Сæумæрайсом хуры тынтæ доны уылæнтыл сæхи асæрфтой æмæ цад ноджы фæирддæр, фæцæрдхуыздæр ис. Бон куыд тынг кодта, афтæ йæ йæ хъарм тынтæй тынгдæр тавта. Цыма бынтондæр змæлгæ нæ кæнынц, ахæм хуызы уыдысты доны хъазтæ æмæ сæм адæймаг кæсынæй не ‘фсæст. Сæ сæрмæ та цады тыгъдады цъыбарцъыбур кодтой тæхаг мæргътæ, куы-иу сæхи хæрдмæ систой, куы та зулаив тахтысты зæхмæ æввахс.

Ахæм диссаджы бынат йæхимæ æлвасы адæймаджы дæр æмæ йæм фæтагъд кæны сæрибар рæстæджы, сулæфы сыгъдæг уæлдæф æмæ зæрдæйы дзæбæхæн йæ фæллад суадзы. Фæтындзынц æм куыд æндæр æмæ æндæр кары æмбæстæгтæ, афтæ бинонтæ дæр иумæ. Æцæгдæр, æрвылбон дæр йæ лæггады хай бакæны, Къостайыхъæуæн хуссарварс цы цад ис, уырдæм йæ сæрибар рæстæг арвитынмæ чи фæтындзы, уыдонæн. Цæугæ та йæм кæнынц канд республикæйы алы рæттæй нæ, фæлæ ма уазджытæ дæр.

Ацы цад рагæй уæвынад кæны, фæлæ уæддæр иууыл уарзондæр сси 2017 азæй фæстæмæ. Уæд æй сæхимæ райстой Знауыры районы Тедеты хъæуы цæрджытæ фыд æмæ фырт Тедеты Вася æмæ Тамаз. Сæ къух сæ куыд амыдта, афтæ æрæвнæлдтой йæ фæхуыздæр кæнынмæ æмæ сын бантыст дзæвгар цыдæртæ саразын. Кæй зæгъын æй хъæуы, райдианы зын уыд йæ сæндидзын кæнын, фæлæ нæ фæтарстысты зындзинæдтæй æмæ цадæггай йæ хуыз ивта ацы бынат. Сæ хъæппæрисы фарс балæууыд республикæйы раздæры Президент Бибылты Анатоли дæр, феххуыс сын кодта æхцайы фæрæзтæй æмæ йæм абон куы акæсай, уæд дзы зæрдæ рухс кæны. Алцы дæр арæзтæуы уый тыххæй, цæмæй ардæм æрбацæуджытæ сæ сæрибар рæстæг æрвитой зæрдæйы фæндиаг. Æмбæстæгтæй иуты бафæнды, цæмæй улæфтбонты æнæхъæн суткæ баззайа ацы бынаты æмæ сын сæ фæндон сæххæст кæныны тыххæй ам аразын райдыдтой æхсæвиуатгæнæн бæс­тыхай. Уым ма мидæгæй хъæуы арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ бакæнын æмæ æввахс рæс­тæджы уыдзæн цæттæ. Фыццаг уæладзыджы уыдзæн, кæм басихор кæной, ахæм къæбиц, чи сæм цæуа, уыдоны размæ сæ сæйраджыдæр хæссын фæнды хæбизджынтæ, стæй дзыкка æмæ æндæр ирон хæринæгтæ. Уазал рæстæджы сæхи хъарм кæндзысты пецы фарсмæ, æвæрд дзы уыдзæн телевизор, хъусдзысты æмæ кæсдзысты ног хабæрттæм. Дыккаг уæладзыг та уыдзæн фысымуат æмæ дзы иурæстæджы бахсæвиуат кæндзысты 8 адæймаджы.

Тедеты бинонтæ ма дарынц тæрхъустæ, стæй доны хъазтæ, кæрчыты цалдæр хуызы æмæ æндæр мæргътæ. Уымæй уæлдай ма сæм ис къаннæг бæх-пони æмæ йыл ардæм æрбацæуджытæ фæцин кæнынц. Иуты бафæнды сæхи аифхæрсын, бабадынц ыл сывæллæттæ æмæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн фæрадугъ-бадугъ кæнынц, сисынц йемæ сæ къамтæ дæр. Фæнд ма кæнынц тренажерон фæзуат саразын æмæ уый дæр æввахс рæстæджы уыдзæн цæттæ. Ис сын къаннæг талахъомылгæнæндон дæр, рæзы дзы ахæм талатæ, куыд нæзы, бæрз, æхсæлы, акъаци æмæ æндæр ахæмтæ. Ахæм талатæ чи фæагуры, уыдон сæм фæзынынц æмæ дзы ахæссынц, ныссадзынц дзы сæ хæдзаргæрон зæххы фадгуыты, сæ кæртыты. Зæгъæм, æндæраз нæ горæты дыккаг астæуккаг скъола ардыгæй ахаста 60 талайы, ахастой дзы Арцеуы хъæуæй дæр.

Фæлæ уæддæр сæйраг дон у, уый хоны йæхимæ æрбацæуджыты æмæ йæм уæлдай хъусдард здæхт цæуы. Бирæтæ дзы сæхи фæнайынц, стæй къæйтыл сæхи хуры тынтæм фæтавынц. Сыгъдæг донæн йæ уæлдæф дæр хуыздæр вæййы, адæймаг дзы æхцонæн фæулæфы. Ис дзы донбæлæгътæ æмæ тынгдæр уыдонмæ чи цымыдис кæны, уый цады уæрæх тыгъдады фæтезгъо кæны. Ис дзы 7 хуызы кæсæгтæ æмæ сæ ахсын чи уарзы, уыдон сæ æнгуыртимæ фæбадынц йæ былыл. Бæрæг кæныны рæстæджы дзы уыд уазæг Дзæуджыхъæуæй, Ирон театры режиссер Джеллыты Хъазбег. Уый нæ театры æвæры ног спектакль, куыддæр ын фадат фæвæййы, афтæ рацæуы ардæм æмæ йæ фæллад суадзы. Раппæлыд мын йæ сыгъдæг уæлдæф æмæ нæ диссаджы æрдзæй.

Æризæр. Хуры зæлдаг тынтæ амбæхстысты фæсхох. Цады змæлд дæр фæсабыр, æрныуæрста йæхи æхсæвы тары. Фæлæ та сæумæрайсом ногæй æнхъæлмæ кæсдзæн йæ зонгæ æмæ æнæзонгæ уазджытæм.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.