5-æм астæуккаг скъолайы химийы ахуыргæнæг Мурадова Маринæ йæ ахуырдзаутæн канд йæ предмет нæ фæамоны, фæлæ сын уый фæдыл ауадзы æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ дæр. Ахуырдзаутæм цымыдис равзæрын кодта дзæнæттаг, химион зонæдты кандидат, нæ раздæры институты хими æмæ биологийы кафедрæйы сæргълæууæг Гæбæраты Юлияйы зонадон æмæ æхсæнадон архайд. Ууыл дзырд цыдис æрæджы кæй ауагъта уыцы номарæн изæры.

Æрбахуыдтой йæм горæты администрацийы ахуыры хайады сæргълæууæг Бязырты Татьянæйы, йæ хæдивæг Гæбæраты Жаннæйы, горæты скъолаты химийы ахуыргæнджыты, Аивæдты лицейы ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæйы йæ ахуыргæнинæгтимæ æмæ Юлияйы æфсымæр Феликсы йæ чызг Тамарæимæ.

Гæбæраты Юлияйы тыххæй Мурадова Марина сæрыстырæй загъта, зæгъгæ, уымæн йæ ном хорз зындгонд уыдис Хуссар Ирыстоны адæмæн ивгъуыд æнусы 70 -æм азты. Ахуыргонд химик, йæхимæ æркæсын кодта зонадон интеллигенцийы, куыд нæ уæды областы, афтæ уымæн æддейæ дæр. 1971 азы августы мæйы уый фæхуыдтой Японимæ, химикты дунеон конгрессмæ, æмæ дзы сарæзта доклад, цыран æрдзырдта йæ æрымысгæ химикон æрхъуыдыдзинæдты тыххæй. Æмæ йын уæд, йæ ном, æрмæст куыд зонадон кусæг, афтæ нæ базыдтой нæ адæм, фæлæ ма йе `хсæнадон архайдæй дæр, зæгъæн ис æмæ ацы фадыджы дæр сарæзта сгуыхтдзинад. Цæвиттон, уыцы азты Гуырдзыстоны разамынад аскъуыддзаг кодта, цæмæй нæ областы территорийыл, бæлвырддæрæй та Тъбеты хъæумæ хæстæг мыстыхосуадзæн завод сарæзт æрцыдаид, кæцы уыдаид стыр зианхæссæг æмæ мæгуырауæрдæм æндæвтаид нæ адæмы æнæниздзинадыл.

Гæбæраты Юлия, куыд химик, афтæ хорз æмбæрста ахæм зианхæссæг кондады тасдзинад куыд æрдзæн, афтæ адæймагæн йæхицæн дæр. Зыдта мыстыхосы æндæвдад адæймаджы стджыты кæй деформаци кæны, генетикон мутаци кæй æрцæуы организмы æмæ фæлтæрæй фæлтæрмæ кæй хизы, йе згъæлæнтæ та дон æмæ атмосферæйы кæй чъизи кæнынц. Уый бахатыд бынæттон разамынадмæ, цæмæй ахæм завод арæзт ма æрцæуа, фæлæ йын ницы фæстиуæг уыд. Æмæ уæд Гæбæраты чызг уæды институты студентты æхсæн активонæй æмбарынгæнæн куыстмæ æрæвнæлдта æмæ студенттæ дæр сæ ахуыргæнæджы æвварс рахæцыдысты. Мыстыхосуадзæн завод зиан кæй хæссы, уый фæдыл бацæттæ кодтой сидт æмæ йæ бакастысты, Цхинвалы цы протесты митинг ауагъдæуыд уым. Студентты æвварс рахæцыдысты æхсæнады минæвæрттæ дæр.

Гуырдзыстоны уæды разамонæг Эдуард Шеварднадзе, уый куы базыдта, уæд бахæс кодта, цæмæй хъуыддаг равзарой. Уый фæстиуæгæн Гæбæраты Юлияйы репрессийы хай фæкодтой. Систой йæ институты хими æмæ биологийы сæргълæууæджы бынатæй, фæстæдæр та йæ бахъуыд æд бинонтæ Хуссар Ирыстонæй ацæуын. Цард Мæскуыйы, фæлæ уым дæр æнцад нæ бадт. Зонадон æгъдауæй раст аргументтæ, афтæ ма студентты æмæ æхсæнады сидтытæ Мæскуыйы æмбæлон органтæм фехъуыстысты. Æмæ райст æрцыд уынаффæ, цæмæй ахæм завод Хуссар Ирыстоны арæзт ма æрцæуа. Уый, зæгъæн ис, æмæ у иу адæймаджы – Гæбæраты Юлияйы сгуыхтдзинад.

Æрымысыдысты ахуыргонд-патриоты рухс ном

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ Гуырдзыстоны разамынадæн Хуссар Ирыстоны территорийыл йæ саразын куынæ бантыст, уæд æй нæ бауагътой сæхимæ саразын дæр.

«Уæдæ ахæм стыр бæрндзинад, ахæм мæстытæ йæхимæ райсдзæн, йæ адæмы æцæг уарзтæй чи уарзы, æрмæстдæр ахæм адæймаг», – загъта йæ раныхасы Мурадова Маринæ.

Йæ фыдыхойы тыххæй бирæ зæрдæбын хъарм ныхæстæ загъта Тамарæ дæр, зæгъгæ, уый уыдис фæлмæнзæрдæ, уарзæгой адæймаг. Æгæрон уарзтæй уарзта йæ радтæг адæмы. Фæсивæдæн дæр йæ фæдзæхст уыд, цæмæй ахуыр кæной, æвзæрын сæм кодта патриотикон æнкъарæнтæ.

«Ахæм адæймæгтæн сæ фæзынд а-зæхмæ æнæнхъæлæджы нæ вæййы. Уый махæн алцæмæйдæр уыдис цæвиттойнаг. Мæ фыд æм йæ хъус арæх дардта,  уый-иу æмбырд кодта лыстæг тъæпæн дуртæ, стæй-иу сыл æвзалыйæ фыста цыдæртæ.  Уæд ничи æмбæрста Юлия цытæ фыста, уыдон. Фæстæдæр рабæрæг, уый химикон элементтæ кæй ахуыр кодта», – загъта Аивæдты лицейы ирон æвзаг æмæ литетатурæйы ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ.

Скъолайы директор Туаты Мадинæ йæ хъусдард аздæхта ахуыргæнинæгтæм: «Сымахæй алкæмæндæр Юлияйы цардвæндаг хъуамæ уа цæвиттойнаг. Уымæн йæ бæллиц уыд Ирыстоны фидæн рæсугъдæй фенын. Уыцы фидæн та стут сымах æмæ хъуамæ ахуыр кæнат æмæ йын йæ хъуыддаг дарддæр кæнат. Уымæн æмæ ахуыргонд адæм кæмæн нæй, уыдонæн рæсугъд фидæн дæр нæ уыдзæн», – загъта директор.

    БЕСТАУТЫ Валя

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.