Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры 17-æм январы æвдыст æрцыд Александр Пушкины драмон уацмысмæ гæсгæ æвæрд спектакл «Борис Годунов». Йе вæрæг режиссер у Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны, стæй Цæцæны республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг, театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан. Уацмыс ирон æвзагмæ раивта зынгæ ирон поэт Гобозты Валери.

Спектаклы театры артисттæй дарддæр архайдтой нæ университеты театралон факультеты студенттæ дæр. Сæйраг ролтæ æххæст кодтой Хуссар Ирыстоны адæмон æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Гаглойты Артур, Хуссар Ирыстоны адæмон артист Бибылты Сослан,  æвзонг артист Уалыты Георги æмæ æндæртæ.

Дарæсыл бакуыста зынгæ ирон дизайнер Бекъойты Хох æмæ дзы  ирдæй разынд, архайд цы дуджы цæуы, уый.

Сценæйы рæсугъд æмæ ивгæ фæлындзыд ноджы хуыздæр фидауын кодтой рухсытæ. Ацы куыстытæ та бакодтой Мæскуыйæ æрхонгæ специалисттæ Юри Харикаев æмæ Евгений Виноградов.

Цы кæфтытæ дзы æххæст цæуынц, уыдоны æвæрæг та у Челæхсаты Георги.

Ацы аз Александр Сергейы фырт Пушкинæн юбилейон аз кæй у, уый цытæн Уæрæсейы Культурæйы министрад бахатыд Хуссар Ирыстоны культурæйы министрадмæ, цæмæй А.Пушкины драмон уацмыс «Борис Годунов» æвæрд æрцæуа ирон театры сценæйыл. Хуымæтæг аскъуыддзагкæнинаг фарст нæ уыдис, фæлæ æппæт зындзинæдтæ сæрты хизгæйæ фарст скъуыддзаг æрцыдис æмæ куыд сæ иутæ, афтæ иннæтæ дæр баззадысты райгондæй.

Спектаклæй адæм райгонд, сæрыстæр æмæ цины æнкъарæнтимæ кæй здæхтысты, уый алы сценамæкæсæджы цæстæнгасæй дæр уыд бæрæг. Уыдонæй сæ иу, Хъæцмæзты Мадинæ банысан кодта «куыд арæх, афтæ та ныр дæр хæдзармæ здæхын æхцондзинад æмæ сæрæстырдзинады æнкъарæнтимæ. Иуæй цин кæнын нæ артистты рæсугъд æмæ аив хъазтыл, аннæмæй та ме студент лæппу Зассеты Сослан дæр  се ‘хсæн кæй архайдта, ууыл».

Зæгъын ма мæ фæнды уый тыххæй æмæ спектаклмæ кæй æрбацыд цъус адæм. Æвæццæгæн, хъуыд йæ рекламæ кæныныл бацархайын.

                                                                                               ГÆЗЗАТЫ Иван 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.