Диссаг сты цардвæндæгтæ. Адæймаг æй нæ фæзоны кæдæм, кæуылты æмæ йæ кæйонг фæкæндзысты. Æниу сæ куы зона, уæд цард цымыдисон нал уыдзæн, адæймаг йæ царды мидис фесафдзæн.

Нæ зыдта Филипп дæр, цы дыркъуым царды фæндæгтыл рацыд, уыдон æй кæдæм æмæ кæйонг æркæндзысты, удуæлдайæ цы Фыдыбæстæйы сæрыл тох кодта, уым цæрынæй кæй нæ бафсæддзæн.

Хацырты Филипп æгæрон уарз кодта йæ Ирыстоны, йæ адæмы. Нæ сын фæрæзта сæ уæззаудзинад, сæ хъизæмæрттæ, сæ зындзинæдтæ сын йæ зæрдæйæ фæрсыгъта æмæ куыд сфæрæзтаид уыцы зæрдæ дæр, ахæм дудгæбæттæм кæсынæй куыд нæ фæнизджын уыдаид.

Уый райгуырд 1964 азы Ленингоры районы Цъинагары хъæуы службæгæнджыты бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Шота бирæ азты куыста Цъинагары хъæуы совхозы директорæй, йæ мад Плиты Марго та астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг уыд. Уыдон сæхи цæвиттонæй хъомыл кодтой сæ кæстæрты, бауарзын сын кодтой сæ райгуырæн зæхх, цайдагъ сæ кодтой куыстыл æмæ ахуырыл.

Филипп 1981 азы æнтыстджынæй каст фæцис Цъинагары астæуккаг скъола æмæ уыцы аз ахуырмæ бацыд Хуссар Ирыстоны педагогон институты историон-филологон факультетмæ. Уый уыд хæларзæрдæ адæймаг, кæимæфæнды дæр ардта иумиаг æвзаг, æхсæнадон хъуыддæгты, студентон архайды активон хайад иста, уыд студентон изæрты организатор дæр, æгæрыстæмæй йæхи фæлвæрдта кино исыны хъуыддаджы дæр. Йе ‘мбæлттимæ систой киноныв «Къæвда цæссыгты дæр æрыхсы». Йæ режиссер Филипп йæхæдæг уыд.

1986  азы институт каст куы фæцис, уæд  æм æрсидтысты Советон Æфсады рæн-хъытæм æмæ службæ кодта уæды Германы Демократон Республикæйы. Дыууæ азы службæйы фæстæ æппæтмæ æвзыгъд салдат каст фæцис афицеры курсытæ æмæ райста мотоæхсæг батальоны командиры квалификаци дæр. Уый фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта нырма Ленингоры районы Базуаны астæуккаг скъолайы ахуыргæнæгæй, фæстæдæр та – фæскомцæдисы Цхинвалы  райкомы инструкторæй.

Филипп æвзыгъд уыд æмдзæвгæтæ æмæ пародитæ  фыссынмæ. Æвæццæгæн зынгæ поэт дæр суыдаид, фæлæ йын йæ фæндтæ æмæ бæллицтыл бандæвта, æгæрон уарзт цы Ирыстоны кодта, уый уæззау хъысмæт. Йæ Фыдыбæстæмæ фыдызнаг  лæбурын куы райдыдта, уæд йæ фыссæн сис баивта хæцæнгарзæй æмæ Ирыстоны хъахъхъæдта Гуырдзыстоны фашисттæй. Æниу уæддæр йæ къух нæ систа æмдзæвгæтæ фыссыныл, фыста, кæцыдæрты дзы мыхуыр дæр кодта газет «Хурзæрин»-ы фæрстыл, фæлæ… фæлæ сæ, хъыгагæн, æмбырд дæр нал кодта, уыдонмæ йæ нал æвдæлд, æви йæ нал æндæвтой. Цы кадавар уацмыстæ ма йын баззад, уыдон дæр бæргæ бацæттæ кодта мыхуырмæ, фæлæ мыхуыры нæ ра-цыдысты финансты хъуагдзинады аххосæй.

Ивгъуыд æнусы 90-æм азты Гуырдзыстоны шовинисттæ ирæтты ныхмæ инфор-мацион тох куы расидтысты, уæд  сæ ныхмæ дзуаппон архайд хъуыд, фæлæ уæды областы къухдариуæгады дæр æмæ интеллигенцийы минæвæрттæй дæр кæйдæрты нæ уырныдта, ирæтты сæ зæххæй фесхъиуæггаг кæнынмæ гуырдзиæгтæ бæстон кæй æрæвнæлдтой. Нæ сæ уырныдтой Гамсахурдияйы æртхъирæнтæ дæр. Адæмæн та рæстдзинад фехъусын хъуыд. Уыцы рæстæджы паддзахадон газетты фæрстыл алцы мыхуыргæнæн нæ уыд æмæ уæд  Хацырты Филипп æмæ Хозиты Петр уадзын райдыдтой æрвылкъуырион хæдбар газет «Ирон газет», кæцыйæн Хацыры фырт уыд редактор. О, фæлæ газетæн бирæ цæрæнбон нæ уыд, уымæн æмæ йæ фæрæзтæ хъуыд æмæ газетуадзджыты та сæ къух нæ амыдта.

Знаг йæ кæнон кодта, алырдыгæй æхста горæт. Филипп дæр хæцæнгарз самал кодта æмæ, стихионæй цы къордтæ арæзтæуыд, уыдонæй сæ иуимæ баиу æмæ активон тох кодта фыдызнаджы ныхмæ. Фæстæдæр уыцы къордтæй сырæзт ополчени, кæцыйы сконды уыд Хацыры фырт дæр.

Филипп ма уыд Хъахъхъæнынады министрады  бындурæвæрджытæй сæ иу. 1992 азы Хуыбылты Валери, Джиоты Алан (Парпат), Тасойты Алан æмæ Хацырты Филиппы хъæппæрисæй арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад. Филипп дзы куыста штабы фыццаг хистæрæй, фæлæ ацы бынаты фæлтæрддæр адæймаг хъуыд æмæ Филиппы рекомендацимæ гæсгæ нысан æрцыд  Тедеты Улифан.

Филипп активон хайад райста Абхазы хæсты дæр. 1993 азы Абхазæй фæдисы хъæр куы æрыхъуыст, уæд Хацыры фырт дæр фæстæ нæ фæлæууыд æмæ иннæ лæппутимæ иумæ араст æфсымæрон абхазаг адæмæн æххуысмæ æмæ, йæ удыл нæ ауæрдгæйæ, тох кодта агрессоры ныхмæ. Уый тыххæй йæ Абхазы къухдариуæгад схорзæхджын кодтой «За отвагу»-йы майданæй.

Хайад ма иста Приднестровьейы фидауынгæнæн операцийы дæр, кæцыйы фæстиуæгæн æй Приднестровьейы къухдариуæгад схорзæхджын кодта «Участнику миротворческой операции в Приднестровье»-йы майданæй.

1992 азы Филипп бацыд Фидауынгæнæн тыхты скондмæ æмæ дзы нырма ирон батальоны штабы хистæрæй куыста, фæстæдæр та йæ снысан кодтой ацы батальоны командирæй.

Йе ‘мтохгæнджытæй сæ иу – Гæбæраты Таймураз куыд радзырдта, афтæмæй Фи-липп йæ дæлбар службæгæнджытыл фыдау аудыдта, тыхст рæстæджыты алы хатт дæр сæ фарсмæ уыд. Фидауынгæнæг тыхты посттæ бирæ рæтты уыдысты. Æдзухæй дæр-иу сыл  Филипп йæхæдæг зылд, æмæ-иу архайдта сæ уавæртæ сын фæхуыздæр кæныныл, истæмæй цух-иу куы уыдысты, уæд сын-иу æй баххæст кодта. Уыимæ иумæ ма-иу   бирæ хатт знаг афтæ ссонт, æмæ-иу алырдыгæйты лæбурдта постытæм. Уыдис ахæм рæстæджытæ дæр, æмæ-иу постты чи лæууыд, фидауынгæнæг тыхты уыцы службæгæнджытæн æнæхъæн суткæтæ æрулæфт нæ уыд, нал-иу фаг кодтой адæм, фæлæ-иу сын сæ службæ Филипп ахæм арæхстджынæй сорганизаци кодта, æмæ-иу фидауынгæн-джытæн сæ службæ фæрогдæр ис.

Бæрæг куыд у, афтæмæй фидауынгæнæг тыхты посттæ уыд Громы, Цъинагары хъæуты дæр. Уыцырдæм абон цы фæндæгтæ ис, уыдонæн уæд сæ кой дæр нæма уыд. Уыцы хъæутæм фæндаг гуырдзиаг хъæутыл цыд æмæ сæм гæнæн уыд æрмæстдæр продукттæ аласын. Иу ахæмы посттæ хъуыд  хæцæнгарз æмæ нæмгуытæ ласын, фæлæ сæ куыд аластаиккой, уый нæ зыдтой.

Филиппы фердæхтдзинад æмæ æрхъуыдыдзинад ам дæр фæбæрæг. Диссаг та йæ ныфсхастдзинад уыд. Уый бирæ хъуыды кæныны сæр нæ бахъуыд, ракодта дыууæ машинæ – Виллис æмæ ГАЗ-66, сæвæрдта сыл хæцæнгæрзтæ, йæхæдæг дæр сбадт машинæтæй сæ иуыл æмæ… хæхтыл, хъæдтыл æмæ адгуытыл айгæрста фæндаг. Семæ ахастой хырхытæ, фæрæттæ æмæ-иу кæм бахъуыд, уым хидтæ дæр ацарæзтой, афтæмæй æнæ фыдбылызæй дыууæ бонмæ фæхæццæ сты бынатмæ.

Отставкæйы булкъон, Хацыры фырты раздæры хæдивæг Тасойты Нодар куыд радзырдта, афтæмæй  Филипп йæ хъуыддаг хорз зыдта, цыфæнды чысыл хæслæвæрд дæр стыр бæрндзинадимæ скъуыддзаг кодта.

Службæйы рæстæджы Хацыры фырт йæхицæй дæр æмæ йæ дæлбар уæвæг службæгæнджытæй дæр домдта дисциплинæ, хъуыддаг зонын. Заставæты арæх уагъта ахуыртæ æмæ-иу æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты ‘хсæн цы ерыстæ уагъд цыд, уым-иу кæддæриддæр Филиппы батальоны службæгæнджытæ бацахстой фыццаг бынæттæ.

1999 азы  Хацырты Филиппæн лæвæрд æрцыд дæлбулкъоны чин, уыимæ иумæ ма йæ разы æвæрд хæслæвæрдтæ тынг хорз кæй æххæст кодта, ууыл дзурæг сты йæ бирæнымæц хорзæхтæ – ордентæ æмæ майдантæ: паддзахадон хорзæхтæй хорзæхджын æрцыд, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны къухдариуæгадты æрдыгæй дæр. 2004 азы та йæ Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрад схорзæхджын кодта «За службу России»-йы орденæй, «За укрепление  боевого содружества»-йы майданæй,. 2017 азы та хорзæхджын æрцыд «За ратный труд во имя мира»-йы майданæй.

Фидауынгæнæг тыхты Хацырты Филипп баслужбæ кодта, цалынмæ сын 2008 азы августы хæст сæ архайд нæ æрурæдта уæдмæ.

Уый фæстæ Хацырты Филипп куыста РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады оперативон хайады хистæрæй, 2010 азæй та уыд РХИ-йы Парламенты Сæрдары уынаффæгæнæг.

2017 азы Филиппы снысан кодтой Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæгæй. Ивгъуыд æнусы 90-æм азтæй фæстæмæ Ленингоры районы мыхуыр нал цыд районон газет ирон æвзагыл. Ацы хъуыддаг тынг риссагæй æндæвта Хацыры фыртыл æмæ районы администрацийы сæргълæууæгæй куы райдыдта кусын, уæд йæ хъæппæрисæй цæуын райдыдта газет «Рухс фидæн», кæцы парахат цыд æнæаргъæй. Фæлæ,  хъыгагæн, абон газет нал цæуы æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ.

Филипп адæмуарзаг,  хæларуарзаг уыд æмæ йе ‘мдзæвгæтæй иуы афтæ фыста:

Кæм ис кæрон цæрдхъом лæджы фæндтæн,

Сæ охыл тохтæм байтыгътон мæ тæрттæ.

Фæнды мæ æмæ мæ кæддæриддæр фæнддзæн

Уæ амонд æмæ хорздзинад, хæлæрттæ!

Хацыры фырт уыд хорз цардæмбал, хорз фыд. Йæ цардæмбал «сау рæсугъд» уæздан чызг Тыбылты Динæимæ схъомыл кодтой хорз зæнæг. Ис сын иу чызг æмæ дыууæ лæппуйы. Лæппутæй сæ иу нырма æнахъом у. Хистæр фырт Аслан скъола каст фæуыны фæстæ ахуырмæ бацыд Мæскуыйы уæлдæр командон институтмæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ службæ кæны Челябинскы. У танкон полчы ротæйы командир. Йæ чызг Олеся та ахуыр кæны Тулайы медицинон университеты.

Филипп  ивгъуыд азы фæззæджы æнафоны æнæнхъæлæджы а-дунейæ ахицæн, фæлæ йæ адæмы, йæ хæлæртты ‘хсæн хорз кад, хорз ном ныууагъта, йæ бинонтæн та ныууагъта йæ фарн, йе ‘гъдау, æмæ мæ ныфс ис, уыдон сæ кæй никуы æрныллæг кæндзысты, хæсдзысты сæ цытимæ бæрзонд.

ОСИАТЫ Индирæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.