Мыхуыр æмæ информацийы хæдзармæ фæхуыдтой РХИ-йы Таможнæйы управленийы сæргълæууæг Цоциты Алыксандры.

Уый официалон æгъдауæй фехъусын кодта «1-æм январы Зæрæмæджы таможнæйыл кæй систой авдпроцентон таможнæйон хъалон. Ныр нæ республикæмæ уæрæсейæ нефтепродукттæ, газ, хæлцад, арæзтадон æрмæджытæ æрласынæн экспортон фиддонтæ фидын нал хъæудзæн. Пластмасс æмæ уымæй конд дзаумæттæ, афтæ ма алюмин æмæ сау згъæртæ ацы барадон акты номхыгъдмæ нæма бахаудтой. Фæлæ уыдоныл дæр куыст цæуы æмæ февралы мæйы бæрæг уыдзæн сæ хъысмæт. Абон, ацы бадзырдмæ гæсгæ арæныл рахызт дæсгай уæзласæн машинæтæ», – загъта Таможнæйы управленийы сæргълæууæг.

Ахæм егъау æмæ нысанмæздæхт куыст дыууæ бæстæйы ‘хсæн базарадон режимы Сразы-дзинады гæххæт нæ къухы бафтыд РХИ-йы Президенты фæрцы. Ацы проблемæ арæныл сæвзæрд 30-æм октябры æмæ уæдæй нырмæ нæ республикæйы хицауад агуырдтой уавæрæй рахизыны мадзæлттæ. Ног азы размæ Хуссар Ирыстоны премьер-министр Джуссойты Константин фембæлд Уæрæсейы Федерацийы вице-премьер Александр Новак æмæ Экономикæйы райрæзты министры хæдивæг Дмитри Вольвачимæ. Уæрæсейы фарс ацы цау баста йæ мидæггагон базары æргътæ уæлæмæ ма суадзыныл архайдимæ. Таможнæйы ставкæтæ сæрмагондæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ арæзт не ‘рцыдысты. Абон дæр авдпроцентон фиддон ивд æрцыд æрмæстдæр Зæрæмæджы таможнæйыл. Фæлæ æрбаласæггæгты гуырахст фылдæр куы уа декларацийы нысангонд суммæйæ, уæд Уæрæсейы архайæг ставкæтæй пайдагонд æрцæудзæн.

Пресс-конференцийы рæстæджы Цоциты Александр дзырдта амалиуæггæнджыты фылдæр бæрц арæныл хизгæйæ сæ декларацитæ брокерты бæрны кæй бакæнынц, æмæ сын уыдон та хатгай кæй сызгъуыммæ кæнынц сæ гæххæттытæ. Уый тыххæй, дам, алы амалиуæггæнæг дæр хъуамæ сахуыр кæна йæ товарæн деклараци раст байдзаг кæныныл. Кæд æмæ искæмæ фарстатæ фæзына, уæд РХИ-йы таможнæйы кусджытæ кæдфæнды дæр цæттæ уыдзысты æххуысы къух фæдаргъ кæнынмæ.

Уымæй уæлдай ма Цоциты лæппу ныфс бавæрдта хæлцады аргъ кæй фæкъаддæр уыдзæн.

Ног азмæ хорз лæвар

«Æхсызгон мын у нæ республикæйы таможнæйон управлени ног техникæ кæй райста, уыцы хабар. Ныр кусджыты материалон-техникон уавæртæ бæрæг фæхуыздæр уыдзысты. Таможнæйы кусджытæн фадат уыдзæн оперативонæй сæ хæстæ хуыздæр æххæст кæнынæн, товарты æдасдзинады нормæтæ хъахъхъæнынæн. Ацы нырыккон материалон-техникон фæрæзты руаджы ахиздзыстæм ног программæтæм. 20 азы бæрц архайдтам зæронд компьютертыл æмæ нын уый нæ куысты гъæд къуылымпы кодта. Нæ техникон-материалон базæ фæхъæздыг кæнынæн нын баххуыс кодта УФ Сæйраг таможнæйон управлени 2023 азы цы бадзырд арæзт æрцыд, уый фæлгæтты»

Цоциты Алыксандр ма банысан кодта УФ ‘рдыгæй сын уый фыццаг æххуыс кæй нæу. Ахæм æнгæс æххуыстæ уыдон райстой раззаг азты дæр. Уымæй дарддæр ма сын баххуыс кæнынц таможнæйы сæрмагонд формæйæ дæр.

Таможнæйы управленийы сæргълæууæгмæ журналисттæ радтой ахæм фарст дæр, Зæрæмæджы таможнæйыл хизгæйæ æрæджы цы стыр уæзласæн машинæ æрурæдтой, 25 мин литры этилон спиртимæ, уый фæдыл æмæ йæм бахатыдысты цæмæй бæстондæр радзура, уыцы цауы тыххæй.

Цоцийы фырт куыд загъта, афтæмæй: «Ацы цау æрцыд 2023 азы. Уый тыххæй æз дæр информаци бафарстон социалон хызæгты. Ахæм инцидент ма уыд 2022 азы дæр. Гъеуæд дæр иу амалиуæггæнæг Хуссар Ирыстонмæ æрбаласта этилон спирт, уымæй сарæзтой дзы формацевтикон субстанци æмæ йæ уый фæстæ фæстæмæ арвыстой Уæрæсейы Федерацимæ. Уæрæсейы Федералон таможнæйы службæгæнджытæ уæд сарæзтой экспертизæ æмæ рабæрæг спирт стандарты нормæтæн дзуапп кæй нæ дæтты. Ацы хъуыддаг лæвæрд æрцыд тæрхондонмæ æмæ УФ-йы ФТС рамбылдта процесс. Ацы инцидент у æргом  контрабанда, зæгъгæ, дзурын раджы у. Тæрхондоны фæстæ йыл уыдзæн дзурæн. Ныртæккæ уыцы машинæ лæвæрд æрцыд АО «Росспиртпером»-мæ. Махмæ æндæр ницы зонæнтæ ис. Фæлæ нæ комитет фæнд кæны официалон хъусинаг саразын. Куыддæр нæ къухтæм бæлвырд информаци æрбахауа, афтæ уын æй фехъусын кæндзыстæм», загъта таможнæйы управленийы сæргълæууæг.

 УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.