирование городской среды»-йы фæлгæтты. Фатертæ райсыны амонд дзы æрхаудзæн кæлæдздзаг хæдзæртты цæрджытæм, æрыгон бинонтæм æмæ Украинæйы сæрмагонд операцийы архайджытæм.

«Проектон-сметæйон документтæ æрвыст æрцыдысты федералон ведомствотæм. Ныридæгæн бæрæг у, модернизацийæн цы æхца бахъæудзæн, уый бæрц дæр. Нæ зæрдæ дарæм, микрорайоны арæзтад нысангонд æмгъуыдмæ кæй райдайдзæн, ууыл», – банысан кодта республикæйы сæргълæууæг.

 

КОСМОСЫ  АХУЫРАД – УÆРÆХДÆР

Стыр цау уыд 2020 азы Дзæуджыхъæуы космосы скъола-планетари байгом кæныны хъуыддаг. Растдæр зæгъгæйæ, планетарий байгом 1962 азы, фæлæ 90-æм азты ныххæлæттаг, никæйы уал хъуыд, цалдæр азы нал куыста, йæ бынат ын йæхи бакæнынмæ чи хъавыд, уыдон сбирæ сты.

Уыцы хъæппæрис амынд азы йæхимæ райста космикон тæхæн аппаратты конструктор, Советон Цæдисы паддзахадон премийы лауреат Къомайты Руслан. Стыр материалон æмæ йын моралон æххуыс бакодта республикæйы уæды Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.  Бæстыхай бындуронæй реконструкцигонд æрцыд. Ныр цыппар азы дæргъы ахуырдзаутæй нæ цух кæны скъола. Уымæй уæлдай, космос-планетарийы сусæгдзинæдтæ базонынмæ, экскурсийы ардæм цæуынц республикæйы алы къуымтæй.

Республикæйы разамынад куыд банымадта, афтæмæй иу скъола фаг нал у, бирæ ис, космосы ахуырад чи уарзы, ахæмтæ. Уымæ гæсгæ, фæндон рахастой, ахæм скъолатæ ма бакæнын Мæздæджы, Рахисфарсы, Горæтгæрон, Æрæфы, Æрыдоны æмæ Алагиры. Уым, кæй фæнды, уыдон къуыри дыууæ хатты ахуыр кæндзысты космос æмæ астрономийы предмет. Уый уыд Къомайты Русланы бæллиц.

«Ацы фæндоны æвварс рахæцыд Ахуырады министрад дæр. Дæргъвæтин рæстæг агуырдтам æмæ ссардтам ахуыргæнджытæ дæр, кæцытæ сывæллæтты ахуыр кæндзысты мах программæмæ гæсгæ. Сæйрагдæр у, ацы предмет æмбарын æмæ йæ уарзын», – загъта планетарийы директор Челдыты Зæлинæ.

Æрæджы Дзæуджыхъæуы сæйраг космонавтикæ-планетарийæн лæвæрд æрцыд, кæй руаджы байгом æмæ дзы йæ уды хъарм чи бавæрдта, уыцы дзæнæтыбадинаг Къомайты Русланы ном.

   Нæ уацх.

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.