Бирæ сты ирон адæмæн кад æмæ ном чи скодта, уыцы æхсарджын сылгоймæгтæ. Фыдыбæстæйон Стыр хæсты азты ирон сылгоймæгтæ цы ‘хсар, цы хъару равдыстой, уый æнусты мысинаг хъуыддаг у. Райгуырæн бæстæйыл æнувыд уæвгæйæ, ирон сылгоймæгтæ нæлгоймæгтимæ иумæ карз тох кодтой знаджы ныхмæ фронты алы фадгуыты дæр. Хæсты азты цъус фыдæбон нæ фæкодтой, фæсчъылдым чи баззадысты, уыцы сылгоймæгтæ дæр. Фронтæн хъуыдис хæлц, уæлæдарæс, хотыхтæ. Æппæт уыдон та цæттæ кодтой уыцы сылгоймæгтæ.

Уыдон сæ лæгты, сæ фыртты æмæ сæхи бæсты дæр куыстой æхсæвæй-бонæй æмæ сæ ифтонг кодтой æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæй. Уыцы легендарон сылгоймæгтæй иу уыд Рукъгомы æфсин,- афтæ хуыдтой йе ‘мзæххонтæ сæ колхозы сæрдар Плиты (Хъесаты) Мартайы. Æрæджы Мартайы райгуырдыл сæххæст 125 азы. Уымæн йæ цардвæндаг æмæ йæ куыст систы арфæйаг. Уый уыд 1932 азы. Мартайы цардæмбал фæмард трагикон æгъдауæй. Сылгоймаг баззад йæ æртæ æнахъом сабиимæ. Мард ныгæныны рæстæджы  колхозон арæзтады ныхмæцæуджытæй иу чидæр адæмы ‘хсæнæй мæсты хъæр фæкодта: “Нынныгæнут æй арфдæр, цæмæй дыккаг колхоз мауал сараза”. Æрыгон æмæ хъаруджын Марта уæд йæ лæджы ингæны уæлхъус ард бахордта æмæ фидарæй загъта: “Колхозон арæзтад ды райдыдтай, мах та йæ кæронмæ ахæццæ кæндзыстæм, не знæгты сæ цин фæсайдзæн…”

Цыдысты азтæ. Марта хъæусоветы сæрдарæй кусгæйæ, сфæнд кодта колхозæн йæ тыхст сахат баххуыс кæнын. Æрдомдта, цæмæй йæ дæлдæр куыстмæ – колхозы хъугдуцæгæй арвыстаиккой. Цалдæр азмæ йæ намысджын куысты руаджы йæ ном айхъуыст дардыл. 1928 азы ссис Коммунистон партийы уæнг. Сæвзæрстой йæ территориалон парторганизацийы секретарæй. Уыцы-иу рæстæг ма уыд хъæусоветы сылгоймæгты организацийы къухдариуæггæнæг дæр. Кодта хъомыладон куыст сылгоймæгты ʻхсæн. Колхозмæ бацæуыныл дывæнд чи кодта, уыцы зæхкусджытæн амыдта коллективон хæдзарады ахадындзинад.

1936 азы Гуырдзыстоны Советон хицаудзинад сæвæрыны 15 азы боны сæраппонд парти æмæ Советон хицауады къухдариуæггæнджытæ Мæскуыйы, Кремлы райстой Гуырдзыстоны делегацийы. Раззагонты ‘хсæн уыд Марта дæр. Ам, Кремлы, фыццаг хатт трибунæйæ райхъуыст ирон сылгоймаджы разæнгардгæнæн ныхас (тæлмац цыди уырыссаг æвзагмæ). Марта, ирон кæлмæрзæн йæ сæрыл, афтæмæй сæрыстырæй дзырдта, раздæры гæвзыкк æмæ ссæст хæххон ирон адæмæн Советон хицауад цы бирæ хæрзиуджытæ æрхаста, уыдоны тыххæй, сæ зæрдиаг хъазуатон куыстыл, Ирыстоны колхозон фæллойгæнджыты æнтыстытыл. Трибунæйæ куы рацæйхызт, уæд чидæр хъазгæмхасæнæй сдзырдта: “Куыд кæсæм, афтæмæй ирон адæмæн дæр  ис сæхи Доллорес Ибаррури”.

Марта уæд хорзæхджын æрцыд “Фæллойады Сырх Тырысайы” орденæй. Уый уыдис, Хуссар Ирыстонæй ахæм стыр хицауадон хорзæх кæмæн саккаг кодтой, уыцы хæххон фыццаг сылгоймаг.

1938 азы йæ йе ‘мбæстæгтæ сæвзæрстой Гуырдзыстоны ССР Цæдисы Сæйраг Советы депутатæй. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ Марта ссис Ручъы колхозы сæрдар. Уый Мартайæн уыд æнæнхъæлæджы цау. Адæмæй дæр бирæтæ дызæрдыг кодтой, ома куыд бауыдзæн йæ бон нæлгоймаджы куыст æххæст кæнын. Фæлæ нæ фæтарст Марта зындзинæдтæй. Кæм – фистæгæй, кæм та   бæхыл зылдис колхозы зæххытыл æмæ йæхи цæвиттонæй разæнгард кодта колхозонты, сæ зæрдæты сын ныфс уагъта. Фæлæ райдыдта Фыдыбæстæйон хæст æмæ Марта куырдиат балæвæрдта партийы обкомы номыл, цæмæй йæ фронтмæ арвыстаиккой, фæлæ йын йæ фæндоныл не сразы сты. Уæд Марта тел арвыста Сæйраг Уæлдæркомандæгæнæг И. В. Сталинмæ. Уый йæм зæрдиаг арфæтæ æрæрвыста, фæлæ йын йæ курдиатыл не сразы, уымæн æмæ фæсчъылдымы къаддæр нæ хъуыдысты ахæм æнувыд æмæ арæхстджын адæймæгтæ. Хъæуæй фронтмæ ацыдысты куысты раззагондæртæй 45 адæймаджы. Куысты уæз æгасæй дæр æрæнцад сылгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ æвзонг фæсивæдыл. Фæлæ уæддæр  колхозон хæдзарад Плиты Мартайы арæхстджын разамындæй нæ фæцудыдта, экономикон æгъдауæй фидардæр кодта. Бонæй-бонмæ рæзт колхозонты активондзинад æмæ фылдæр кодта куысты ахадындзинад. 1940 азæй 1944 азмæ колхозонты куыстбоны мызд фæфылдæр иу æмæ æрдæг хатты. Тынг сырæзт æхсæнадон фосы нымæц æмæ продуктивондзинад дæр. Уый фæстиуæгæн Ручъы колхоз паддзахадæн, 1940 азимæ абаргæйæ, ауæй кодта 6 хатты фылдæр дзидза, къуымбил та – дыууæ хатты фылдæр. Мартайы разамындæй къорд азты дæргъы Ручъы колхоз нымад цыд Хуссар Ирыстоны раззагондæр колхозтæй сæ иуыл. 1944 азы Марта хорзæхджын æрцыди “Кады нысаны” орденæй. Марта, Фыдыбæстæйон Стыр хæсты азты цæстуарзон æххуыс кодта Советон Æфсадæн.  Рукъæгтæ фронтмæ æрвыстой хъарм уæлæдарæс æмæ алыгъуызон продукттæ, æрвыстой æхцайы фæрæзтæ. Марта йæхи сæрмагонд фæрæзтæй 70 мин сомы бахаста танкты колоннæмæ. “Гуырдзыстоны колхозон”-ы саразыны тыххæй та – 30 мины. Æфсæддон æфстауы облигацитæ райста цалдæр мин сомы аргъ.

Марта фронтæн цæстуарзон æххуыс кæй кодта, фæсчъылдым та – æнувыд куыст, уый тыххæй йын парти æмæ хицауады разамонджытæ æмæ Сырх  Æфсады зынгæ æфсæддон раздзæуджытæй  райста бирæ зæрдиаг арфæтæ. Мæнæ цы фыста Мартамæ йæ фыстæджы ирон адæмы æхсарджын фырт, Советон Цæдисы Дыууæ хатты хъæбатыр, армийы инæлар Плиты Иссæ:

“Зынаргъ Марта Дохцыхъойы чызг! 1944 азы мæм цы фыстæг æрæрвыстай, уый райстон. Райстон дын дæ лæвар дæр. Иттæг зæрдиагæй дын арфæ кæнын, кæй мæ нæ рох кæныс, кæй мыл аудыс, уый тыххæй. Ручъы колхозонты зæрдиаг архайд мæ разæнгард кæны, цæмæй ноджы хъазуатондæрæй тох кæнон не стыр Советон Фыдыбæстæйы амондæн. Нæ бацауæрддзынæн ме ‘ппæт тыхтыл дæр, цæмæй уын уе ‘ууæнк ма фæмæнг кæнон, уон зæрдиаг аудындзинады аккаг. Æппæт дæр сараздзынæн, цæмæй мæ бæрныуæвæг æфсæдтæ тынгдæр дæрæн кæной не ‘нæуынон немыцаг тыххæйисджыты. Нæ хъæбатыр Сырх Æфсад гениалон полководец Сталины разамындæй дæрæн кæны немыцаг-фашистон æфсады, æрæввахс кæны нæ уæлахизы сахат. Советон адæм та райдайдзысты хъæлдзæг æмæ амондджын цард. Мæ зæрдæ зæгъы уæ колхозы æппæт уæнгтæн иттæг хорз æнтыстытæ сæ куысты æмæ сæ царды”.

Фæцис карз æмæ тугкалæн хæст. Марта уæлахизыл сæмбæлд стыр цин æмæ ног хъаруимæ. Фæсхæст Ручъы колхоз ноджы тынгдæр сфидар, нæ уæды колхозты æхсæн бацахста фыццаг бынæттæй иу. Куыд раззагдæр колхозы сæрдар, афтæ та Мартайы равзæрстой Гуырдзыстоны Республикæйы Сæйраг Советмæ депутатæй. Цалдæр хатты æвзæрст æрцыд Гуырдзыстоны Компартийы съездтæм делегатæй, стæй партийы Хуссар Ирыстоны обкомы æмæ Дзауы райкомы уæнгæй дæр.

Марта канд колхозон арæзтады курдиатджын организатор нæ уыд, фæлæ ма нæ дуджы рæсугъд æгъдæуттæ пропагандæгæнæг дæр. Уыд æрдхæрæны уазæгуарзаг, нæртон, зæрдæхæлар, дзырддзæугæ сылгоймаг.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.