«Ветеранты тыххæй» Республикæ Хус­сар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проектыл уынаффæ кодтой Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл парламентон ко­ми­теты   рабадты депутаттæ комитеты сæргъ­лæууæг Бибылты Ацæмæзы сæр­дари­уæгадæй.

Ра­бадты хайад райстой Фæллойы минис­трады разамонæг Гаглойты Олег, хъахъхъæнынады министр Марат Пав­лов, йæ хæдивæг Сиукъаты Вадим, Пар­ламенты Президенты минæвар Коцты Ге­орги, депутаттæ Санахъоты Давид æмæ Сланты Иван.

«Ветеранты тыххæй» закъоны про­ектыл цалдæр хатты уынаффæ кодтой де­пу­таттæ. Бибылты Ацæмæз банысан код­та, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны æдзу­хæй чи цæры, афтæмæй уæрæсейаг бар­хионты баиугæндтæм чи бацыд æмæ Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад чи исы, уыдон дæр иннæ хайадисджытау хъуамæ пайда кæной социалон æххуысы æппæт хуызтæй.

Ацы фарст аскъуыддзаг кæныны тых­хæй уæрæсейаг фарсимæ бакусын æмæ саразын хъæуы æмбæлон æх­сæн­хица­уадон сразыдзинæдтæ.

Уымæй дарддæр парламентаритæ уы­наф­фæ кодтой электроæмбонд (элек­трофыййау) саразыны тыххæй Зна­уыры районы арæнгæрон хъæуты цæр­джыты коллективон куырдиаты фæдыл.

Ацы фарсты тыххæй уынаффæйы хайад райста Знауыры районы администра­цийы сæргълæууæг Гобозты Алан дæр.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.