7-æм мартъийы, Сылгоймæгты дунеон боны хæдразмæ, Колыты  Аксойы номыл Аивæдты паддзахадон лицейы ирон æвзаг æмæ литературæйы æвæллайгæ ахуыргæнæг, РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ Германы чызг сарæзта бæрæгбонон мадзал.

Актон зал уыд бæрæгбонвæлыст, хъуыстысты дзы ирон музыкæйы æхцон зæлтæ. Уырдæм æрбамбырд бирæ адæм – лицейы ахуыргæнджытæ сæ директор Плиты Риммæйы сæргълæудæй, Ахуырад æмæ зонады министрады, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты минæвæрттæ, раздæры рауагъдонтæ æмæ æндæр уазджытæ.

Гæбæраты Фатимæ райдианы цыбыртæй радзырдта Сылгоймæгты дунеон боны сæвзæрды историйы тыххæй. Бакаст ХИПУ-йы ирон литературæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг, поэт Плиты Сергойы æмдзæвгæ.

Уый фæстæ сценæмæ рахызтысты 2-æм къласы ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнæг Цгъойты Аринæйы сæргълæудæй. Сабитæ бакастысты æмдзæвгæтæ, сæххæст кодтой мадыл фыст зарæг. Фæндырыл сын цагъта сæ ахуыргæнæг, алывæрсыг курдиаты хицау Цгъойты чызг йæхæдæг.

5-æм къласы лæппутæ дæр бакастысты сылгоймагыл фыст æмдзæгæтæ. Аивæдты лицейæн йæ ном йæ уæлæ ис, ахуыр сæ кæнынц зарын, кафын, музыкалон инструменттыл цæгъдын. Чызджытæ балалайкæйыл сæххæст кодтой ирон мелодитæ, Мамиты Марик ацагъта фæндырыл, 3-æм къласы ахуырдзау Бестауты Валерия азарыд «Чысыл пони». Уанеты Валерия та тынг хорз бакаст Галуанты Людмилæйы фыст æмдзæвгæ «Ирон чызджы монолог».

«Иу хатт мæ ахуыргæнинæгтæн ныффыссын кодтон уацмыс «Чи дæн æз», зæгъгæ, ахæм сæримæ. Чызджытæй иу æй ныффыста æмдзæвгæйы формæйы æмæ мын абоны онг дæр æфснайд у. Уымæн йæ ныхыл фыст у йæ музыкалон курдиат. Абон махимæ нысан кæны бæрæгбон. Мæ раздæр ахуыргæнинаджы кой кæнын Икъаты Миленæйы», – загъта Гæбæраты Фатимæ.

Икъаты курдиатджын чызг зæрдæбын арфæтæ ракодта йæ раздæры ахуыргæнджытæн, æппæт залы уæвæг сылгоймæгтæн. Уый фæстæ сæххæст кодта цалдæр зарæджы. Икъаты Владимиры æмдзæвгæ «Царды фæндаг»-æн музыкæ ныффыста поэты чызг Мадинæ æмæ йæ æххæст та скодта Икъаты Миленæ.

Лицейы ахуыргæнæг Тедеты Сослан дæр зæрдæбын арфæтæ ракодта йæ коллективы, æмткæй Ирыстоны сылгоймæгтæн.

Раарфæ ма сын кодта поэт Плиты Серго. «Знон уыдтæн 1-æм астуæккаг скъолайы Джусойты Нафийы мысæн изæры æмæ мыл ныууагъта стыр тæлмæнтæ. Сывæллæттæ афтæ зæрдæмæхъаргæйæ кастысты Нафийы «Фыдæлты туг»-æй скъуыддзæгтæ æмæ мæ цæссыгтæ дæр ма æркалдысты. Абон та диссаджы ма­дзал сорганизаци кодта лицейы коллектив. Стыр бузныг уын», – загъта Плиты Серго.

Гуыззыдтаты Этерийæн ацы уагдоны ахуыр кæнынц йæ авд хъæбулы хъæбулы æмæ стыр райгонд у сæ ахуыр­гæнджытæй. «20 азы цæуын ацы лицеймæ. Нырма дзы ахуыр кодтой мæ хъæбултæ æмæ абон та – мæ хъæбулы хъæбултæ. Ахуыргæнæгæн бирæ фыдæбон ис æмæ сын хъуамæ иууылдæр кад кæнæм. Æнувыд ахуыргæнджыты къухты сты нæ сывæллæттæ æмæ сын зæгъын стыр бузныг. Арфæ уын кæнын Сылгоймæгты дунеон бæрæгбоны цытæн», – загъта уый.

Лицейы директор Плиты Риммæ та загъта: «Æз сæрыстыр дæн коллективæй, тынг æнгом стæм. Мах нæ хъомылгæнинæгты ахуыр кæнæм Фыдыбæстæ уарзыныл, патриотизмыл æмæ нын æнтысгæ дæр кæны. Арфæ кæнын алкæмæндæр, уæлдай бузныг зæгъын нæ бæрæгбон нын чи барæсугъд кодта, уыцы уазджытæн», – загъта аивæдты лицейы директор.

Алкæй зæрдæ дæр барухс, иууылдæр – уазæгæй, хионæй райгонд уыдысты æвæрццаг атмосферæйæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.