19-æм июлы нæ горæты Театралон фæзуатæй Сау денджызы былмæ афæндараст сты Хуссар Ирыстоны иумиаг ахуырадон скъолаты ахуырдзауты иу къорд. Июлы райдианы уырдæм ацыдысты, 45 сывæллоны кæм цыд, уыцы фыццаг къорд, ныр та сæ баивдзысты дыккаг къорды ахуыргæнинæгтæ.

Улæфджыты номхыгъды сты сидзæр æмæ æххуысхъуаг бинонты сывæллæттæ, ахуыры хорз бæрæггæнæнтæ кæмæн ис, ахæм скъоладзаутæ, олимпиадæты уæлахиздзаутæ æмæ спортивон ерысты æнтыстытæ сæ къухты кæмæн бафтыд, ахæмтæ.

Ахуырады министрады, хъомылады хайады хистæр Джиоты Эльзæ куыд зæгъы, афтæмæй скъоладзауты номхыгъдтæ аразынц, республикæйы скъолаты директортæ, стæй министрад рахицæн кæны квотæтæ алы скъолайæн дæр, уый фæстæ уыдон сæхимидæг аскъуыддзаг кæнынц, кæй арвитой улæфынмæ, уый».

Хъырыммæ баулæфынмæ нæ республикæйы ахуырдзауты фæхуыдта не ‘мбæстаг Битеты Эльбрус. Уый къаддæр аргъыл бацархайдта сывæллæттæн уазæгдон ссарын. «Сакля горца»-йæ денджызы былмæ у 2 минуты цыд. “Сакля горца” ис Симферопольмæ хæстæг Песчаное-йы хъæуы. Уымæй дард-дæр ма Битеты Эльбрус бынаты йæ хъус дардзæнис улæфджытæм. Скъоладзаутæ æрвыст æрцы-дысты президентон фондæй.

«Фыццаг къорды цы сывæллæттæ ацыд, уыдон ныр фæстæмæ æрыздæхынц, ногæй чи ацæуа, уыдон дæр та æрцæрдзысты уазæгдон «Сакля горца»-йы 2 къуырийы æмгъуыдмæ. Сабитæн денджызы найынæй дарддæр арæзт æрцыд цымыдисон хиирхæфсæн нывæзт. Улæфджытæ сты, 10-15 азмæ кæуыл цæуы, ахæм кары скъоладзаутæ», – зæгъы Джиоты Эльзæ.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй сæрдыгон лагертæ байгом нæ республикæйæн йæхи мидæг дæр. «8-æм июлы Къуайсамæ улæфынмæ ацыд 60 сывæллоны.

Дыууæ къуырийы дæргъы уыдон архайдзысты алыгъуызон конкурсты æмæ хъæзтыты, экскурситы зонгæ кæндзысты комы фенддаг бынæттимæ, рагон лæгæттимæ. Уыдон куы æрыздæхой, уæд та ацæудзæнис дыккаг къорд. Къуайсайы лагерь ис скъолайы, улæфынц дзы ныр дыккаг аз.

Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет та 2017-19 азты паддзахадон нывæзты фæлгæтты сарæзта этнолагерь. Этнолагерь ис Дзауы районы Хъеуселтмæ хæстæг, турбазæ «Дзедо»-йы. Ардæм та абалц сты интеллектуалон хъазт «Брейн-рингы»-ы архайджытæ. Уыдон та сæ дыууæ къуырийы арвитдзысты ирондзинады тыгъдады мадæлон æвзагыл дзургæйæ æмæ фыдæлты бынæттимæ зонгæ кæнгæйæ.

Мадзалы нысан у ивгъуыдмæ кæстæр фæлтæры хъусдард аздахын, ирон культурæ æмæ традицитимæ сæ æввахсдæр базонгæ кæнын. Этнолагеры организатортæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæсивæдæн фадат уыдзæн сахуыр кæнын фат æмæ æрдынæй æхсын, уадындзыл цæгъдын, национ кæф-тытæ, стæй ма архайдзысты ирон къæбицы хæринæгты сусæгдзинæдтæ рафæлгъауыныл. Сараздзысты балцытæ æввахсдæр фенддаг бынæттæм дæр. Ам уыцыиу рæстæджы улæфы 25 адæймаджы.

Июлы райдианы, Хъеуселты турбазæ «Дзедо»-йы улæфыдысты уæрæсейаг туристтæ дæр. Уыдоныл стыр æхсызгондзинады тæлмæнтæ ныууагътой Леты æхсæр-дзæнтæ, Морехы дурæй дзуар æмæ Часавалы лæгæттæ.

Фарон та базæйы баулæфыдысты донецкаг сывæллæттæ.

Нæ горæты скъола-интернаты бындурыл дæр архайы сæрдыгон лагерь. Уым, сæйраджыдæр, сæ рæстæг æрвитынц, кæстæр кары скъоладзаутæ. Цæмæй ныййарджытæй кусгæ чи кæны, уыдон сабитæ æнæркастæй уынгты ма уой æмæ сæ рæстæг нысанмæздæх-тæй æрвитой, уый нысанæн арæзт æрцыд ацы сæрдыгон лагерь дæр. Ам дæр сывæллæттæ дыууæ къуырийы дæргъы архайдзысты алыгъуызон конкурсты. Арæзт сын æрцыд хиирхæфсæн, цымыдисон нывæзт.

Æввахс рæстæджы ма нæ республикæйы скъолаты ахуыргæнинæгты иу къорд афæндараст уыдзæнис æфсымæрон республикæ Абхазмæ. Уыдон та баулæфдзысты хæстон-патриотикон лагеры. Сентябры мæйы та сабиты иу къорд 25 ахуырдзауы скондæй, ацæудзæнис «Артек»мæ. Раздæрау ардæм æрвыст æрцæудзысты, ахуыры хуыздæр æнтыстытæ кæмæн уыд, уыдон æмæ олимпиадæты уæлахиздзаутæ, афтæ ма, спортивон æн-тыстытæ сæ къухы кæмæн бафтыдысты, ахæмтæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.