Террористтӕн адӕмы хатт нӕй. Уыдон сӕ мыггагыл, сӕ нацийыл сӕвӕрынц худинаджы ном, ӕгас дуне та сӕм свӕййынц хӕрам. Ӕгӕрыстӕмӕй, сыл сӕ бинонтӕ дӕр сӕ къух сисынц. Фӕлӕ уӕддӕр террористтӕ фылдӕр хӕттыты вӕййынц цалдӕр бӕстӕйы ӕмбӕстӕгтӕ. Цӕмӕй адӕймаджы теракт саразыныл сразы кӕнай, ома йын йӕ цардыл йӕ къух сисын кӕнай, уый тыххӕй уыцы «фидӕны террористы» царды уавӕртӕ ӕмӕ йӕ хъуыдыкӕнынад хъуамӕ дзуапп дӕтта бӕрӕг домӕнтӕн. Ам сӕйраг ролы фӕхъазынц адӕймаджы психикон уавӕр, мӕгуырау цардуагон уавӕртӕ, уырнындзинад.

Фӕстаг азты Таджикистаны ӕм­бӕс­тӕгтӕ арӕх слӕууынц терроризмы фӕндагыл. Ӕрӕджы Под­мос­ковьейы «Крокус Сити Холл»-ы теракт саразджытӕ дӕр уыдысты таджикӕгтӕ. 2022 азы Украинӕйы цӕуӕг сӕрмагонд ӕфсӕддон опе­ра­цийы фӕдыл мобилизацимӕ ӕр­сид­тысты таджикӕгты дӕр, кӕцы­тӕн ныфс бавӕрдтой баслужбӕ кӕныны фӕстӕ Уӕрӕсейы ӕмбӕс­таг­дзинад радтынӕй. Фӕлӕ 15 ок­тяб­ры Белгороды областы ӕфсӕд­дон полигоны дыууӕ таджикагы амар­дтой 11 хӕстоны, 15 та дзы фес­ты алыгъуызон цӕфтӕ. Терро­рист­ты бынаты скуынӕг кодтой ӕмӕ слестгӕнджытӕ куыд сбӕл­вырд кодтой, афтӕмӕй ацы ӕвир­хъау цау уыд хорз бацӕттӕгонд теракт.

Таджикӕгтӕ теракттӕ аразынц ӕндӕр бӕстӕты дӕр. Зӕгъӕм, 3 ян­вары ирайнаг горӕт Керманы таджикаг террорист йӕхи срӕмыгъ­та уӕлмӕрды уӕвӕг адӕмы х­сӕн ӕмӕ дзы фӕмардысты 100 адӕ­ймагӕй фылдӕр. Уый фӕстӕ та­джикаг террорист Туркы бабырста аргъуанмӕ теракт саразыны тых­хӕй, фӕлӕ йын кӕронмӕ нӕ бан­тыст – фӕмард дзы иу адӕймаг. Фа­рон Германы дӕр ӕрцахстой цал­дӕр таджикагы, кӕцытӕ горӕт Кельны хъавыдысты теракт саразынмӕ. Иумийагӕй сисгӕйӕ, фӕс­таг аз таджикӕгтӕ 10 теракты уы­дысты хайадисджытӕ.

 

Таджикаг  терроризм

Таджикистаны террористон къо­рд­тӕ фӕзындысты 1992 азы, рас­т­дӕр Советон Цӕдисы ныппырхы фӕстӕ. Суанг дзы 1997 азы онг цыд мидӕггагон хӕст, кӕцыйы фӕсти­уӕгӕн сӕ разамынад ӕрлӕмӕгъ, се ‘хсӕнад схӕццӕ ӕмӕ дзы парахат кӕнын райдыдта радикалон исламизм. Террористтӕ марын райдыдтой политикты, ӕхсӕнадон арха­йджыты, тӕрхонгӕнджыты, про­­ку­рорты, уӕрӕсейаг ӕфсӕд­донты. Террористтӕ райдианы ар­хайдтой иугӕйттӕй, стӕй 2000 азты ара­зын райдыдтой экстремистон ор­ганизацитӕ. Экстремисттыл тынг ӕн­давын райдыдта террористон ор­ганизаци «Аль Каида», кӕцыйӕн або­ны онг дӕр Таджикистаны ис су­сӕг структурӕтӕ.

2014-2016 азты таджикаг фӕсивӕды сӕхимӕ сайын райдыдтой террористон организаци «Исламское государство». Сӕ ахӕсты фыл­дӕр хатт бахауынц куысты фӕдыл ацӕуӕг мигранттӕ. Террористон ор­­ганизацитӕ вербовкӕйы рӕс­тӕ­джы активонӕй пайда кӕнынц со­ци­­­алон хызӕгтӕй. Абоны бон Та­джи­­кистаны уӕвынад кӕны 28 тер­ро­ристон организацийы, кӕцыты уӕн­гтӕ фӕстаг ӕртӕ азы 10 фӕ­сарӕйнаг бӕстӕйы сарӕзтой 24 теракты.

Терроризм фæзыныны ах­хосæгтæ

Афтӕ тынг кӕй апарахат терроризм Таджикистаны, уымӕн йӕ сӕ­йраг аххосаг у цӕрджыты уӕззау ма­териалон уавӕр. Бирӕ азты дӕр­гъы дзы мидӕггагон хӕст кӕй цӕ­уы, дзӕвгар адӕм дзы куыстагур фӕ­са­рӕнтӕм кӕй лидзынц, уый фӕсти­уӕгӕн сӕ экономикӕ ныл­лӕууыд деградацийы фӕндагыл ӕмӕ сӕм скарз сты гуманитарон проблемӕтӕ. Ӕрмӕст мидӕггагон хӕсты дзы фӕмард сты 100 мин адӕймагӕй фылдӕр.

Германы слестгӕнджытӕ куыд сбӕлвырд кодтой, афтӕмӕй фӕс­таг дыууӕ азы сӕ бӕстӕмӕ таджи­кӕгтӕ бахызтысты Украинӕйæ  лигъ­дӕтты хуызы. Украинӕйы са­разынц мӕнг гӕххӕттытӕ ӕмӕ стӕй сӕрибарӕй ацӕуынц Ев­ропӕйы кӕцыфӕнды бӕстӕмӕ дӕр. Таджикистаны президент Эмо­мали Рахмон куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй фӕстаг цалдӕр азы та­джи­каг ӕмбӕстӕгтӕй цалдӕр ми­ны ӕбӕрӕг сӕфт фӕкодтой, иу ми­нӕй фылдӕр дзы фӕмардысты фӕса­рӕйнаг бӕстӕты хӕстон кон­фликтты, 4 минӕй фылдӕр ӕрыгон адӕ­ймаджы та барадхъахъхъӕнӕг органтӕ агурынц фыдракӕндтӕ саразыны тыххӕй. Фӕстаг цалдӕр азы барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ӕр­цах­стой ӕмӕ ахӕстонмӕ арвыс­той 500 фылдӕр динон кусӕ­джы, кӕцытӕ парахат кодтой экс­тремизм.

Таджикаг террористтӕ фыдра­кӕн­дтӕ ӕрмӕст фӕсарӕнты нӕ аразынц. Фӕстаг цалдӕр азы Та­джи­кистаны территорийыл сарӕз­той 86 теракты, 11 хатты та сын нӕ бантыст сӕ сау хъуыддаг бакӕнын.

Бынӕттон цӕрджыты цардуагон уавӕр дзы тынг мӕгуырау кӕй у, уы­цы хъуыддагӕй пайда кӕнынц тер­рористон организацитӕ. Таджи­кис­таны ныридӕгӕн ахуырады систе­мӕ ис тынг уӕззау уавӕры – Сове­тон Цӕдисы ныппырхы фӕстӕ сӕ къа­хыл нал слӕууыдысты. Уый фӕс­­ти­­уӕгӕн ӕхсӕнады рапарахат сты алыгъуызон кӕлӕн­гӕн­джы­тӕ, ша­мантӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дӕ­сны­фӕрсджытӕ. Ахӕм уа­вӕрты экстремистон пропагандӕ уа­йтагъд парахат кӕны фӕсивӕ­дыл, кӕцы­йы фылдӕр хай кӕсын ӕмӕ фыс­сын дæр  нӕ зонынц.

Таджикистаны разамынад ӕй ӕм­бары, сӕхи тыхтӕй сӕ проблемон фар­статӕ кӕй нӕ аскъуыддзаг кӕн­дзысты, уый, ӕмӕ бахатыдысты Уӕрӕсемӕ, цӕмӕй сӕ фарс­мӕ балӕууой. Ныры онг дӕр сын Уӕ­рӕсейӕ егъау ӕххуыс цыд ӕмӕ ныр сӕ ахастытӕ ноджы бан­гом­дӕр уыдзысты. Таджикистаны тер­роторийыл уӕвынад кӕны уӕ­рӕсе­­йаг 201-ӕм ӕфсӕддон базӕ, кӕцы ӕгас регионӕн дӕтты ста­билондзинад. Дыууӕ бӕстӕйӕн ис дзӕвгар иумӕйаг экономикон про­ект­тӕ, хайад фӕисынц алыгъуызон ан­титеррористон ахуырты. «Крокус Сити­ Холл»-ы ӕрцӕугӕ теракты фӕс­тӕ сӕ тыхтӕ баиу кодтой дыу­уӕ бӕстӕйы спецслужбӕты кус­джы­тӕ  дӕр. Уӕрӕсейаг специалист­тӕ ныццыдысты Таджикистан­мӕ ӕмӕ ӕххуыс кӕнынц таджикаг слестгӕнджытӕн террористты с­бӕл­вырд кӕныны хъуыддаджы.

Иуми­йагӕй сисгӕйӕ, ӕрмӕст Таджикистанмӕ нӕ хъӕуы хъус дарын, фӕлӕ ӕгас Астӕуккаг Ази­мӕ. АИШ-ӕн нӕ бантыст Уӕрӕсейы украинаг хӕстон архӕйдтыты басӕттын ӕмӕ ныр йӕ хъавд у Ас­тӕук­каг Азийы регионмӕ. Дзӕвгар ӕхцайы фӕрӕзтӕ хардз цӕуынц алыгъуызон радикалон организацитыл Казахстаны, Узбекистаны, Киргизийы, Туркменистаны, Таджикистаны. Сӕ нысан у бынӕттон цӕр­джытӕн Уӕрӕсейы ӕнӕуынон скæ­нын ӕмӕ дзы Украинӕйау хӕс­тон архӕйдтытӕ сцырен кӕнын. Уый  фӕстиуæгӕн  ӕхсӕнады ‘хсӕн та­уынц ӕнӕуынондзинад уӕрӕсе­йӕгтӕм, аразынц алыгъуызон про­вокацитӕ. Уымӕ гӕсгӕ ацы проб­ле­мӕйӕн цыбыр рӕс­тӕгмӕ ас­къуыддзаггӕнӕн нӕй.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.