2023 АЗЫ  ÆНТЫСТЫТÆ

Дзæуджыхъæуы райдыдта Æппæтуæрæсейон проект «Мечтай со мной». Акци æххуыс кæны 3 азæй 17 азы онг æвæрæз æмæ сидзæр сабитæн сæ бæллицтæ сæххæст кæнынæн. Сывæллæттæ назбæласыл сауындзынц фыстæджытæ сæ бæллицтимæ. Уыцы бæллицтæй райсын æмæ сæххæст кæнын у цæрджытæй алкæйы бон дæр.

 

Цæгат Ирыстоны кадджын хæрзиуджытыл ма бафтыд иу – «Къостайы орден». Царды йæ рауагъта Иры Стыр Ныхас. Лæвæрд цæудзæн дыууæ азы иу хатт, зонады, культурæйы, аивады, литературæйы къабазмæ стыр бавæрæн чи бахаста, уыдонæн.

 

Туристтæ се ʻргом кæмæ здахынц, уыцы дæс фыдыбæстæйаг горæты номхыгъдмæ хаст æрцыдысты Дзæуджыхъæу, Калининград, Минвод, Махачкала, Хъазан, Новосибирск… Æрфарстмæ гæсгæ, номхыгъды фыццаг бынат бацахста Сочи, дыккаг бынатмæ рацыд Мæскуы, æртыккаг бынатмæ – Петербург. Цыппæрæм бынат радтой Дагъыстанæн, фæндзæм – Дзæуджыхъæуæн.

 

Апрелы мæйы Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом зындгонд режиссер æмæ актер Евгений Вахтанговы Хæдзар-музей «Путь домой», зæгъгæ, ахæм номимæ. Ныртæккæ музеймæ цæуынц æмæ дзы алыхуызон аивадон мадзæлттæ аразынц дунейы алы къуымтæй.

 

Кæлæддзаг хæдзæрттæй ног хæдзæрттæм рахызтысты 43 бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæ. Уый у иннæ азтæй бирæ фылдæр. Уымæн æмæ, æмгъуыдæй раздæр æнтыстджынæй ахицæн амынд программæ.

 

Республикæйы Национ хъуыддæгты фæдыл министрад куыд сбæрæг кодта, афтæмæй ирон æхсæнадтæ регистрацигонд сты Молдовæйы, Казахстаны, Гуырдзыстоны, Абхазы, Таджикистаны, Венгрийы, Францы, Германы, Канадæйы, Америчы, Турк æмæ æндæр рæтты. Уымæй уæлдай, Уæрæсейы субъектты регистрацигонд сты 37 ирон æхсæнады.

 

НОГ  АЗМÆ – НОГ ФÆНДТИМÆ

2024 азы Цæгат Ирыстон бæрæг кæндзæн Ирыстон Уæрæсеимæ баиуы 150 азы, Дзæуджыхъæуы сырæзты 140 азы æмæ автономон республикæйы сырæзты 100 азы бæрæгбæттæ.

 

Республикæйы Хицауады уынаффæмæ гæсгæ, ног азæй Цæгат Ирыстоны куыстхъом адæймагæн фæцæрыны æппынкъаддæры бæрц суыдзæн 15 мин 160 сомы, пенсиисæгæн – 11 мины 961 сомы, сывæллонæн – 13 мин 491 сомы.

 

«Гæмæх хохыл» арæзт цæуы, Ирыстоны нæ, фæлæ Цæгат Кавказы дæр æмбал кæмæн нæй, ахæм тематикон парк «Алани парк». Горæты æмвæзадæй 400 метры бæрзæндæн хохыл æвæрд парчы кæй аразынц, уыцы 41 метры дæргъæн афæлгæсæн цалх-аттракцион та рауад Уæрæсейы æппæты бæрзонддæр. «Алани-парк» у республикæйы æппæты стырдæр инвестицион проект. байгом уыдзæн февралы мæйы.

 

Беслæны, Цæгат Кавказы бирæкъабазджын медицинон центры раз тагъд райдайдзæн, йæ проект 710 милуан сомы аргъ кæмæн у, ахæм Медицинон реабилитацион центры арæзтад. Инвесторы хъуыдымæ гæсгæ, центры афæдзмæ баххуысгæнæн уыдзæн æхсæз мин адæймагæн. Кусæн бынæттæ та дзы фæзындзæн дыууæсæдæ адæймагæн.

 

Тагъд рæстæджы Дзæуджыхъæуы фæзындзæн Ирон æвзаджы центр. Ирон æвзаг ахуыр кæныны уæлæмхас курсытæй уæлдай дзы арæзт цæудзысты аивадон равдыстытæ, национ бæрæгбæттæ, тематикон фембæлдтытæ.

                                                         ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.