Райгуырæн бæстæ бахауд уæззау уавæры, зæгъгæ, уæд йæ бахъахъхъæныны хæс алкæуыл дæр ис.
Алчидæр йæ сæйраг хæсыл хъуамæ нымайа, цы йæ бон у, уымæй баххуыс кæнын.

Раст афтæ хъуыды кæны не ‘мзæххон хирург Къусраты Анатоли дæр. Цхинвалы 12-æм скъола каст куы фæцис, уæд, 1993 азы, ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны медицинон институтмæ. Йæ бæллиц уыд æфсæддон хирург суæвын æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Санкт-Петербурджы медицинон академийы. Уырдыгæй Къусраты лæппуйы кусынмæ арвыстой Тюмены æфсæддон госпиталмæ. Æвзонг хирург цыбыр рæстæгмæ ссис хирургион хайады сæргълæууæг.

Сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд фидарæй аскъуыддзаг кодта, кæй ацæудзæн уырдæм, уымæн æмæ уым медицинон кусджыты сæр тынгдæр хъæуы. Йæ гæххæттытæ бацæттæ кодта æмæ сæ арвыста Тюмены æфсæддон комиссариатмæ, фæлæ йæм уырдыгæй хонæн гæххæтт æрцыд, æрмæстдæр,  2023 азы июлы мæйы.

Ныр уым,  тохы быдыры, ирвæзын кæны нæ салдатты. Æфсæддон дохтыр ныртæккæ кусы Луганскы быдырон госпиталтæй сæ иуы. «Госпиталь рахонæн дæр æй нæй, уымæн æмæ у къаннæг. Фæлæ йæ гæнæнтæ сты æнæхъæн госпиталы хуызæн. Ифтонг у алыгъуызон кусæнгæрзтæй, суанг ма дзы ис мобилон рентгенкабинет дæр», – зæгъы Къусраты Анатоли.

Дохтыр куыд зæгъы, афтæмæй ам арæх фæцæуы тох адæймаджы цард бахъахъхъæныныл. Хуыцау хорз, фылдæр хатт фæуæлахиз вæййынц медицинон бригадæйы уæнгтæ, сæ арæхстдзинад æмæ кæрæдзийы æмбарындзинады руаджы.

Цæгатирыстойнаг хирург ма зæгъы, зæгъгæ, бирæ хатт хъуыды кæнынæн дæр рæстæг нæ вæййы. Адæймаджы аирвæзын кæнынæн хатт хирургæн лæвæрд вæййы, æрмæстдæр, дыууæ минуты, æмæ уыцы рæстæгмæ операци кæнын куыннæ райдайа, уæд, гæнæн ис, æмæ байрæджы уа.

«Æрæджы Украинæйы  æрдыгæй ракетæйы снаряды схъис ратахт æмæ бахъыгдардта æфсæддоны зæрдæ. Æрбаластой йæ махмæ, фæлæ фесæфта бирæ туг. Дохтырты хъуыд рæвдз архайын. Нæ бригадæ кæрæдзи æнæныхасæй кæй æмбæрстой, уый руаджы архайдтам тагъд-тагъд æмæ рынчын нæ амард. Æцæг, махæй бирæ кæнгæ нæу. Мах бакæнæм фыццаг æххуыс цæф хæстонтæн æмæ сæ стæй эвакуацион машинæтыл арвитæм æввахсдæр госпиталтæм. Цæмæй знаг ма зона, машинæ рынчыны ласы, уый тыххæй машинæтыл сырх дзуары нысан нæ вæййы», – загъта  æфсæддон хирург.

Æхстытыл тагъд сахуыр дæ, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд Къусраты лæппу дзуапп радта: «Æхстытыл ахуыр уæвæн нæй. Фæлæ дохтыр алы æхстмæ дæр куы схъиуа, уæд операци куыд хуыздæр сараза, ууыл нал хъуыды кæндзæн. Æхстытæ дохтыры куыст ма хъуамæ къуылымпы кæной, кæннод иу рынчын дæр нæ фервæзын кæндзынæ. Контузитæ, минæтыл чи ныллæууы, æмæ схъистæ кæй буары ацыдысты, ахæм хæстонты арæх æрбаласынц нæ быдырон госпиталмæ. Нæмыгæй цæфтæ нæм 20 процентæй фылдæр нæ вæййы. Æппæтæй зындæр  архайæн у, схъистæ кæуыл сæмбæлынц, ахæм цæфтимæ. Бынтон ныскъуыдтæ вæййынц сæ буар. Фердæхтдзинадæй уæлдай ма дзы хъæуы медикаменттæ дæр. Уыдон та арæх нæ вæййы æмæ дохтыртæ дæр фыдæбонæй амæлынц, æмæ рынчын дæр зындзинæдтæ февзары.

Къусраты Анатоли сæрмагонд æфсæддон операцийы ис нырма аст мæйы. Фæлæ ам рынчынты ирвæзынгæнгæйæ цы хъæбатырдзинад равдыста, уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой «Георгий Жуков»-ы орден æмæ «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй»  майданæй.

Уæззау цæфты уынгæйæ куы сфæлмæцын, уæд мæхи æрсабыр кæнын иу хъуыдыйæ – Ирыстонæй ам бирæ лæппутæ ис, сæхиуыл нæ ауæрдынц, размæ бырсынц, арæх фæцæф вæййынц. Дохтырæн алкæцы рынчын дæр рынчын у, фæлæ куы базонын, фæцæфуæвæг ме ‘мтуг у, уæд мæхиуыл бынтон нал бацауæрдын».

Бузныг дын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг! Лæгты дзуар æмæ Ирыстоны зæдты фæдзæхст у.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.