Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы цытджын æгъдауæй байгом кодтой Æппæтуæрæсейон ахуырадон проект «Хъайтары партæ» сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хæстонтæ, ацы скъолайы рауагъдонтæ Тъехты Айвенго æмæ Джиоты Аланы рухс нæмттæ сæнусон кæныны тыххæй. Скъолайы рауагъдонты партæ къамтæ æмæ цардвæндаджы тыххæй информациимæ  ахъаз кæндзæн æвзонг фæлтæры патриотон хъомыладæн. Мадзал организаци æрцыд скъолайы директор Гæззаты Юринæйы хъæппæрисæй.

Мадзалы хайад райстой РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан, Хуссар Ирыстоны УФ-йы минæварады уынаффæгæнæг Михаил Болотов, Россотрудничествойы сæргълæууæг Сергей Комиссаров, Ветеранты республикон со-веты сæрдары хæдивæг Дриаты Гела, фæмардуæвæг дыууæ хæстоны бинонтæ æмæ æввахс хиуæт-тæ, Донбасс хъахъхъæнджыты хæлæрттæ æмæ æндæр уазджытæ.

«Хъайтары партæ» байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд хъайтарты бинонтæ æмæ æввахс хиуæт-тæн.  Мадзал байгом Ирыстон æмæ Уæрæсейы паддзахадон тырысатæ рахæссынæй, афтæ  ма  гимн сæххæст кæнынæй. Уый фæстæ организаци «Раззагонтæ»-йы уæнгтæ бакастысты Джиоты Алан æмæ Тъехты Айвенгойы биографитæ. Алан уыд цардуарзон, хъæлдзæг æмæ фæлмæнзæрдæ адæймаг. Йæ царды фæстаг минуты онг уый баззад æцæг хъайтарæй, йæхи царды аргъæй мæлæтæй аирвæзын кодта йæ хæстон æмбæлтты. Каст фæцис 6-æм астæуккаг скъола 2013 азы, йæ фæстæ хорз  фæд æмæ мысинæгтæ ныууадзгæйæ. Джиоты Алан сæрмагонд æфсæддон операцимæ ацыд бархионæй. Хъæбатырæй фæмард 2022 азы 26-æм сентябры. Йæ мæрдон буар йæ райгуырæн бæстæмæ фæхæццæ æрмæстдæр 2023 азы февралы мæйы. Ирыстоны дзыллæ йæ йæ фæстаг фæндагыл афæндæраст  кодтой 12-æм февралы. Алан йæ мадæн уыд иунæг хъæбул.

Хуссар Ирыстоны Президенты Барамындмæ гæсгæ Джиоты Алан хорзæхджын  æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй йæ амæлæты фæстæ. Йе ‘ввахс хион Джиоты Альбинæ раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн, ахæм мадзал кæй ауагътой, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, рæзгæ  фæлтæртæн хъæуы хъайтарты тыххæй дзурын, уымæн æмæ уыдон сæ цард радтой Ирыстоны рухс фидæны тыххæй.

Скъола сæрыстыр кæмæй у ахæм хъайтар у Тъехты Айвенго дæр, бархион батальон «Шторм. Осетия»-йы командиры хæдивæг. Айвенго мæлæтдзаг цæф фæцис Запорожьейы областы, цæрæн пункт Жеребянкийы цур карз тохты. Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы Барамындæй хорзæх-джын æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй йæ амæлæты фæстæ. Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путины барамындæй та хорзæхджын æрцыд Хъæбатырдзинады орденæй.

Хъæбатыр хæстон уыд курдиатджын телеоператор, бирæ азты дæргъы бакуыста паддзахадон телерадиокомпани «ИР»-ы. Операторæй куыста цæгатирыстойнаг телеуынынады дæр. Йæ коллегæтæ йæ алыхатт дæр æрæмысынц уæлдай хъармæй. Фыдыбæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад уымæн алыхатт дæр уыдысты фыццаг бынаты, растдæр уымæ гæсгæ аскъуыддзаг кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ ацæуын. Хæларзæрдæ æмæ хъæбатыр хæстон, уыцы иурæстæджы уыд цæвиттойнаг бинонты хицау æмæ бæрнон коллегæ.

Мадзал бацæттæ æрцыд парти «Ныхас»-ы æххуысы фæрцы. Партæйыл уыдзæн информаци, ацы скъолайы чи ахуыр кодта, уыцы хъайтарты тыххæй.

Проект «Хъайтары партæ» ацы аз райдыдта æппæт Уæрæсейы. Политикон парти «Единая Россия»-йы хъæппæрисæй, ныридæгæн ссис иумиагпаддзахадон масштабы формат.

Скъолайы директор Гæззаты Юринæ мысæн мадзалы схуыдта ахсджиаг хъайтарты нæмттæ сæнусон кæныны хъуыддаг. «Тынг ахсджиаг мадзал у, уымæн æмæ нæ рæзгæ фæлтæр хъуамæ хъуыды кæной нæ хъайтарты. Сывæллæттæ хъуамæ зоной, ацы хъайтартæ сæ цард кæй рауæлдай кодтой сабырдзинады сæраппонд. Æнусон кад Хъайтартæн» – загъта уагдоны директор.

Политикон парти «Ныхас»-ы сæрдар Бесаты Зитæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон сæрыстыр у йæ аккаг фырттæй. «Уый у патриотон проект хъайтарты мысы-надæн æмæ уын бузныг уый тыххæй. Хуссар Ирыстон сæрыстыр у йæ хъæбатыр фырттæй. Стыр бузныг сын сæ хъæбатырдзинады тых-хæй. Кæстæр фæлтæр хъуамæ хъуыды кæной сæ хъайтарты», – банысан кодта уый.

«Æппæтуæрæсейон ахуырадон проект «Хъайтары партæ» ныр реализаци цæуы Хуссар Ирыстоны дæр. Хуссарирыстойнаг хæстонты хъайтардзинæдты тыххæй ахуырдзаутæ хъуамæ зоной, куыд гæнæн ис, афтæ – фылдæр. Мах бузныг стæм ахуыргæнджытæй сæ рауагъдонхъайтарты æмæ ныртæккæйы фæсивæды патриотон хъомылады тыххæй», – загъта Сергей Комиссаров.

Ахуыргæнинæгтæ бакастысты Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытыл фыст æмдзæвгæтæ, сæххæст кодтой хъайтарты сгуыхтдзинæдты тыххæй зарджытæ. Æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æмырæй алæууынæй ссардтой сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг æппæт хæстонты нæмттæ.

Тъехты Айвенго æмæ Джиоты Аланы хæстон сгуыхтдзинæдтыл дзургæйæ, ахуыргæнинæгтæ хъуыстой стыр цымыдисæй, сæ зæрдæты сын ныууагътой стыр тæлмæнтæ.

Абон ма скъолайы ауагътой Тъехты Айвенгойы мысæн изæр дæр. Ахуыргæнджытæ æмæ æмкъласонтæ мысыдысты бархион батальон «Шторм.Осетия»-йы командиры хæдивæджы скъолайон бонты тыххæй.

Джиоты Екатерина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.