ФЕДЕРАЛОН  ПРОЕКТ – ЦАРДЫ

Рæхджы республикæйы кусын райдайдзæн федералон проект “Формирование комфортной городской среды”. Уыцы проекты Дзæуджыхъæу кæй архайы, уымæ гæсгæ фадат ис горæты территори  бафснайын æмæ реконструкци скæнынæн. Реконструкци кæнынмæ хаст æрцыдысты Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парк, Кировы номыл сывæллæтты парк, фысымуат “Владикавказ”-ы раз Терчы былгæрæттæ рацаразын… Æдæппæт фондз объекты. Уый тыххæй хъæлæс лæвæрдтой горæты цæрджытæ. Дзæуджыхъæуы æвзарæн къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хъæлæс кæныны архайдтой 130 минæй фылдæр адæймаджы æмæ сæ фылдæр хай, 52, 96 проценты, схъæлæс кодтой Хетæгкаты Къостайы номыл сæйраг парк рацаразыныл.

Сæйраг парк банывыл кæныны фæдыл куыстытæ райдайдзысты ацы аз.

Горæты уавæрты хæрзхъæддзинад иудадзыг нывыл кæныны хæс æвæрд кæуыл ис, уыцы проект баххæст кæныны фæндон бахаста Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Активон æмбæстагон зондахаст чи равдыста, хъæлæс кæныны чи архайдта, уыдонæн Дзæуджыхъæуы администрацийы разамынд бузныг зæгъынц.

 

СЫВÆЛЛÆТТЫ   ÆДАСДЗИНАДÆН

Сывæллæтты фæндагон фыдбылызтæй бахизыны фæдыл Мидхъуыддæгты министрад æрхъуыды кодтой диссаджы мадзал. Ныр республикæйы скъолатæ æмæ рæвдауæндæттыл ахуырадон программæимæ рæстæгæй-рæстæгмæ азилы Мидхъуыддæгты министрады Фæндагыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы цæугæ “Æдасдзинады лабаратори”. Фæндагыл цæуыны фæтк сывæллæттæн бацамоныны фæдыл машинæ – лабаратори ифтонг у велосипедтæ, самокаттæ, конустæ, плакаттæ æмæ бирæ алыгъуызон цæстуынгæ æрмæджытæй.

Инспекцийы кусджытæ сывæллæттæн фæамонынц, хихъахъхъæнæн уæлæдарæс скæнын раст куыд æмбæлы, фæндаджы сæрты хизгæйæ цырддзаст уæвын кæй хъæуы, цавæр уагæвæрдтæ æххæст кæнын хъæуы, æхсæвыгæтты рухс фæстæмæдæттæг хæйттимæ уæлæдарæсæй куыд пайда кæнын хъæуы æмæ бирæ æндæртæ.

Цæмæй сывæллæттæ уыцы амынддзинæдтæ сæ зæрдыл хуыздæр бадарой, уый тыххæй архайынц цæстуынгæ æрмæгæй. Фæндæгтыл цæуыны уагæвæрды тыххæй сын равдисынц чысыл инсценировкæтæ, саразынц сын викторинæтæ…

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.