17 марты Уæрæсейы Федерацийы æрцæудзæн ахсджиаг политикон цау – æвзардзысты бæстæйы президент. Æмæ æвзæрстытæм цæттæ кæныны кампани ныридæгæн бацыд йæ тæмæны. Нæ республикæйы æмбæстæгтæн дæр сæ бирæ фылдæр Уæрæсейы æмбæстæгтæ кæй сты, уымæ гæсгæ ахæм æвзæрстыты кæддæриддæр райсынц активон хайад æмæ та ныры æвзæрстыты дæр хайад кæй райсдзысты, уый дызæрдыггаг ма хъуамæ уа.
11 январы нæ республикæйы Президент Гаглойты Алан цы рауæрæхгонд æмбырд ауагъта, уым дæр сæйраг уыдис ацы фарст. Уæрæсейы президентон æвзæрстыты фæдыл Хуссар Ирыстоны хъæлæс дæттыны кампанимæ бацæттæ кæнын æмæ йæ ауадзыны тыххæй сбæлвырд кодта бакæнинаг хæстæ.

Æмбырды райдианы паддзахады сæргълæууæг Ногазон арфæтæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодта, аивгъуыйгæ аз хуымæтæджы аз кæй нæ уыд, фæлæ нæ хицауад уæрæсейаг коллегæтимæ цы стыр куыст бакодта, уый руаджы бирæ проблемæтæ скъуыддзаг кæй æрцыдысты. «Чи цыфæнды ма дзура, уæддæр махæн нæ бон бацис секвестргонд фæрæзты фарст аскъуыддзаг кæнын. Уыдон уыдысты 284 милуан сомы æмæ фæстæмæ бацыдысты бюджетмæ. Иууыл сæйрагдæр та уыдис таможнæйы фиддонтæ фидыны проблемæ, кæцы афæдзы кæронмæ скъуыддзаг æрцыд», – загъта уый æмæ бузныг загъта, ацы куысты хайад чи иста, уыдонæн иууылдæр.

Дарддæр Президент рахызт сæйраг фарстмæ – Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстытæм бацæттæ кæныны тыххæй. Ацы процессы хайад чи хъуамæ райсой, уыцы ведомствотæн бахæс кодта, цæмæй райдайой æппæт организацион фарстытыл дæр кусын æмæ рæстæгыл хъусын кæной, цы проблемæтæ фæзына, уыдоны тыххæй æмæ оперативонæй скъуыддзаг цæуой.

Республикæйы тыхон структурæтæн хæсгонд æрцыд, цæмæй куыд æвзæрстытæм цæттæ кæныны, афтæ хъæлæс дæттыны бонты дæр сифтонг кæной æдасдзинад.

«Мах нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, иууыл уæззаудæр рæстæджытæ куы уыдис, уæд Владимир Владимиры фырт Путин кæй рахæцыд Хуссар Ирыстоны цæрджыты æвварс. Раст уыдзæн, афтæ куы зæгъæм, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны адæмтæн сæ уæлахизтæ, стабилондзинад æмæ сæ фидæны рæзт дæр баст кæй у Путинимæ. Уымæ гæсгæ мах хъуамæ саразæм æппæт уавæртæ дæр, цæмæй Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæй алкæмæн дæр фадат уа йæ равзæрст саразынæн», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг ма банысан кодта, зæгъгæ, абон ирон хæстонтæ сты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы æмæ æххæст кæнынц, Уæрæсейы Федерацийы гарзджын тыхтыл Сæйраг командæгæнæг кæй æрæвæрдта, уыцы хæстæ. Хуссар Ирыстоны адæм та, разамынады минæвæрттæй райдайгæйæ рæнхъон æмбæстæгтæм хъуамæ равдисой иууыл стырдæр бæрндзинад æмæ сæ хæсыл банымайой Владимир Путины æвварс рахæцын.

Хуссар Ирыстоны адæм ныхæстæ «Уæрæсе» æмæ «Путин» исынц куыд синонимтæ æмæ уый раст у, ныры вазыгджын дуджы.

«Мах хъуамæ рахæцæм, нæ абон æмæ нæ фидæн кæимæ бæттæм, уыцы адæймаджы æвварс. Нæ бон нæу æмæ Владимир Путинæн нæ цæст ма бауарза стыр уæлахиз ныры æвзæрстыты», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Уый ма фехъусын кодта, республикæйы кæй бацæттæ кæндзысты мадзал Владимир Путины æвварс рахæцыны тыххæй, куыддæр регистраци æрцæуа Уæрæсейы Президенты бынатмæ, куыд кандидат, афтæ.

Рауæрæхгонд æмбырды раныхас кодта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæвар Марат Кулахметов дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, 2024 аз уæрæсейаг адæмæн у тынг бæрнон политикон æгъдауæй, уый та баст у Уæрæсейы Президенты радон æвзæрстытимæ, кæцытæ уагъд цæудзысты вазыгджын æддагполитикон уавæры.

«Æппæт Ныгуылæн бæстæ фæлварынц Уæрæсейы уавæр фæвазыгджындæр кæнынмæ. Фæлæ бæстæйы разамынад аразы æппæт дæр, цæмæй мидæггагон уавæры дестабилизаци ма ‘руадза æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Ахæм ситуаци хынцгæйæ, мах хъуамæ активон хайад райсæм хъæлæс дæттыны», – загъта уый.

Марат Кулахметов ма банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны адæм Уæрæсейы Президенты æвзæрстыты рæстæджы кæддæриддæр æвдыстой активондзинад æмæ стыр бæрндзинад. Уый ма загъта, зæгъгæ, ныры æвзæрстытæ раздæры æвзæрстытæй хицæн кæнынц уымæй, æмæ цалдæр боны дæргъы уагъд кæй цæудзысты. Куыд фехъусын кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны территорийыл план цæуы 11 æвзарæн фадыджы бакæнын. 6 – Цхинвалы горæты æмæ 5 та – республикæйы цæрæн пунктты.

Йæ ныхæстæм гæсгæ æппæт фарстытыл дæр кусдзысты районты администрациты кусджытимæ æмæ, зæгъгæ, æмбæлон уавæртæ хъуамæ саразæм хъæлæс дæттынæн.

                БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.